Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ туг бауадзыныл цӕуылнӕ разы кӕнынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ туг бауадзыныл цӕуылнӕ разы кӕнынц?

Бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц

 Рӕдыд хъуыды: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дохтыртыл ӕмӕ хос кӕныны мадзӕлттыл не ’ууӕндынц.

 Ӕцӕгӕй та куыд у: Мах фӕнды, цӕмӕй нӕхи ӕмӕ нӕ бинонты дзӕбӕх кӕнӕм ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй. Рынчын куы вӕййӕм, уӕд ацӕуӕм, хос ӕмӕ операцитӕ ӕнӕ тугӕй чи кӕны, ахӕм фӕлтӕрдджын дохтыртӕм. Стӕй нын ӕхсызгон у, медицинӕ размӕ кӕй ацыд. Дохтыртӕ ӕнӕ тугӕй хос кӕнын райдыдтой, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дзӕбӕх кодтаиккой, фӕлӕ ныр уыцы мадзалӕй дзӕбӕх кӕнынц иннӕты дӕр. Бирӕ бӕстӕты рынчынӕн йӕ бон у, ӕмӕ туг уадзыныл ма сразы уа, уымӕн ӕмӕ тӕссаг вӕййы, туджы уылты хӕцгӕ низӕй куы фӕрынчын уа, уыцы туг йӕ буар куы нӕ айса кӕнӕ йын ӕй раст куы нӕ бауадзой, уымӕй.

 Рӕдыд хъуыды: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, низтӕй сӕ уырнындзинады фӕрцы кӕй сдзӕбӕх уыдзысты.

 Ӕцӕгӕй та куыд у: Уырнындзинады фӕрцы нӕ дзӕбӕх кӕнӕм.

 Рӕдыд хъуыды: Ӕнӕ тугӕй хос кӕнын тынг зынаргъ у.

 Ӕцӕгӕй та куыд у: Кӕд ӕнӕ тугӕй хос кӕныны мадзӕлттӕ зынаргъдӕр сты, уӕддӕр ӕнӕниздзинадӕн хуыздӕр сты a.

 Рӕдыд хъуыды: Алы аз дӕр бирӕ Ӕвдисӕнтӕ, уыимӕ сывӕллӕттӕ дӕр, амӕлынц, туг бауадзыныл кӕй не ’сразы вӕййынц, уый тыххӕй.

 Ӕцӕгӕй та куыд у: Ацы хъуыды раст нӕу. Дохтыртӕ арӕх ӕнӕ тугӕй фӕкӕнынц алыхуызон уӕззау операцитӕ зӕрдӕйыл, стджытӕ ӕмӕ нуӕрттыл, стӕй ма ӕнӕ тугӕй фӕкӕнынц хуылфыдзаумӕтты трансплантаци дӕр b. Ӕнӕ тугӕй кӕй дзӕбӕх кодтой, уыцы рынчынтӕ, уыимӕ сывӕллӕттӕ дӕр, тугыл чи сразы ис, уыдонӕй тагъддӕр адзӕбӕх вӕййынц c. Куыдфӕнды ма уа, фидарӕй никӕй бон у зӕгъын, ӕмӕ адӕймаг туг куы нӕ бауадза, уӕд амӕлдзӕн кӕнӕ туг куы бауадза, уӕд цӕрдзӕн.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхицӕн туг цӕуылнӕ уадзынц?

 Уый у сӕ динимӕ баст фарста, медицинӕимӕ нӕ, фӕлӕ. Библи нӕ комкоммӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, тугӕй уӕхи хизут (Райдиан 9:4; Левит 17:10; Дыккаг закъон 12:23; Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау зӕгъы, цард туджы мидӕг кӕй ис (Левит 17:14). Уымӕ гӕсгӕ нӕхи тугӕй хизӕм, Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма йӕ Царддӕттӕгыл кӕй нымайӕм, уый тыххӕй дӕр.

Сӕ хъуыды аивта

Ӕнӕ тугӕй ис уӕззау операцитӕ кӕнӕн дӕр

 Раздӕр дохтыртӕн сӕ фылдӕр афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ тугӕй хос кӕныныл чи нӕ разы кӕны, уыдон сӕ цард тӕссаг уавӕры кӕй ӕппарынц ӕмӕ уый тынг ӕнӕзонд ми кӕй у. Фӕлӕ фӕстаг азты бирӕтӕн сӕ хъуыды фӕивта. Зӕгъӕм, 2004 азы иу медицинон журналы фыст уыди: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй медицинӕйы цы ног мадзӕлттӕ фӕзынд, уыдонӕй бирӕтӕй тагъд пайда кӕндзысты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдоны дзӕбӕх кӕнгӕйӕ дӕр» d. 2010 азы уагъд журналы та фыст уыди, зӕгъгӕ, «операци кӕнгӕйӕ дохтыртӕ ӕнӕ тугӕй хос кӕныны мадзӕлттӕй хъуамӕ пайда кӕной, Й[егъовӕйы] Ӕ[вдисӕнты] куы фӕдзӕбӕх кӕнынц, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ ӕнӕуи дӕр» (Heart, Lung and Circulation).

 Ӕгас дунейы дӕр мингай дохтыртӕ операци кӕнгӕйӕ фӕархайынц, цӕмӕй рынчын къаддӕр туг фесафа ӕмӕ йын туг уадзын ма бахъӕуа. Суанг мӕгуыр бӕстӕты дӕр дохтыртӕ пайда кӕнынц ахӕм мадзӕлттӕй, ӕмӕ сыл разы кӕнынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи не сты, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ.

a Кӕс «Transfusion and Apheresis Science», 33 том, № 3, 349 ф.

b Кӕс «The Journal of Thoracic and Cardiovascular Surgery», 134 том, № 2, 287, 288 фф.; «Texas Heart Institute Journal», 38 том, № 5, 563 ф.; «Basics of Blood Management», 2 ф.; ӕмӕ «Continuing Education in Anaesthesia», «Critical Care & Pain», 4 том, № 2, 39 ф.

c Кӕс «The Journal of Thoracic and Cardiovascular Surgery», 89 том, № 6, 918 ф.; ӕмӕ «Heart, Lung and Circulation», 19 том, 658 ф.

d «Continuing Education in Anaesthesia, Critical Care & Pain», 4 том, № 2, 39 ф.