Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Фӕрнӕй цӕрын Хуыцауимӕ ӕмӕ мӕ мадимӕ

Фӕрнӕй цӕрын Хуыцауимӕ ӕмӕ мӕ мадимӕ

МӔ МАД мӕ бафарста: «Нӕ фыдӕлтӕн кувын дӕ цӕуылнӕуал фӕнды? Нӕ йӕ ’мбарыс, уыдон куы нӕ уыдаиккой, уӕд ды дӕр кӕй нӕ уыдаис? Ахӕм ӕбузныг цӕмӕн дӕ? Дӕ фыдӕлтӕй дын цы ӕгъдӕуттӕ баззад, уыдон куыд хъуамӕ ныууадзай? Нӕ фыдӕлтӕн куы нӕ кад кӕнай, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ нын не ’гъдӕуттӕ ӕнӕзонд цӕуылдӕр нымайыс!» Уыцы ныхӕсты фӕстӕ ныккуыдта.

Йӕ ныхӕстӕ мӕм тынг диссаг фӕкастысты, уымӕн ӕмӕ уый размӕ йӕхӕдӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн загъта, цӕмӕй мемӕ Библи ахуыр кодтаиккой. Раст зӕгъгӕйӕ сын мӕн тыххӕй ӕфсӕрмӕй загъта, уымӕн ӕмӕ йӕхи Библи ахуыр кӕнын нӕ фӕндыд. Ӕз та алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ кастӕн, ӕмӕ йӕм ма байхъуыстаин, уый мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр никуы уыд. Фӕлӕ ацы хатт мӕ бон нӕ уыд йӕ коммӕ бакӕсын, уымӕн ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кодтаин. Уый ӕнцон нӕ уыди, фӕлӕ мын Йегъовӕ хъарутӕ радта.

ЙЕГЪОВӔЙЫ КУЫД БАЗЫДТОН

Японийы цӕрджытӕн сӕ фылдӕр, уыимӕ нӕ бинонтӕ дӕр, сты буддисттӕ. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ дыууӕ мӕйы дӕргъы Библи куы фӕахуыр кодтон, уӕд бамбӕрстон, цы фыст дзы ис, уый рӕстдзинад кӕй у. Уӕларвон Фыд мын кӕй ис, уый куы базыдтон, уӕд мӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базыдтаин. Фыццаг рӕстӕг мамӕимӕ уарзтам, Библийӕ-иу цы базыдтон, ууыл ныхас кӕнын. Ӕз райдыдтон алы хуыцаубон дӕр Паддзахады залмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын. Фылдӕр куы базыдтон, уӕд ын загътон, буддистты ӕгъдӕуттӕ кӕй нал ӕххӕст кӕндзынӕн. Фӕлӕ мын мӕ мад ӕнӕнхъӕлӕджы загъта: «Уымӕй стырдӕр худинаг ма цы хъуамӕ уа, ӕмӕ нӕ бинонтӕй чидӕр нӕ фыдӕлтӕн ма кува». Ӕмӕ мӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын нал уагъта. Уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, ӕмӕ афтӕ бакӕндзӕн! Раст цыма ӕндӕр адӕймаг фестад, афтӕ мӕм каст.

Мӕ фыд дӕр мӕ мады хъуыдыйыл сразы. Ефесӕгтӕм 6 сӕрӕй базыдтон, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй мӕ ныййарджытӕм хъусон. Мӕн фӕндыд, цӕмӕй та нӕ бинонтӕ фӕрнӕй цӕрой, ӕмӕ хъуыды кодтон, куы сӕм байхъусон, уӕд мӕм уыдон дӕр, ӕппынфӕстаг, кӕй байхъусдзысты. Уыцы рӕстӕг мӕ скъолайы экзаментӕ дӕттын хъуыди, цӕмӕй хистӕр кълӕстӕм бацыдаин. Уымӕ гӕсгӕ мӕ ныййарджытимӕ сразы дӕн, цӕмӕй ӕртӕ мӕйы дӕргъы мӕхи экзаментӕм цӕттӕ кодтаин ӕмӕ ӕмбырдтӕм мауал цыдаин. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн ныхас радтон, уыцы рӕстӕг куы фӕуа, уӕд та ногӕй ӕмбырдтӕм кӕй цӕудзынӕн.

