Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 ФАРСТА

Цавӕр адӕймаг дӕн?

Цавӕр адӕймаг дӕн?

УЫЙ ЗОНЫН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

Дӕхи хъуыды дын куы уа, уӕд дӕ бон уыдзӕн зондджын уынаффӕтӕ хӕссын, ӕмӕ кӕйдӕр зондыл нӕ ацӕудзынӕ.

ДЫ КУЫД БАКӔНИС?

Дӕ цӕстытыл-ма ахӕм хабар ауайын кӕн. Иу ӕрыгон чызг, Каринӕ, зӕгъгӕ, бадтмӕ ӕрбацыд. Дӕс минуты дӕр нӕ рацыд, афтӕ фӕстӕрдыгӕй фехъуыста зонгӕ хъӕлӕс:

– Ам цы лӕууыс?

Каринӕ разылд ӕмӕ уыны йе ’мбалы, Джессикӕйы, йӕ къухы дыууӕ бӕгӕныйы, афтӕмӕй. Джессикӕ Каринӕмӕ иу бӕгӕны бадардта ӕмӕ йын дзуры:

– Гыццыл нал дӕ. Иу бӕгӕны бануаз.

Каринӕйы фӕнды «нӕ» зӕгъын, фӕлӕ Джессикӕйӕ ӕфсӕрмы кӕны. Тӕрсы, афтӕ дзы куы ахъуыды кӕна, ӕмӕ йӕхи ирхӕфсын нӕ зоны. Стӕй Джессикӕйы, дзӕгъӕл митӕ кӕмӕ ис, ахӕм чызгӕй дӕр нӕ зоны. Ӕмӕ хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, кӕд Джессикӕ бӕгӕны нуазы, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Каринӕ йӕхицӕн загъта: «Цӕй, дӕлӕмӕ дӕр, уӕлӕмӕ дӕр бӕгӕны, кӕд наркотиктӕ не сты».

Каринӕйы бынаты ды куыд бакӕнис?

ӔРЛӔУУ ӔМӔ АХЪУЫДЫ КӔН!

Цӕмӕй ахӕм уавӕры зондджын уынаффӕ рахӕссай, уый тыххӕй дын хъуамӕ уа дӕхи хъуыды. Уӕд бӕрӕг уыдзӕн, цавӕр адӕймаг дӕ ӕмӕ цавӕр зондыл хӕст дӕ, уый. Ӕмӕ уӕд дӕ цардыл дӕ бар цӕудзӕн ӕмӕ иннӕты зондыл никуы ацӕудзынӕ (1 Коринфӕгтӕм 9:26, 27).

Уыцы хъуыддаджы дын цы баххуыс кӕндзӕн? Хорз уаид, дарддӕр дзырд цы цыппар фарстайыл цӕуы, уыдоныл куы ахъуыды кӕнис.

1 ЦАВӔР ХОРЗ МИНИУДЖЫТӔ МӔМ ИС?

Дӕ хорз миниуджытӕ куы зонай, уӕд дӕхицӕн аргъ кӕнын сахуыр уыдзынӕ.

ЦӔВИТТОН БИБЛИЙӔ. Апостол Павел ныффыста: «Кӕд дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн, уӕддӕр зонгӕ фаг кӕнын» (2 Коринфӕгтӕм 11:6). Фыстад хорз кӕй зыдта, уый фӕрцы иннӕты уайдзӕфтӕ ницӕмӕ дардта. Кӕд дзы ӕвзӕр цыдӕртӕ дзырдтой, уӕддӕр-иу йӕ ныфс нӕ асаст (2 Коринфӕгтӕм 10:10; 11:5).

АХЪУЫДЫ КӔН. Ныффысс, хорз дын цы уайы, уый.

Ныр та ныффысс, цавӕр хорз миниуджытӕ дӕм ис. (Зӕгъӕм: иннӕтыл тыхсыс? рӕдау дӕ? ӕууӕндӕн дыл ис? афоныл ӕрбацӕуыс?)

2 ЦАВӔР ЛӔМӔГЪДЗИНӔДТӔ МӔМ ИС?

Бӕндӕн, дам, лыстӕг кӕм вӕййы, скъуынгӕ дӕр, дам, уым акӕны. Раст афтӕ, дӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕн уый бар куы раттай, цӕмӕй дыл фӕтых уой, уӕд дӕхӕдӕг дӕр ӕвзӕрырдӕм фӕивдзынӕ.

