Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ИНДОНЕЗИ

Нӕ диныл нӕ къух никуы систам

Даньел Локолло

Нӕ диныл нӕ къух никуы систам
  • РАЙГУЫРД: 1965 аз.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1986 аз.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: сӕрмагонд пионер, фидар фӕлӕууыд фӕлварӕнты рӕстӕг.

1989 азы 14 апрелы сакъадах Флоресыл горӕт Маумерейы ӕмбырд куы уагътон, уӕд нӕм пъӕлицӕйы кусджытӕ фӕмидӕг сты ӕмӕ мӕн, стӕй ма ноджыдӕр ӕртӕ ӕфсымӕры ӕрцахстой.

Ахӕстоны хъахъхъӕнджытӕ нӕ тырысайӕн табу кӕнын кодтой. Ӕмӕ куы нӕ бакуымдтам, уӕд ныл къахӕй-къухӕй балӕууыдысты ӕмӕ нӕ фондз боны судзгӕ хуры бын фӕлӕууын кодтой. Ӕхсӕвыгон та-иу къуындӕг камерӕты чъизийӕ, нӕ цӕфтӕй хъӕрзгӕйӕ, хъӕбӕр цемент пъолыл фыруазалӕй зыр-зыр кодтам. Ахӕстоны хицау-иу нын дзырдта, цӕмӕй нӕ диныл нӕ къух систаиккам, фӕлӕ-иу ын мах фидарӕй загътам: «Маргӕ нӕ куы акӕнат, уӕддӕр тырысайӕн нӕ табу кӕндзыстӕм». Махӕй раздӕр цы бирӕ чырыстӕттӕ цард, уыдонау мах дӕр «рӕстдзинады тыххӕй хъизӕмар кӕнын» нӕхицӕн кадыл нымадтам (1 Пет. 3:14).