Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Ӕз дӕн Чырыстийы ӕфсӕддон

Ӕз дӕн Чырыстийы ӕфсӕддон

Мӕ алыварс нӕмгуыты ӕхситт хъуысти, ӕмӕ сабыргай мӕ урс къухмӕрзӕн хӕрдмӕ систон. Чи ӕхста, уыцы салдӕттӕ хъӕр кодтой, цӕмӕй ме ’мбӕхсӕн бынатӕй рацыдаин. Ӕз сӕм сабыргай бацыдтӕн. Хъуыды кодтон, ӕвӕццӕгӕн, удӕгасӕй нал баззайдзынӕн, зӕгъгӕ. Ахӕм тӕссаг уавӕры куыд бахаудтӕн?

ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1926 азы Грецийы, иу гыццыл хъӕуы, Карицӕ, зӕгъгӕ. Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мадӕн ацы дунемӕ цы аст сывӕллоны рантыст, уыдонӕй ӕз уыдтӕн ӕвдӕм. Мӕ ныййарджытӕ уыдысты кусаг, фӕллойуарзаг адӕм.

Куы райгуырдтӕн, уымӕй иу аз раздӕр мӕ ныййарджытӕ базонгӕ сты Иоаннис Паппаризосимӕ, зынгзӕрдӕ ӕмӕ дзырдарӕхст Библииртасӕгимӕ (Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уӕд афтӕ хуындысты). Иоаннис Библийӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй хаста, уымӕй сын сӕ зӕрдӕ бацагайдта, ӕмӕ райдыдтой нӕ хъӕуы Библииртасджыты ӕмбырдтӕм цӕуын. Мӕ мад Йегъовӕйыл афтӕ фидарӕй ӕууӕндыд, ӕмӕ диссаг. Ӕмӕ кӕд кӕсын-фыссын дзӕбӕх нӕ зыдта, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр дзырдта, цӕуыл ӕууӕндыд, уый тыххӕй. Хъыгагӕн, мӕ фыд фылдӕр адӕмы хъӕндзинӕдтӕ уыдта, ӕмӕ куыдфӕстагмӕ ӕмбырдтӕм нал цыд.

Мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртимӕ Библи тынг уарзтам, фӕлӕ фылдӕр уарзтам хъазын ӕмӕ нӕ рӕстӕг не ’мбӕлттимӕ ӕрвитын. Фӕлӕ 1939 азы Дыккаг дунеон хӕст Европӕйыл куы анхъӕвзта, уӕд, нӕ хъӕуы цы хабар ӕрцыд, уымӕй арвы цӕфау фестӕм. Нӕ сыхаг ӕмӕ нӕ хӕстӕг Николаос Псаррас дӕр уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, донаргъуыд ӕрӕджы райста. Ӕмӕ йӕм ӕфсадмӕ фӕсидтысты. Николаосыл цыди 20 азы, ӕмӕ ӕфсӕддон хицӕуттӕн фидарӕй загъта: «Ӕз хӕстмӕ нӕ ацӕудзынӕн, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы ӕфсӕддон дӕн». Уӕд ӕй ӕфсӕддон тӕрхондоны раз ӕрлӕууын кодтой, ӕмӕ йын 10 азы радтой.

Фӕлӕ 1941 азы райдианы цӕдисон ӕфсӕдтӕ (уыди дзы Великобританийы ӕфсад ӕмӕ ма иннӕтӕ дӕр) цыбыр рӕстӕгмӕ Грецимӕ куы бацыдысты, уӕд Николаосы ахӕстонӕй рауагътой. Фӕстӕмӕ Карицӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕй мӕ хистӕр ӕфсымӕр Илиас фарстаты бын фӕкодта – фӕндыди йӕ Библийӕ фылдӕр базонын. Ӕз дӕр сӕм лӕмбынӕг хъуыстон. Уый фӕстӕ ӕз, Илиас ӕмӕ нӕ кӕстӕр хо Ефморфийӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр цыдыстӕм. Иннӕ аз не ’ртӕ дӕр нӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтам ӕмӕ донаргъуыд райстам. Фӕстӕдӕр нӕ дыууӕ ӕфсымӕры ӕмӕ нӕ дыууӕ хойы дӕр систы Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ.