ЦӔВИТТОН БИБЛИЙӔ. Павел хорз зыдта, цавӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ йӕм уыд, уый. Павел ныффыста: «Мӕ зӕрдӕйы мидӕг цин кӕнын Хуыцауы закъоныл, фӕлӕ ме уӕнгты та цӕры ӕндӕр закъон – уый тох кӕны мӕ зонды закъонимӕ. Уый у тӕригъӕды закъон ӕмӕ мӕ кӕны йӕ уацайраг» (Ромӕгтӕм 7:22, 23).

АХЪУЫДЫ КӔН. Цавӕр лӕмӕгъдзинӕдтимӕ дӕ хъӕуы тох кӕнын?

3 ЦАВӔР НЫСӔНТТӔ МЫН ИС?

Мыййаг, таксийы сбаддзынӕ ӕмӕ шофырӕн зӕгъдзынӕ, зӕгъгӕ мӕ кӕдӕмфӕнды дӕр лас, цалынмӕ машинӕйы бензин нӕ фӕуа, уӕдмӕ? Уый зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, стӕй дын аслам дӕр не слӕудзӕн.

Ацы хабар цӕуыл дзурӕг у? Дӕ разы нысӕнттӕ куы ’вӕрай, уӕд дӕ цард дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн. Стӕй зондзынӕ, дӕ нысӕнттӕ дӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзысты, уый.

ЦӔВИТТОН БИБЛИЙӔ. Павел ныффыста: «Ӕз афтӕ не згъорын, цыма, цӕй тыххӕй згъорын, уый нӕ зонын» (1 Коринфӕгтӕм 9:26). Павел афтӕ нӕ хъуыды кодта, цӕй, цы уа, уый уӕд, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрдта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ къухы бафтыдаиккой (Филиппӕгтӕм 3:12–14).

АХЪУЫДЫ КӔН. Ныффысс, иннӕ азмӕ дӕ разы цавӕр ӕртӕ нысаны сӕвӕрдтай, уый.

4 ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДЫН?

Дӕхи хъуыды дын куы уа, уӕд уыдзынӕ, арф уидӕгтӕ кӕмӕн ис ӕмӕ цыфӕнды тыхдымгӕ дӕр кӕй не стондзӕн, ахӕм бӕласы хуызӕн

Цавӕрдӕр хъуыддӕгты фӕдыл дын дӕхи хъуыды куы нӕ уа, уӕд дӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын нӕ уыдзӕн. Уыдзынӕ хамелеоны хуызӕн, ома де ’мгӕртты алцӕмӕй фӕзмдзынӕ, цӕмӕй сӕ мацӕмӕй хицӕн кӕнай.

Фӕлӕ дын алы хъуыддаджы фӕдыл дӕр дӕхи хъуыды куы уа, уӕд дӕ иннӕтӕ сӕ зондыл никуы акӕндзысты, цыфӕнды куы аразой, уӕддӕр.

ЦӔВИТТОН БИБЛИЙӔ. Кӕд пехуымпар Данел ӕрыгон уыд ӕмӕ йӕ бинонтӕй йӕ фарсмӕ ничи уыди, уӕддӕр «йӕхицӕн фидарӕй загъта», Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй цӕрдзӕн (Данел 1:8). Ӕмӕ йӕ ныхасӕн хицау разынд. Данел йӕ цард арӕзта, цӕуыл ӕууӕндыд, уымӕ гӕсгӕ.

АХЪУЫДЫ КӔН. Цӕуыл ӕууӕндыс? Зӕгъӕм, Хуыцау дӕ уырны? Кӕд о, уӕд цӕмӕн? Хуыцау кӕй ис, уымӕн ды цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссис?

Уырны дӕ, Хуыцауы закъӕттӕ дӕ пайдайӕн кӕй сты? Кӕд о, уӕд цӕмӕн?

Фӕндид дӕ, цӕмӕй, гыццыл дымгӕ дӕр йӕ разӕй кӕй ахӕссы, ахӕм бӕласы сыфы хуызӕн уай? Арф уидӕгтӕ кӕмӕн ис ӕмӕ тыхдымгӕйӕ тӕссаг кӕмӕн нӕу, ахӕм бӕласы хуызӕн та? Царды мидӕг дын дӕхи хъуыды куы уа, уӕд ахӕм бӕласы хуызӕн уыдзынӕ. Ӕмӕ уӕд дӕ бон уыдзӕн ацы фарстайӕн дзуапп раттын, цавӕр адӕймаг дӕн, зӕгъгӕ.