Уӕд афтӕ кӕй бакодтон, уый раст нӕ уыд. Фыццаджыдӕр уый тыххӕй, ӕмӕ мӕм афтӕ касти, ӕмӕ мӕ ӕртӕ мӕйы фӕстӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын тынг фӕнддзӕн. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард дӕн. Дыккаджы та уый тыххӕй, ӕмӕ мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд ноджы тынгдӕр архайдтой, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кодтаин.

МӔ НЫХМӔ ЦЫДЫСТЫ, ФӔЛӔ ӔНӔ ӔХХУЫСӔЙ НӔ БАЗЗАДТӔН

Паддзахады залы базонгӕ дӕн, сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ кӕмӕн цыдысты, бирӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ. Уыдон мын дзырдтой, зӕгъгӕ дын Йегъовӕ хъарутӕ ратдзӕн (Матф. 10:34–37). Стӕй мын загътой, зӕгъгӕ, Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уай, уӕд ын, чи зоны, дӕ бинонтӕ дӕр лӕггад кӕнын райдайой. Мӕн фӕндыд мӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын, ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй кувын райдыдтон.

Мӕ бинонтӕ мӕ ныхмӕ алыхуызӕтты тох кодтой. Мӕ мад-иу мын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Библи мауал ахуыр кодтаин ӕмӕ-иу архайдта, цӕмӕй мын мӕ хъуыды фӕивтаид. Фылдӕр хатт-иу ницы дзырдтон. Исты-иу куы загътон, уӕд-иу нӕ ныхас арӕх быцӕумӕ рахызт – алчидӕр-иу архайдта, раст кӕй у, уый сбӕлвырд кӕныныл. Фӕлӕ ныр ӕмбарын, уӕд мӕ мады хъуыдыйӕн ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕнды, уымӕн куы аргъ кодтаин, уӕд-иу сабырдӕр ныхас кодтаиккам. Мӕ ныййарджытӕ-иу мын хӕдзары фылдӕр куыстытӕ бахӕс кодтой, цӕмӕй макуыдӕм цыдаин. Афтӕ дӕр-иу уыди, ӕмӕ-иу мӕ хӕдзарӕй ӕддӕмӕ нӕ уагътой йе та-иу мӕ ӕнӕ хӕринагӕй ныууагътой.

Мӕ мад ма нӕ зонгӕтӕ ӕмӕ хиуӕтты уылты дӕр архайдта. Мӕ ахуыргӕнӕгӕн загъта, цӕмӕй мемӕ аныхас кодтаид, фӕлӕ уый не сразы. Йӕ куысты хицаумӕ дӕр ма мӕ акодта, цӕмӕй мӕ баууӕндын кодтаид, динтӕ ӕппындӕр кӕй ницы пайда сты. Стӕй та нӕ хӕстӕджытӕй кӕмӕдӕрты телефонӕй фӕдзырдта ӕмӕ сын кӕугӕйӕ балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаиккой. Уыдӕттӕ мын тынг зын уыдысты. Фӕлӕ мын ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ загътой, зӕгъгӕ йӕ дӕ мад ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕны, иннӕтимӕ дӕу тыххӕй куы фӕныхас кӕны, уӕд сын Хуыцауы тыххӕй кӕй фӕхъусын кӕны.

Мӕ ныййарджыты фӕндыд, цӕмӕй университетмӕ бацыдаин ӕмӕ уый фӕстӕ хорз куыст ссардтаин. Фӕлӕ уыцы хъуыддагыл нӕ бон сабырӕй ныхас кӕнын нӕ уыд, ӕмӕ сӕм ӕз дӕр цалдӕр писмойы ныффыстон, цӕмӕй сын бамбарын кодтаин, цы фӕндтӕ мӕм ис, уый. Папӕ тынг смӕсты ӕмӕ загъта: «Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕхицӕн куыст ссардзынӕ, уӕд дын райсоммӕ рӕстӕг, кӕннод дын ацы хӕдзары бынат нал ис». Ӕз Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ дзы ӕххуыс ракуырдтон. Дыккаг бон уацамынды куы уыдтӕн, уӕд мын фыццаг иу хо, стӕй та ӕндӕр хо, загътой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ репетиторӕй бакуыстаин. Фӕлӕ уый папӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ мемӕ нал ныхас кодта, цыма мӕ уынгӕ дӕр нӕ кодта, йӕхи афтӕ дардта. Мамӕ та загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕны бӕсты фӕлтау исты фыдгӕнӕг куы уаис.

Йегъовӕ мын мӕ зондахаст сраст кодта ӕмӕ мын баххуыс кодта раст фӕндаг равзарынӕн

Хатгай-иу хъуыды кодтон, цымӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй мӕ ныййарджыты ныхмӕ афтӕ хъӕддыхӕй лӕууон. Ӕмӕ ӕз дӕр Йегъовӕмӕ куывтон ӕмӕ хъуыды кодтон, Библийы йӕ уарзондзинады тыххӕй цы фыст ис, ууыл. Уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕхимӕ ма ныхъхъуыстаин, стӕй уый фӕрцы бамбӕрстон, мӕ ныййарджытӕ мӕ ныхмӕ уый тыххӕй кӕй цӕуынц, ӕмӕ мыл тыхсгӕ кӕнынц. Йегъовӕ мын мӕ зондахаст сраст кодта ӕмӕ мын баххуыс кодта раст фӕндаг равзарынӕн. Стӕй цас фылдӕр хъусын кодтон, уыйас уыцы хъуыддаг мӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цыди. Афтӕмӕй мӕ бафӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын.

ПИОНЕРӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫН

Пионерӕй лӕггад кӕнын мӕ кӕй фӕнды, уый чи зыдта, уыцы хотӕй мын чидӕртӕ дзырдта, цӕмӕй банхъӕлмӕ кастаин, мӕ ныййарджытӕ кӕд ӕрсабыр уыдзысты, уӕдмӕ. Ӕз Хуыцауӕй зонд куырдтон, нӕ публикацитӕ кастӕн, пионерӕй лӕггад кӕнын мӕ цӕмӕн фӕнды, ууыл хъуыды кодтон, ӕмӕ фӕлтӕрдджын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ныхас кодтон. Уый фӕрцы бамбӕрстон, фыццаджыдӕр мӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды. Стӕй ма бамбӕрстон, пионерӕй лӕггад кӕнын фӕстӕдӕр куы райдайон, уӕддӕр уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ мӕ ныййарджытӕ дарддӕр дӕр мӕ ныхмӕ цӕуой.

Пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон, скъолайы фӕстаг аз куы ахуыр кодтон, уӕд. Иуцасдӕр куы балӕггад кодтон, уӕд мӕ бафӕндыд, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, уырдӕм ацӕуын. Фӕлӕ мӕ ныййарджыты нӕ фӕндыд, цӕмӕй хӕдзарӕй ацыдаин. Уымӕ гӕсгӕ банхъӕлмӕ кастӕн, 20 азы мыл кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уӕдмӕ. Стӕй филиалмӕ ныффыстон, цӕмӕй мӕ снысан кодтаиккой Японийы хуссар хаймӕ, нӕ хӕстӕджытӕ кӕм цардысты, уырдӕм, цӕмӕй мамӕ тынг ма тыхстаид.

Кӕдӕм мӕ снысан кодтой, уым куы лӕггад кодтон, уӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонӕй цалдӕр адӕймаджы донаргъуыд райстой, ӕмӕ мын уый стыр цины хос уыди. Ӕз райдыдтон англисаг ӕвзаг ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ мӕ Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын фӕндыд. Стӕй куы федтон, не ’мбырды дыууӕ сӕрмагонд пионеры куыд зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ иннӕтӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый, уӕд мӕ бафӕндыд сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнын. Уыцы рӕстӕг мамӕ дыууӕ хатты тынг фӕрынчын, ӕмӕ дыууӕ хатты дӕр хӕдзармӕ ацыдтӕн, цӕмӕй йӕм кастаин. Уый йӕм тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ мӕм гыццыл фӕфӕлмӕндӕр.

ЙЕГЪОВӔ МӔ БИРӔ АРФӔДЗИНӔДТӔЙ СХАЙДЖЫН КОДТА

Авд азы фӕстӕ, кӕй кой кодтон, уыцы сӕрмагонд пионертӕй сӕ иуӕй, ӕфсымӕр Ацусийӕ, писмо райстон. Фыста мӕм, бинонтӕ скӕнын ӕй кӕй фӕнды, ӕмӕ мӕ фарста, цы зӕрдӕ йӕм дарын, уымӕй. Раст зӕгъгӕйӕ йыл никуы хъуыды кодтон, стӕй, йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуын, уый дӕр никуы бафиппайдтон. Иу мӕйы фӕстӕ йӕм ныффыстон, разы кӕй дӕн, цӕмӕй кӕрӕдзи хуыздӕр базонӕм. Мах бамбӕрстам, иухуызон нысӕнттӕ нын кӕй ис. Нӕ дыууӕйы дӕр фӕндыд дарддӕр дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын ӕмӕ цӕттӕ уыдыстӕм цыфӕнды хӕслӕвӕрд дӕр сӕххӕст кӕнынмӕ. Цасдӕры фӕстӕ нӕ цард баиу кодтам. Ӕз тынг амондджын уыдтӕн, мамӕ ӕмӕ папӕ, стӕй ма нӕ хӕстӕджытӕй дӕр чидӕртӕ нӕ чындзӕхсӕвы кӕй уыдысты.

Непал

Ныр иумӕ лӕггад кодтам пионертӕй. Нӕ чындзӕхсӕвӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Ацусийы снысан кодтой районон цӕстдарӕджы хӕдивӕгӕй. Фӕстӕдӕр нӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй. Уый фӕстӕ та Ацусийы снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Нӕ районы цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр фӕйнӕ иу хатт куы бабӕрӕг кодтам, уӕд нӕм филиалӕй телефонӕй фӕдзырдтой. Ӕфсымӕрты фӕндыд базонын, разы стӕм Непалмӕ ацӕуын, цӕмӕй Ацуси уым дарддӕр районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕна ӕви нӕ.

Цалдӕр бӕстӕйы кӕй балӕггад кодтон, уый фӕрцы Йегъовӕйы бирӕ хуыздӕр базыдтон

Ӕз тыхстӕн, афтӕ дард кӕй цӕуӕм, уымӕ мӕ ныййарджытӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты, ууыл. Телефонӕй сӕм куы бадзырдтон, уӕд папӕ загъта: «Рӕсугъд бынатмӕ цӕут». Уымӕй йын иу къуырийы размӕ йе ’мбӕлттӕй чидӕр Непалы тыххӕй чиныг радта, ӕмӕ папӕйы уырдӕм ацӕуын дӕр бафӕндыд.

Непалы хӕларзӕрдӕ адӕм цӕры, ӕмӕ нын тынг ӕхсызгон уыди уым лӕггад кӕнын. Фӕстӕдӕр Бангладеш дӕр нӕ районмӕ баиу кодтой. Ӕмӕ кӕд уыцы бӕстӕ Непалмӕ хӕстӕг у, уӕддӕр дзы тынг хицӕн кӕны. Уым алыхуызон уавӕрты хъусын кодтам. Фондз азы фӕстӕ нӕ фӕстӕмӕ Японимӕ снысан кодтой, ӕмӕ ныр Ацуси ам дарддӕр лӕггад кӕны районон цӕстдарӕгӕй.

Японийы, Непалы ӕмӕ Бангладешы лӕггад кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы бирӕ хуыздӕр базыдтон. Уыцы бӕстӕты адӕм алыхуызон ӕгъдӕуттыл хӕст сты, ӕмӕ дзы алы адӕймаг дӕр йӕхирдыгонау диссаг у. Ӕз уыдтон, Йегъовӕ алкӕуыл дӕр куыд тыхсы, йӕхимӕ сӕ куыд ӕввахс кӕны, куыд сын ӕххуыс кӕны ӕмӕ сын куыд арфӕ кӕны, уый.

Йегъовӕйӕ бирӕ хъуыддӕгты тыххӕй дӕн бузныг. Уый бар мын радта, цӕмӕй йӕ базонон ӕмӕ йын лӕггад кӕнон, стӕй мын диссаджы сӕрыхицау радта. Хуыцау мын баххуыс кодта раст уынаффӕтӕ рахӕссынӕн ӕмӕ ныр йемӕ дӕр ӕмӕ мӕ бинонтимӕ дӕр ӕнгом дӕн. Йегъовӕйы фӕрцы та мамӕимӕ фӕстӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ систӕм. Тынг амондджын дӕн, Хуыцауимӕ ӕмӕ мӕ мадимӕ кӕй бафидыдтон, уый тыххӕй.

Ацуси районон цӕстдарӕгӕй кӕй лӕггад кӕны, уый нын стыр цины хос у