Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Психикӕимӕ баст низ кӕмӕ ис, уымӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн

Психикӕимӕ баст низ кӕмӕ ис, уымӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (ӔМБИСӔНДТӔ 17:17).

Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты

Кӕд не ’мбӕлттӕй искӕмӕ психикӕимӕ баст низ ис, уӕд ыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕмӕт кӕнӕм. Фӕлӕ йын нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын ӕмӕ равдисын, кӕй йӕ уарзӕм?

Ацы ныхӕстӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты

«Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ» (ИАКОВЫ 1:19).

Де ’мбалӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, аныхас кӕнын ӕй куы фӕнда, уӕд ӕм лӕмбынӕг куы байхъусай. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ цыфӕнды ма зӕгъа – хъуамӕ йын дзуапп раттай. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй йӕ уына, лӕмбынӕг ӕм кӕй хъусыс ӕмӕ йын йӕ уавӕр бамбарыныл кӕй архайыс. Цавӕрдӕр хатдзӕгтӕ-иу ма акӕн ӕмӕ йын ма тӕрхон кӕн, фӕлӕ-иу бацархай, цӕмӕй бамбарай, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Дӕ зӕрдыл дар, адӕймаг, гӕнӕн ис, ӕнӕрхъуыдыйӕ цыдӕр зӕгъа, ӕмӕ йыл стӕй фӕфӕсмон кӕна (Иов 6:2, 3).

«Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут» (1 ФЕССАЛОНИКӔГТӔМ 5:14).

Де ’мбалы, чи зоны, тыхст хъуыдытӕ сӕ быны скӕнынц кӕнӕ йӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсы. Цы йын зӕгъай, уый куы нӕ зонай, уӕд ын дӕ бон у зӕгъын, зынаргъ дын кӕй у ӕмӕ йӕ бирӕ кӕй уарзыс. Уый фехъусын ын ӕхсызгон уыдзӕн.

«Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы» (ӔМБИСӔНДТӔ 17:17).

Хъуыддагӕй йын ӕххуыс кӕн. Адӕймаджы бафӕрс, дӕ бон ын цӕмӕй у баххуыс кӕнын. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг дӕр зоныс, цавӕр ӕххуыс ӕй хъӕуы, уый. Фӕлӕ йӕ цы хъӕуы, уый куы нӕ зона, уӕд ын дӕ бон у зӕгъын, цӕмӕй иумӕ исты саразат, зӕгъӕм, атезгъо кӕнат. Йӕ та дӕ бон у йемӕ дуканимӕ ацӕуын, ӕфснайынмӕ йӕм фӕкӕсын кӕнӕ йын ӕндӕр искуыд баххуыс кӕнын (Галатӕгтӕм 6:2).

«Ут бирӕфӕразон» (1 ФЕССАЛОНИКӔГТӔМ 5:14).

Де ’мбалмӕ, гӕнӕн ис, дзурын алкӕд ма цӕуа. Дӕ бон ын у зӕгъын, аныхас кӕнын ӕй куы фӕнда, уӕд ӕм ӕхсызгонӕй кӕй байхъусдзынӕ. Йӕ низы аххосӕй, гӕнӕн ис, ахӕмӕй исты зӕгъа кӕнӕ сараза, ӕмӕ дӕ фӕхъыг кӕна. Чи зоны, иумӕ цыдӕр спълан кодтат, фӕлӕ дын стӕй загъта, нал мын уайы, зӕгъгӕ. Йе та, гӕнӕн ис, хатт ӕнкъард вӕййы кӕнӕ йӕм сдзырд нӕ вӕййы. Уӕддӕр-иу фӕразон у ӕмӕ-иу бацархай, цӕмӕй йӕ бамбарай (Ӕмбисӕндтӕ 18:24).

Де ’ххуыс стыр пайда у

«Ӕз фӕархайын, цӕмӕй хорз ӕмбал уон ӕмӕ ме ’мбалы ныфс уа, кӕдфӕндыдӕр йӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕудзынӕн. Йӕ зындзинӕдтӕ аиуварс кӕнын мӕ бон нӕу, фӕлӕ йӕм мӕ бон вӕййы лӕмбынӕг байхъусын. Хатт ӕй фӕхъӕуы ӕрмӕстдӕр йӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суадзын ӕмӕ йын уӕд фенцондӕр вӕййы» (Фэрра a, йе ’мбалмӕ ис депресси, стӕй расстройство пищевого поведения ӕмӕ тревожное расстройство).

«Иу ӕмбал мын ис, ӕмӕ у тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хъӕлдзӕг адӕймаг. Айразмӕ мӕ сӕхимӕ фӕхуыдта ӕмӕ мӕ диссаджы хӕрзад хӕринӕгтӕй федта. Йӕ уарзтӕй мӕ барӕвдыдта, дзӕбӕх абадтыстӕм ӕмӕ йын, мӕ зӕрдӕйы цы уыд, уыдӕттӕ радзырдтон. Уый фӕрцы тынг бафидар дӕн!» (Ха Ын, ис ӕм депресси).

«Фӕразон уай, уый тынг ахсджиаг у. Мӕ бинойнаг мын мӕ зӕрдӕ истӕмӕй куы фӕриссын кӕны, уӕд мӕ хъуыдыйы фӕдарын, уый йӕхи аххос кӕй нӕу, фӕлӕ йӕ низы аххос. Уый фӕрцы йӕм не смӕсты вӕййын ӕмӕ йӕм вӕййын фӕлмӕнзӕрдӕ» (Джейкоб, йӕ бинойнагмӕ ис депресси).

«Мӕ бинойнаг мын тынг ӕххуыс кӕны ӕмӕ мӕ ныфс бауадзы. Тыхст хъуыдытӕ мӕ сӕ быны куы скӕнынц, уӕд мӕм цыдӕртӕ аразын нӕ фӕцӕуы, ӕмӕ мын мӕ бинойнаг уыдӕттӕ нӕ фӕаразын кӕны. Уый тыххӕй хатт, цы уарзы, уыдӕттӕй ӕнӕхай фӕвӕййы. Мӕ бинойнагӕн аргъ дӕр нӕй. У рӕдау адӕймаг ӕмӕ цӕттӕ вӕййы йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ дӕр» (Энрико, ис ӕм тревожное расстройство).

a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.