Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’фхӕрджытӕн алы хатт дзуапп цӕуылнӕ фӕдӕттынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’фхӕрджытӕн алы хатт дзуапп цӕуылнӕ фӕдӕттынц?

 Библийы фыст ис, чи дӕ ӕфхӕры ӕмӕ дыл чи худы, уыдонӕн алы хатт кӕй нӕ хъӕуы дзуапп дӕттын, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, Библийы ис ахӕм ӕмбисонд: «Иннӕтыл чи худы, ахӕмӕн зонд чи амоны, уый йӕхи ӕгад кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 9:7, 8; 26:4). Мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕй фӕкӕнынц, ууыл ӕгӕр нӕ фӕмӕт кӕнӕм ӕмӕ никӕимӕ фӕбыцӕу кӕнӕм. Махӕн сӕйраг у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын (Псалом 119:69).

 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Екклесиаст 3:7). Рӕстдзинад ссарын кӕй фӕнды, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы фарстатӕн дзуапп алкӕддӕр раттӕм, фӕлӕ ӕнӕпайда быцӕутӕй нӕхи хизӕм. Афтӕмӕй архайӕм, Йесо ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цы амыдтой, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ, уыдон куыд кодтой, афтӕ кӕнӕм.

  •   Йесо ӕппындӕр ницы сдзырдта, Пилаты раз ӕй куы аххосджын кодтой, уӕд (Матфейы 27:11–14; 1 Петры 2:21–23). Уӕдӕ йӕ нозтуарзаг ӕмӕ гуыбындзӕл куы схуыдтой, уӕд дӕр йе ’фхӕрджытӕн ницы загъта. Йесойӕн йӕ бӕсты дзырдтой йӕ хъуыддӕгтӕ. Уый архайдта мӕнӕ ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ: «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй» (Матфейы 11:19). Фӕлӕ-иу куы хъуыди, уӕд-иу фидарӕй дзуапп радта, мӕнг ныхӕстӕ-иу дзы чи кодта, уыдонӕн (Матфейы 15:1–3; Марчы 3:22–30).

     Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй-иу искӕй мӕнг ныхӕсты тыххӕй сӕ ныфс ма асастаид. Загъта сын: «Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ уыл алы ӕвзӕртӕ куы мысой» (Матфейы 5:11, 12). Фӕлӕ ма сын загъта, ахӕм уавӕры-иу сын хорз хабар фехъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзына, уӕд-иу сын кӕй баххуыс кӕндзӕн: «Ӕз [уын] ахӕм ӕвзаг ӕмӕ ахӕм зонд ратдзынӕн, ӕмӕ, уе знӕгтӕ иууылдӕр куы баиу уой, уӕддӕр сӕ бон нӕ бауыдзӕн уӕ ныхмӕ фӕлӕууын кӕнӕ уӕ ныхмӕ исты зӕгъын» (Лукайы 21:12–15).

  •   Апостол Павел чырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй-иу сӕ ныхмӕдзӕуджытимӕ ма быцӕу кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ, дам, уыцы быцӕутӕ сты «ӕнӕпайда, дзӕгъӕлы» (Титмӕ 3:9; Ромӕгтӕм 16:17, 18).

  •   Апостол Петр чырыстӕттӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, сӕ уырнындзинады сӕрыл дзырдтаиккой (1 Петры 3:15). Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрста, арӕх нӕ хъуыддӕгты нӕ ныхӕстӕй стырдӕр тых кӕй вӕййы. Петр ныффыста: «Хуыцауы уый фӕнды, цӕмӕй-иу уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон скӕнат ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн» (1 Петры 2:12–15).