1942 азы Карицӕйы ӕмбырды уыди фараст ӕрыгон хо ӕмӕ ӕфсымӕры, цыди ныл 15 азӕй 25 азы онг. Не ’ппӕт дӕр ӕй ӕмбӕрстам, уӕззау фӕлварӕнтӕ нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ цӕмӕй нӕхи бацӕттӕ кодтаиккам, уый тыххӕй-иу ӕрӕмбырд стӕм, фадат-иу нын куыддӕр фӕци, афтӕ ӕмӕ-иу Библи ахуыр кодтам, нӕ зарджытӕ-иу зарыдыстӕм ӕмӕ-иу куывтам. Ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уырнындзинад бафидар.

Димитриос ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ Карицӕйы

БӔСТӔЙЫ МИДӔГ ХӔСТ РАЙДЫДТА

Дыккаг дунеон хӕст йӕ кӕронмӕ куы хӕццӕ кодта, уӕд грекъаг коммунисттӕ Грецийы хицауады ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ бӕстӕйы мидӕг хӕсты зынг ссыгъд. Партизантӕ хъӕутыл зылдысты ӕмӕ цӕрджыты тыхӕй сӕ къордтӕм кодтой. Нӕ хъӕумӕ куы ’рбабырстой, уӕд ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕй ӕртӕйы семӕ акодтой: мӕн, Антониос Цукарисы ӕмӕ Илиасы. Мах сын дзырдтам, чырыстӕттӕ стӕм ӕмӕ хӕстмӕ нӕ цӕуӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр акодтой ӕмӕ нӕ 12 сахаты бӕрц Олимпы хохмӕ фӕцӕуын кодтой.

Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нын коммунистты командир бардзырд радта, цӕмӕй партизанты къордмӕ баиу уыдаиккам. Мах ын бамбарын кодтам, ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз кӕй нӕ исынц ӕмӕ адӕмы кӕй нӕ марынц. Уымӕн йӕ маст рафыхт, ӕмӕ нӕ инӕлармӕ смидӕг кодта. Инӕларӕн дӕр нӕ хабар ракодтам, ӕмӕ уый загъта: «Уӕд та, чи фӕцӕф, уыцы салдӕтты рынчындонмӕ хӕрӕгыл ласдзыстут».

Мах ын дзуапп радтам: «Ӕмӕ уӕдта ма хицауады ӕфсӕдты къухмӕ бахаудыстӕм. Афтӕ нӕ банхъӕлдзысты, ӕмӕ мах дӕр хӕцгӕ кӕнӕм?» Инӕлар загъта: «Уӕд та, чи хӕцы, уыдонӕн дзул ласдзыстут». Мах та йын загътам: «Ӕмӕ нӕ командиртӕй исчи хӕрӕгимӕ куы фена ӕмӕ нын тохы быдырмӕ хӕцӕнгарз куы ласын кӕна, уӕд та?» Инӕлар бирӕ фӕхъуыды кодта, ӕмӕ стӕй фӕхъӕр кодта: «Омӕ уӕд та хӕхты цӕрдзыстут ӕмӕ дзугтӕм кӕсдзыстут! Фыстӕ хизӕн дӕр уын нӕй?»

Не ’ртӕмӕ дӕр афтӕ фӕкаст, ӕмӕ, фыстӕм куы кӕсӕм, уӕд уымӕй нӕ цӕсгом нӕ фӕчъизи кӕндзыстӕм. Афӕдзы фӕстӕ Илиасӕн бар радтой, цӕмӕй хӕдзармӕ аздӕхтаид ӕмӕ нӕ идӕдз мадмӕ кастаид, уымӕн ӕмӕ хистӕр фырт уыд. Антониос та рынчын фӕци, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй суӕгъд кодтой. Фӕлӕ ӕз дарддӕр уыдтӕн ахст.

Уӕдмӕ Грецийы хицауады ӕфсӕдтӕ коммунисттыл уӕлахиз кӕнын райдыдтой. Уацары кӕмӕ уыдтӕн, уыдон хӕхтыл сыхаг Албанимӕ лидзӕг фесты. Арӕнмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтам, уӕд ӕй бамбӕрстам, хицауады ӕфсӕдты салдӕттӕ ныл кӕй ӕртыхстысты. Мӕ хъахъхъӕнджытӕ фыртӕссӕй лидзынмӕ фесты. Ӕз та, чи афӕлдӕхт, ахӕм бӕласы фӕстӕ бамбӕхстӕн. Ӕмӕ, райдианы цы хабары кой кодтон, салдӕттӕ мӕ ме ’мбӕхсӕн бынатӕй рацӕуын кодтой, зӕгъгӕ, уый дӕр уӕд ӕрцыд.

Уыцы салдӕттӕн куы загътон, коммунисттӕм уацары кӕй уыдтӕн, уӕд мӕ семӕ акодтой, Веримӕ ӕввахс цы ӕфсӕддон лагер уыд, уырдӕм (горӕт Верийы кой ис Библийы дӕр). Фӕндыди сӕ, чи дӕн, цы дӕн, уый базонын. Уым мын загътой, салдӕттӕн акъоппытӕ къахдзынӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын куы не сразы дӕн, уӕд сӕ хицау бардзырд радта, ӕмӕ мӕ ахастой Макронисосмӕ – ахст адӕмы кӕдӕм ӕрвыстой ӕмӕ-иу адӕймаг йӕ койӕ дӕр кӕмӕн барызт, уыцы сакъадахмӕ.

ТАСӔФТАУӔГ САКЪАДАХ

Хурсыгъд, ӕдзӕрӕг сакъадах Макронисос ис Аттикӕйы былгӕрон, Афинтӕй иу-50 километры дарддӕр. Йӕ дӕргъ 13 километры йеддӕмӕ нӕу, йӕ уӕрх та ӕппӕты уӕрӕхдӕр бынаты у 2,5 километры. Фӕлӕ уырдӕм 1947–1958 азты цы адӕм ӕрцыд хаст, уыдон уыдысты 100 минӕй фылдӕр. Се ’хсӕн уыд коммунисттӕ ӕмӕ, коммунисттыл кӕй нымадтой, уыдон, раздӕр сӕрибардзинадыл ӕмӕ хицауады ныхмӕ чи тох кодта, уыцы адӕм, стӕй тынг бирӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Макронисосмӕ бахаудтӕн 1949 азы райдианы. Уыди дзы цалдӕр лагеры, ӕмӕ мӕн ӕмӕ ма цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы арвыстой, закъӕттӕ ахӕм карз кӕм нӕ уыдысты, уыцы лагермӕ. 10 адӕймагӕн чи уыд, ахӕм кӕттаг пъалаткӕйы зӕххыл хуыссыдыстӕм иу-40 адӕймагӕй. Нызтам смаггӕнаг дон, нӕ хӕринаг та арӕхдӕр уыд тъӕпӕн хъӕдур ӕмӕ баклажантӕ. Бӕстӕ рыг кӕй уыд ӕмӕ дзы ӕдзухдӕр дымгӕ кӕй дымдта, уымӕй-иу тухӕнӕй мардыстӕм. Фӕлӕ хорз, ӕмӕ нӕ бон-сауизӕрмӕ уӕззау дуртӕ рахӕсс-бахӕсс кӕнын уӕддӕр нӕ хъуыди. Ахӕм удхайраг куыст чи кодта, уыцы ахст адӕмӕй-иу бирӕтӕ, мӕгуыр сӕ бон, фӕсахъат сты ӕмӕ-иу сӕ зонд дӕр фӕкуыддӕр.

Иннӕ ахст Ӕвдисӕнтимӕ сакъадах Макронисосыл

Иу бон денджызы был куы фӕцӕйцыдтӕн, уӕд амбӕлдтӕн цалдӕр Ӕвдисӕныл, уыдон иннӕ лагертӕй уыдысты. Кӕрӕдзийыл цы цин фӕкодтам! Уый фӕстӕ дӕр-иу фембӕлдыстӕм, фадат-иу куы фӕци, уӕд, фӕлӕ-иу нӕхи хъахъхъӕдтам, цӕмӕй нӕ мачи базыдтаид. Стӕй-иу иннӕ ахст адӕмӕн дӕр сусӕгӕй хъусын кодтам, ӕмӕ дзы фӕстӕдӕр чидӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы. Уыдӕтты фӕрцы, стӕй-иу Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кӕй куывтам, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ.

