Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИНОНТЫ АМОНД ЦӔМӔЙ КӔНГӔ У

Дӕ дыккаг цардӕмбалы бинонтимӕ хӕларӕй цӕй фӕрцы цӕрдзынӕ?

Дӕ дыккаг цардӕмбалы бинонтимӕ хӕларӕй цӕй фӕрцы цӕрдзынӕ?

МАРГАРЕТ *, ЙӔ ЦАРДӔМБАЛӔН ЦОТ КӔМӔН ИС, АХӔМ СЫЛГОЙМАГ АВСТРАЛИЙӔ: «Мӕ сӕрыхицауы фыццаг ус йӕ сывӕллӕтты сардыдта, цӕмӕй сын цыфӕнды куы дзурон, уӕд дӕр мӕм ма хъусой, афтӕ сын куы зӕгъон, уӕ дӕндӕгтӕ ныхсут, зӕгъгӕ, суанг уӕд дӕр». Маргаретмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ сын йӕ лӕджы фыццаг ус сӕ бинонты цард халы.

Дыккаг мад кӕнӕ дыккаг фыд кӕм ис, ахӕм бинонтӕн ӕнцон нӕ вӕййы сӕ ног хӕстӕджытимӕ ӕмӕ ӕмбӕлттимӕ фидауын *. Йӕ ног цардӕмбалӕн цот кӕмӕн вӕййы, уыдонӕй бирӕты фӕхъӕуы сывӕллӕтты иннӕ ныййарӕгимӕ ныхас кӕнын, зӕгъӕм, сывӕллӕттимӕ кӕд ӕмӕ куыд ӕмбӕлдзысты, куыд сӕ хъомыл кӕндзысты кӕнӕ та сын ӕхцайӕ куыд ӕххуыс кӕндзысты, уыдӕттыл. Ӕмбӕлттӕн ӕмӕ хӕстӕджытӕн дӕр ӕнцон нӕ вӕййы, цӕмӕй ног адӕймагыл сахуыр уой. Ӕркӕсӕм-ма, ахӕм бинонтӕн Библийы уынаффӕтӕ куыд баххуыс кӕндзысты, уымӕ.

1. СЫВӔЛЛОНЫ ИННӔ НЫЙЙАРӔГИМӔ КӔРӔДЗИ КУЫД ИС ӔМБАРӔН

Дыккаг мад чи у, иу ахӕм сылгоймаг Намибийӕ, Джудит, зӕгъгӕ, дзуры: «Мӕ лӕджы цотӕн сӕ мад загъта, ӕз кӕй дӕн сӕ фыды ног ус, ӕмӕ нын сывӕллӕттӕ куы райгуыра, уӕд сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ кӕй нӕ уыдзысты. Мӕ лӕджы сывӕллӕтты мӕхи хъӕбултау уарзын, ӕмӕ мын сӕ мады ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕ скъахтой».

Психологтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дыккаг мад кӕнӕ дыккаг фыд кӕм ис, ахӕм бинонтӕ сывӕллоны иннӕ ныййарӕгимӕ кӕрӕдзи куы не ’мбарой, уӕд, чи зоны, уыцы бинонтӕн сӕ ныхас кӕрӕдзийыл дӕр мауал бада. Арӕхдӕр кӕрӕдзи нӕ фембарынц сывӕллонӕн йӕ ныййарӕг мад ӕмӕ йӕ дыккаг мад. Бинонтӕн ахӕм уавӕры цы баххуыс кӕндзӕн?

Цы ис саразӕн? Иннӕ ныййарӕгӕн бар цӕмӕн ис ӕмӕ цӕмӕн нӕй, ууыл баныхас кӕнут. Дӕ сывӕллонмӕ йӕ иннӕ ныййарӕджы ӕппындӕр хӕстӕг цӕуын куы нӕ уадзай, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕндзынӕ *. Сывӕллонӕн йӕ ныййарджытӕй зынаргъдӕр ницы ис (Ӕмбисӕндтӕ 23:22, 25). Иннӕмӕй та уыцы ныййарӕг уӕ бинонтӕм ӕгӕр бирӕ бар куы дара, уӕд дӕ ног цардӕмбалмӕ уый, чи зоны, хъыг кӕса кӕнӕ суанг мӕсты дӕр кӕна. Уымӕ гӕсгӕ, иннӕ ныййарӕгӕн бар цӕмӕн ис ӕмӕ цӕмӕн нӕй, ууыл баныхас кӕнут, цӕмӕй уӕ бинонты цард дӕр ма фехӕла ӕмӕ дӕ раздӕры цардӕмбалимӕ дӕр кӕрӕдзийӕн знӕгтӕ ма суат.

УЫНАФФӔТӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔН

  • Дӕ раздӕры цардӕмбалимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу дзур уӕ сывӕллӕтты тыххӕй, иннӕ хъуыддӕгтыл та-иу къаддӕр дзур. Зӕгъӕм, уӕзданӕй йын бамбарын кӕн, цӕмӕй-иу сывӕллӕттӕм телефонӕй ӕхсӕвыгӕтты кӕнӕ алы афонты ма дзура, фӕлӕ-иу сӕм ӕрбадзура боныгон уыцы иу рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ уый сывӕллӕттӕн фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн.

  • Кӕд закъонмӕ гӕсгӕ уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕныны хӕс иннӕ ныййарӕгыл ис, уӕддӕр-иу сӕм, чи зоны, дӕ бон уа телефонӕй бадзурын, писмотӕ кӕнӕ сӕм СМС-тӕ ӕрвитын, йе та сӕм Интернеты уылты фыссын кӕнӕ видеосвязы уылты ныхас кӕнын (Дыккаг закъон 6:6, 7). Афтӕмӕй дӕ сывӕллӕтты хуыздӕр ӕмбардзынӕ ӕмӕ, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ дӕ, ахӕм стыр ӕххуыс сын уыдзынӕ.

УЫНАФФӔТӔ ДЫККАГ МАДӔН

  • Сывӕллонӕн йӕ ныййарӕг мады бынат бацахсыныл куы нӕ архайай, уӕд уымӕй равдисдзынӕ, йӕ «рыст дӕм [кӕй] хъары» (1 Петры 3:8). Сывӕллӕттӕ демӕ куы уой, уӕд сын сӕ мадӕй макуы сусӕг кӕн, куыд сты, уый ӕмӕ-иу фылдӕр кӕн сӕ хорзы кой (Ӕмбисӕндтӕ 16:24). Сывӕллӕттимӕ баст чи у, исты ахӕм хъуыддаджы фӕдыл дӕ уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд-иу ӕй афӕрс, ӕмӕ-иу дын исты уынаффӕ куы ратта, уӕд-иу ын бузныг зӕгъ.

  • Сывӕллӕттыл-иу сӕхи мады раз ӕгӕр ма цинтӕ кӕн. Мӕнӕ цы зӕгъы Беверли, Америкӕйы Иугонд Штатты чи цӕры ӕмӕ йӕ лӕджы сывӕллӕтты чи хъомыл кӕны, иу ахӕм сылгоймаг: «Кӕстӕр сывӕллӕтты фӕндыд, цӕмӕй мӕ „мамӕ“ хуыдтаиккой. Ӕз сразы дӕн, фӕлӕ сӕ бафӕдзӕхстон, цӕмӕй мӕ сӕ мад Джейны раз ӕмӕ йӕ бинонты раз афтӕ ма хоной. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Джейнимӕ хуыздӕр фидауын райдыдтам. Фӕстӕдӕр-иу сывӕллӕттӕн иумӕ ӕххуыс кодтам, скъолайы-иу исты спектакльтӕ куы ӕвӕрдтой кӕнӕ-иу искуыдӕм улӕфынмӕ куы цыдысты, уӕд».

Дӕ сывӕллӕттӕн, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ дӕ, ахӕм ӕххуыс уыдзынӕ

УЫНАФФӔТӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔН ӔМӔ ДЫККАГ МАД КӔНӔ ДЫККАГ ФЫДӔН

    Кӕд дӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын фӕнды, уӕд семӕ уӕзданӕй ныхас кӕн ӕмӕ сын аргъ кӕн

  • Сывӕллӕтты раз-иу сӕ иннӕ ныййарӕджы (кӕнӕ сӕ дыккаг мады, йе та фыды) ӕвзӕры кой ма кӕн. Адӕймаг иуӕй-иу хатт ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны, искӕй фыдкой кӕнын куыд райдайы, уый, фӕлӕ сывӕллонӕн ахӕм ныхӕстӕ хъусын тынг зын вӕййы. Стӕй бӕрӕг нӕу, дӕ ныхӕстӕ уыцы адӕймагмӕ кӕд ӕмӕ куыд фӕхӕццӕ уыдзысты, уый дӕр (Екклесиаст 10:20). Сывӕллон дын куы зӕгъа, дӕ фыдкой кӕй кодтой, уӕд-иу исты зӕгъыны размӕ ахъуыды кӕн, дӕ ныхӕстӕ сывӕллоныл куыд фӕзындзысты, ууыл. Зӕгъӕм, дӕ бон ын зӕгъын у: «Хъыг мын у, уыцы ныхӕстӕ кӕй фехъуыстай, уый. Дӕ мад мӕм мӕсты у, ӕмӕ мӕсты адӕймаг та иуӕй-иу хатт искӕй ӕвзӕры кой дӕр ракӕны».

  • Бацархайут, цӕмӕй дыууӕ хӕдзары дӕр иу ӕгъдау уа. Кӕд уымӕн гӕнӕн нӕй, уӕд сывӕллонӕн уӕзданӕй бамбарын кӕн, уӕ хӕдзары цы ӕгъдау ис, уый иннӕ хӕдзары ӕгъдауӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый. Ӕрмӕст афтӕ, цӕмӕй иннӕ ныййарӕджы кад дӕлӕмӕ ма ӕркӕнай. Зӕгъӕм, ис аныхас кӕнӕн афтӕ:

    Дыккаг мад: Олег, дӕ хисӕрфӕн-ма ӕрцауындз.

    Олег: Мӕ мадмӕ сӕ пъолмӕ ӕрӕппарӕм, ӕмӕ сӕ стӕй йӕхӕдӕг ӕрцауындзы.

    Дыккаг мад (мӕстыйӕ): Ӕмӕ дӕ афтӕмӕй цӕуыл сахуыр кӕндзӕн? Зивӕггӕнаг дӕ рауайдзӕн!

    Фӕлӕ цымӕ мӕнӕ ахӕм дзуапп хуыздӕр нӕ уаид?

    Дыккаг мад (фӕлмӕнӕй): Уым афтӕ кӕнут. Ам та йӕ хисӕрфӕн алчидӕр йӕхӕдӕг ауындзы.

  • Дӕ сывӕллӕттӕ сӕ иннӕ ныййарӕгимӕ цы рӕстӕг хъуамӕ уой, уыцы рӕстӕгмӕ-иу ӕндӕр пълӕнттӕ ма скӕнут, ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй ма бакъуылымпы кӕнут (Матфейы 7:12). Фӕлӕ кӕд рагацау цавӕрдӕр пълӕнттӕ скодтат ӕмӕ сӕ уӕ бон аивын нал у, уӕд иннӕ ныййарджытӕй бар ракурут, цӕмӕй уыцы рӕстӕг сывӕллӕттӕ уемӕ арвитой. Ӕцӕг уын цалынмӕ бар радтой, уӕдмӕ-иу уӕ сывӕллӕттӕн уӕ пълӕнтты тыххӕй мацы зӕгъут.

УЫНАФФӔ. Иннӕ хатт дӕ сывӕллӕтты мадыл (дыккаг мадыл) куы фембӕлай, уӕд-иу ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архай:

  1. Йӕ цӕстытӕм-иу ын кӕс ӕмӕ-иу дӕ мидбылты худ. Тыхулӕфт-иу ма кӕн, де ’рфгуытӕ-иу ма ӕлхынцъ кӕн ӕмӕ-иу ӕм ӕнӕрвӕссон каст ма кӕн.

  2. Йӕ номӕй-иу ӕм дзур. Зӕгъӕм: «Салам, Фатимӕ».

