Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 ФАРСТА

Эволюцийыл ӕууӕндӕн ис?

Эволюцийыл ӕууӕндӕн ис?

УЫЙ ЗОНЫН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

Эволюци ӕцӕг хабар куы уаид, уӕд нӕ цард дзӕгъӕлы уаид. Кӕд алцыдӕр Хуыцау скодта, уӕд та нӕ бон у ссарын дзуаппытӕ ахсджиаг фарстатӕн цард ӕмӕ фидӕны тыххӕй.

ДЫ КУЫД БАКӔНИС?

Дӕ цӕстытыл-ма ахӕм хабар ауайын кӕн. Алекс хъуыды кодта, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста. Фӕлӕ биологийы ахуыргӕнӕг эволюцийы тыххӕй фидарӕй дзырдта, зӕгъгӕ, дам, ахуыргӕндтӕн сӕ бон у уый фӕдыл бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын. Ӕмӕ Алекс схӕццӕ. Нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ӕдылыйыл банымайой. Йӕхицӕн дзуры: «Кӕд ахуыргӕндтӕ афтӕ зӕгъынц, ӕмӕ эволюци ӕцӕг хабар у, уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ сӕ ныхмӕ дзурон?»

Алексы бынаты куы уаис, уӕд эволюцийыл ӕрмӕст уый тыххӕй баууӕндис, ӕмӕ чингуыты фыссынц афтӕ?

ӔРЛӔУУ ӔМӔ АХЪУЫДЫ КӔН!

Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, цӕуыл ӕууӕндынц, уый, фӕлӕ йыл цӕмӕн ӕууӕндынц, уый бамбарын кӕнын та сӕ бон нӕ вӕййы.

  • Иуӕй-иутӕ Хуыцауыл уымӕн ӕууӕндынц, ӕмӕ сӕ аргъуаны афтӕ ахуыр кодтой.

  • Иуӕй-иутӕ эволюцийыл уымӕн ӕууӕндынц, ӕмӕ сӕ скъолайы афтӕ ахуыр кодтой.

ӔХСӔЗ ФАРСТАЙЫ

Библийы фыст ис: «Алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзуттӕгтӕм 3:4). Цымӕ ацы ныхӕстыл ӕууӕндӕн ис?

Хӕдзарӕй исчи афтӕ зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕхадӕг фӕзынд? Уӕд куыд ис зӕгъӕн, ӕмӕ цард йӕхигъӕдӕй фӕзынд?

АДӔМ ЗӔГЪЫНЦ: космосы уыди стыр срӕмыгъд, ӕмӕ алцыдӕр уый фӕрцы фӕзынд.

1. Уыцы хабар кӕй кӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцыд?

2. Растдӕр дӕм цы кӕсы? Алцыдӕр йӕхигъӕдӕй кӕй фӕзынд ӕви алцыдӕр чидӕр кӕй скодта?

АДӔМ ЗӔГЪЫНЦ: адӕм цӕрӕгойтӕй равзӕрдысты.

3. Кӕд адӕм цӕрӕгойтӕй равзӕрдысты, зӕгъӕм, маймулитӕй, уӕд адӕймаджы зонд маймулийы зондӕй афтӕ тынг цӕмӕн хицӕн кӕны?

4. Ӕппӕты хуымӕтӕгдӕр кълеткӕтӕ афтӕ зын арӕзт цӕмӕн сты?

АДӔМ ЗӔГЪЫНЦ: эволюцийӕн ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ.

5. Афтӕ чи хъуыды кӕны, уый уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ йӕхӕдӕг раиртӕста?

6. Иуӕй-иутӕ эволюцийыл уымӕн баууӕндыдысты, ӕмӕ сын чидӕр загъта, зондджын адӕм иууылдӕр эволюцийыл ӕууӕндынц, зӕгъгӕ. Дӕумӕ гӕсгӕ, ахӕмтӕ цас сты?