СУДЗГӔ ПЕЦЫ

Дӕс мӕйы дӕргъы мӕ «раст зондыл арӕзтой», ӕмӕ уый фӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ ӕфсӕддон дарӕс скӕндзынӕн. Куы нӕ бакуымдтон, уӕд мӕ лагеры хицауы раз балӕууын кодтой. Ӕз ӕм радтон, цы зондыл хӕст дӕн, уый фыст кӕм уыд, уыцы гӕххӕтт. Ныффыстон дзы: «Ӕз уыдзынӕн ӕрмӕстдӕр Чырыстийы ӕфсӕддон». Уый мӕм бартхъирӕн кодта, ӕмӕ мӕ стӕй арвыста йӕ хӕдивӕгмӕ. Уый уыди грекъаг православон архиепископ, ӕмӕ сӕрӕй-къӕхты бынмӕ арӕзт уыди, дины разамонджытӕ куыд арӕзт вӕййынц, афтӕ. Ӕз ын йӕ фарстатӕн Библийӕ фидарӕй дзуапп куы фӕлӕвӕрдтон, уӕд мӕстыйӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Адде йӕ кӕнут ардыгӕй! Амӕн йӕ зонд фӕцыд!»

Иннӕ райсом дӕр та мын ӕфсӕддонтӕ ӕфсӕддон дарӕс кӕнын кодтой. Куы нӕ та сын бакуымдтон, уӕд мӕ тымбылкъухӕй ӕмӕ хъӕдын хъилӕй фӕхостой. Уый фӕстӕ мӕ акодтой лагеры рынчындонмӕ, цӕмӕй федтаиккой, ме стджытӕ саст сты ӕви нӕ. Стӕй мӕ фӕстӕмӕ пъалаткӕмӕ ӕрбахӕр-хӕр кодтой. Дыууӕ мӕйы дӕргъы мын алы бон дӕр ахӕм фыдмитӕ кодтой.

Фӕлӕ ӕз уӕддӕр Йегъовӕйыл уыдтӕн иузӕрдион. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн сӕ фӕндӕй куы ницы рауад, уӕд та ӕрхъуыды кодтой ног мадзал. Мӕ къухтӕ мын фӕстӕрдӕм бабастой ӕмӕ мын мӕ къахыбынтӕ сӕ тых, сӕ бонӕй бӕндӕнтӕй хостой. Фыррыстӕй мӕ бон нал уыд, фӕлӕ Йесойы ныхӕстӕ мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты: «Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой... Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг,– афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыд, уыдоны дӕр» (Матф. 5:11, 12). Мӕ хъизӕмӕрттӕн сӕ кӕрон нал зынди, ӕмӕ фӕстагмӕ бауадзыг дӕн.

Мӕхимӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд уыдтӕн зыбыты уазал камерӕйы, ӕмӕ мӕм нӕдӕр дзул уыд, нӕдӕр дон, нӕдӕр хъӕццул. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ зӕрдӕ уыд сабыр. Библийы куыд фыст ис, афтӕ мын «Хуыцауы фарн» мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ зонд хъахъхъӕдта (Фил. 4:7). Иннӕ бон мын иу фӕлмӕнзӕрдӕ ӕфсӕддон радта дзул, дон ӕмӕ цинел. Иннӕ ӕфсӕддон та мын йӕ хӕринаг радта. Ахӕм уавӕрты Йегъовӕйы фӕлмӕн уарзт мӕхиуыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ банкъардтон.

Уыдӕтты фӕстӕ мӕ банымадтой, сраст кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фыдгӕнӕгыл, ӕмӕ мӕ арвыстой Афинтӕм, ӕфсӕддон тӕрхондонмӕ. Уым мын стӕрхон кодтой ӕмӕ мын радтой ӕртӕ азы. Арвыстой мӕ, Яросы сакъадахыл цы ахӕстон уыд, уырдӕм. Ярос та ис Макронисосӕй скӕсӕнырдӕм иу-50 километры дарддӕр.

«ӔУУӔНДӔН УЫЛ... ИС»

Яросы ахӕстон уыд сырх агуыридурӕй амад стыр фидар. Бадти дзы политикон архайджытӕ, 5 минӕй фылдӕр, стӕй ма авд Йегъовӕйы Ӕвдисӕны – хӕсты ӕмӕ политикӕйы кӕй нӕ архайдтой, уый тыххӕй. Кӕд нын уый бар нӕ уыд, уӕддӕр-иу авдӕй ӕрӕмбырд стӕм, куыд ничи нӕ федтаид, афтӕ ӕмӕ-иу Библи ахуыр кодтам. Суанг ма нын сусӕгӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» дӕр хастой, стӕй-иу ӕй къухӕй рафыстам ӕмӕ йӕ ахуыр кодтам.

Иуахӕмы Библи куы ахуыр кодтам, уӕд нӕ ахӕстоны хъахъхъӕнджытӕй иу баййӕфта ӕмӕ нын нӕ литературӕ байста. Уый фӕстӕ нӕ акодта ахӕстоны хицауы хӕдивӕгмӕ, ӕмӕ ахъуыды кодтам, ныр ахӕстоны ноджы фылдӕр фӕбаддзыстӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дын уыцы лӕг афтӕ куы зӕгъид: «Мах ӕй зонӕм, чи стут, уый, ӕмӕ афтӕ фидар кӕй лӕуут, уый тыххӕй уын аргъ кӕнӕм. Зонӕм ӕй, ӕууӕндӕн уыл кӕй ис. Ныр та ацӕут ӕмӕ кусут». Кӕмӕндӕрты та ма ӕнцондӕр куыст дӕр радта. Йегъовӕйӕ афтӕ бузныг уыдыстӕм, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Суанг ахӕстоны дӕр нӕ иузӕрдиондзинадӕй Йегъовӕйы кадджын кодтам.

Уымӕй уӕлдай, фидар кӕй лӕууыдыстӕм, уый иннӕ ахст адӕм дӕр ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фесты. Зӕгъӕм, нӕхи куыд дардтам, уымӕ иуцасдӕр йӕ хъус дардта математикӕйы профессор. Ӕмӕ нӕ иу бон фӕрсын райдыдта, цӕуыл ӕууӕндыдыстӕм, уымӕй. 1951 азы райдианы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахӕстонӕй куы рауагътой, уый дӕр уӕд рауагътой. Фӕстӕдӕр донаргъуыд райста ӕмӕ сси ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг.

НЫР ДӔР МА ДӔН ӔФСӔДДОН

Мӕ бинойнаг Джанеттимӕ

Куы мӕ суӕгъд кодтой, уӕд ӕрыздӕхтӕн мӕ бинонтӕм, Карицӕмӕ. Фӕстӕдӕр нӕ бӕстӕйӕ бирӕтимӕ цӕрынмӕ ацыдтӕн Австралимӕ, Мельбурнмӕ. Уым базонгӕ дӕн иу дзӕбӕх хоимӕ, Джанеттимӕ, ӕмӕ нӕ цард баиу кодтам. Нӕ лӕппуйы ӕмӕ не ’ртӕ чызджы дӕр чырыстон фӕндагыл сӕвӕрдтам.

Ныртӕккӕ мыл цӕуы 90 азӕй фылдӕр, ӕмӕ ма абон дӕр лӕггад кӕнын хистӕр нӕлгоймагӕй. Кӕддӕр мын лагеры цы фыдмитӕ фӕкодтой, уыдоны тыххӕй мӕ буар ӕмӕ мӕ къӕхтӕ иуӕй-иу хатт фӕриссынц, уӕлдайдӕр та хъусын кӕнынмӕ куы вӕййын, уый фӕстӕ. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр мӕ фидар фӕнд у, цӕмӕй дарддӕр дӕр уон «Чырыстийы... ӕфсӕддон» (2 Тим. 2:3).