  3. Цалдӕрӕй куы уат, уӕд-иу архай, цӕмӕй-иу хъусӕй ма лӕууа.

2. СЫВӔЛЛӔТТӔ СТЫР КУЫ УОЙ

Иу чиныджы фыст ис, дыккаг мад чи у, иу ахӕм сылгоймаг йӕ лӕгӕй хъаст кӕны, зӕгъгӕ, ӕдзух йӕ цоты сӕрыл хӕцы, фӕлӕ сӕ дыккаг мадмӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кӕсынц, ууыл нӕ сӕтты (Step Wars). «Фырмӕстӕй рафыцын»,– загъта сылгоймаг. Цы ис саразӕн, цӕмӕй уе стыр сывӕллӕттимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат ӕмӕ уӕ бинонты цард ма фехалат?

Цы ис саразӕн? Иннӕйы рыст ӕмбар. Библийы фыст ис: «Алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ» (1 Коринфӕгтӕм 10:24). Архай, иннӕйы зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл. Дӕ ног цардӕмбалы сывӕллӕттӕ, чи зоны, тӕрсой, сӕ ныййарӕг сӕ кӕй нал уарздзӕн, уымӕй. Кӕнӕ, чи зоны, хъуыды кӕной, ӕмӕ сӕ дыккаг мадмӕ (фыдмӕ) хорз цӕстӕй куы кӕсой, уӕд сӕ ныййарӕг мадыл (фыдыл) сӕ зӕрдӕ кӕй сивдзысты. Ныййарджытӕ та сӕ сывӕллӕттӕн уайдзӕф кӕнын нӕ фӕуӕндынц, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсынц, сӕхицӕй сӕ куы адард кӕной.

Дӕ цардӕмбалы цоты демӕ тыхӕй хӕларӕй цӕрын кӕныны бӕсты, фӕлтау иу гыццыл бабыхс, ӕмӕ сабыргай уӕ кӕрӕдзи бамбардзыстут. Искӕмӕн тыхӕй хи уарзын кӕнын ӕнӕзонд ми у (Соломоны зарӕг 8:4). Уӕдӕ дӕ цардӕмбалы цотимӕ хӕларӕй цӕрыныл куы архайай, уӕд-иу ӕмбаргӕ у ӕмӕ ӕгӕр бирӕ цӕмӕдӕрты ма ӕнхъӕлмӕ кӕс.

Цыдӕриддӕр хъуыды кӕныс ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ иууылдӕр дзурын нӕ хъӕуы, суанг дӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 29:11). Дӕхи бауромын дын уӕлдай зын куы уа, уӕд-иу кув, Израилы паддзах Давид куыд куывта, афтӕ: «О Йегъовӕ, ме ’взагӕн мын сӕвӕр хъахъхъӕнӕг, мӕ дзыхӕн мын сӕвӕр дуаргӕс» (Псалом 141:3).

Сывӕллӕттӕ цы хӕдзары схъомыл сты, уым цӕрынвӕнд куы скӕнат, уӕд дӕм, чи зоны, диссаг фӕкӕса, сӕ хӕдзар куыд тынг уарзынц, уый. Хуыздӕр уыдзӕн, бирӕ цыдӕртӕ дзы куы нӕ аиват, уӕлдайдӕр та сывӕллӕтты къомнӕтты. Чи зоны та сфӕнд кӕнат ӕндӕр хӕдзармӕ ацӕуын.

УЫНАФФӔ. Сывӕллӕттӕ демӕ ӕдзух схуыст ныхас куы кӕной кӕнӕ дӕ куы ницӕмӕ дарой, уӕд дӕ цардӕмбалӕн радзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмӕ дын цы зӕгъа, уымӕ-иу лӕмбынӕг байхъус. Фӕлӕ-иу ын афтӕ ма дзур, дӕ цотӕн бауайдзӕф кӕн, зӕгъгӕ. Уый бӕсты бацархайут кӕрӕдзи бамбарыныл. «Иу зондыл хӕст» куы уат, уӕд уын иумӕ уавӕр фӕхуыздӕр кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн (2 Коринфӕгтӕм 13:11).

Архай, цӕмӕй сывӕллӕттӕ уыной, ӕмхуызон сӕ кӕй уарзут

3. ХӔСТӔДЖЫТӔ ӔМӔ ӔМБӔЛТТӔ.

Канадӕйӕ иу сылгоймаг, Марион, дыккаг мад, афтӕ зӕгъы: «Мӕ ныййарджытӕ-иу мын мӕ лӕппуйӕн арӕх кодтой лӕвӕрттӕ, мӕ ног цардӕмбалы сывӕллӕтты та-иу хъуыды дӕр не ’ркодтой. Бӕргӕ-иу архайдтам, цӕмӕй-иу мах та уыдонӕн исты балӕвар кодтаиккам, фӕлӕ-иу уый алы хатт нӕ къухы нӕ бафтыд».

Цы ис саразӕн? Дӕ ног бинонтӕ дын фыццаг бынаты уӕнт. Дӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ де ’мбӕлттӕн бамбарын кӕн, дӕ ног бинонтӕ дын тынг зынаргъ кӕй сты (1 Тимофеймӕ 5:8). Чи зоны дын дӕ ног бинонты уайтагъд сӕ зӕрдӕмӕ ма айсой, фӕлӕ сын дӕ бон зӕгъын у, цӕмӕй сӕхи семӕ уӕздан дарой ӕмӕ сӕм хорз цӕстӕй кӕсой. Бамбарын сын кӕн, куыд зын уыдзӕн сывӕллӕттӕн, куы ницӕмӕ сӕ дарой ӕмӕ сыл куы нӕ узӕлой, уӕд.

Архай, цӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕ дӕ раздӕры цардӕмбалы ныййарджытимӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой. Английӕ иу сылгоймаг, Сюзаннӕ, загъта: «Дыккаг хатт смой кодтон, мӕ фыццаг лӕджы мӕлӕты фӕстӕ афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд. Йӕ ныййарджытӕ мын мӕ ног цардӕмбалы нӕ уарзтой. Фӕлӕ йӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой, нӕхӕдӕг сыл нӕхи кӕй бастам, уый фӕрцы. Сывӕллӕттӕн-иу загътам, цӕмӕй сӕм бадзурой ӕмӕ сын се ’ххуысы тыххӕй бузныг зӕгъой».

УЫНАФФӔ. Ахъуыды кӕн, дӕ цардӕмбалы хӕстӕджытӕй кӕнӕ дын йе ’мбӕлттӕй ӕппӕты зындӕр кӕимӕ у, ууыл, стӕй йемӕ аныхас кӕн, цы саразӕн ис, цӕмӕй уыцы адӕймагимӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарат.

Уӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ уе ’мбӕлттимӕ кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй кӕсут, уый, чи зоны, уӕ ног бинонты цардыл ӕвзӕрырдӕм фӕзына. Фӕлӕ Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайат, уӕд хайджын уыдзыстут мӕнӕ ацы арфӕдзинадӕй: «Хӕдзар сырӕзы зонды фӕрцы ӕмӕ фидар кӕны арфуынындзинады фӕрцы» (Ӕмбисӕндтӕ 24:3).

^ 3 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 4 абз. Ӕндӕр зын уавӕрты та цы саразӕн ис, уый базонын дӕ кӕд фӕнды, уӕд кӕс 2012 азы апрелы «Пробудитесь!», сӕйраг статьяты темӕ у «Сводные семьи: счастье возможно». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 8 абз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ раздӕры цардӕмбал сывӕллонӕн исты зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн, уымӕй тӕссаг куы уа, уӕд дӕ уӕ бинонты бахъахъхъӕныны тыххӕй хъӕудзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй йемӕ къаддӕр рӕстӕг ӕрвита.

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мӕ цардӕмбалы раздӕры лӕгимӕ (усимӕ) кӕрӕдзиимӕ хуыздӕр фидауӕм?

  • Цы у нӕ бон зӕгъын нӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ не ’мбӕлттӕн, цӕмӕй нын нӕ бинонты цард ма сызмӕнтой, барӕй куы нӕ уой, уӕддӕр?