«Хъӕды исты рӕсугъд хӕдзар куы фенай, уӕд афтӕ ахъуыды кӕндзынӕ: „Диссӕгтӕ! Бӕлӕстӕ иу ранмӕ ӕркалдысты, ӕмӕ дзы рӕсугъд хӕдзар рауад“? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уымӕн гӕнӕн нӕй. Уӕдӕ уӕд ууыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм, ӕмӕ алцыдӕр йӕхигъӕдӕй фӕзынд?» (Джулия).

«Зӕгъӕм, чидӕр дын загъта, зӕгъгӕ, типографийы цыдӕр ныггуыпп кодта, ӕмӕ краскӕ къултыл ӕмӕ царыл ныппырх ис, ӕмӕ дзы фӕзынди, ӕнӕхъӕн энциклопедийы чи бацыдаид, ахӕм текст. Уыцы ныхӕстыл баууӕндис?» (Гвен).

ХУЫЦАУЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ӔУУӔНДАЙ?

Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «арф хъуыды кӕнӕм» (Ромӕгтӕм 12:1). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауыл ӕрмӕст уый тыххӕй хъуамӕ ма ӕууӕндай...

  • ӔМӔ ДӔМ ӔНӔУИ АФТӔ КӔСЫ (Цӕмӕндӕр мӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ кӕмдӕр цыдӕр ис)

  • ӔМӔ ИННӔТӔ АФТӔ ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ (Мӕ алыварс цӕрӕг адӕм иууылдӕр Хуыцауыл ӕууӕндынц)

  • ӔМӔ ДӔ АФТӔ СХЪОМЫЛ КОДТОЙ (Мӕ ныййарджытӕ ӕууӕндыдысты Хуыцауыл, ӕмӕ мӕнӕн дӕр ӕндӕр гӕнӕн нал уыд)

Цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн дын хъуамӕ уа бӕлвырдгӕнӕнтӕ.

«Урочы нын ахуыргӕнӕг куы фембарын кӕны, нӕ буар куыд конд у, уӕд ноджы тынгдӕр баууӕндын, Хуыцау кӕй ис, ууыл. Алы оргӕн дӕр, суанг тӕккӕ гыццыл дӕр, йӕхи куыст кӕны, ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ фӕкӕнӕм, афтӕмӕй. Адӕймаг ӕцӕгдӕр диссаджы конд у!» (Терезӕ).

«Тынг стыр хӕдзар, стыр корабль кӕнӕ ӕнӕуи машинӕ куы фенын, уӕд фӕзӕгъын: „Чи сӕ сарӕзта?“ Зӕгъӕм, машинӕ хъуамӕ зондджын адӕймаг скодтаид, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ гыццыл хӕйттӕ иууылдӕр кӕрӕдзийыл баст сты, ӕмӕ уый фӕрцы машинӕ кусы. Ӕмӕ кӕд машинӕйӕн саразӕг хъуыди, уӕд адӕймаджы дӕр хъуамӕ чидӕр скодтаид» (Ричард).

«Наукӕ цас арфдӕр иртӕстон, уыйас хуыздӕр ӕмбӕрстон, эволюци аргъау кӕй у. [...] Мӕнмӕ гӕсгӕ, Хуыцауыл нӕ, фӕлӕ эволюцийыл баууӕндынӕн фылдӕр уырнындзинад хъӕуы» (Энтони).

АХЪУЫДЫ КӔН

Ахуыргӕндтӕ дӕсгай азты дӕргъы эволюцийы фӕдыл цыдӕртӕ иртасынц, фӕлӕ иу хъуыдымӕ нӕма ӕрцыдысты. Кӕд ахуыргӕндтӕн – хабӕрттӕ хуыздӕр чи хъуамӕ зона, уыдонӕн – эволюцийы фӕдыл иу хъуыды нӕй, уӕд сын сӕ ныхӕстыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндай?