Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕстдзинад ма ахсджиаг у?

Рӕстдзинад ма ахсджиаг у?

 Мыййаг дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕм рӕстдзинад кӕд фӕдзурынц ӕмӕ сайгӕ кӕд фӕкӕнынц, уый бӕрӕг нал у? Адӕм тынгдӕр ӕууӕндынц, сӕхи цӕуыл фӕнды кӕнӕ сӕм растдӕр цы кӕсы, ууыл, хабӕрттӕ ӕцӕгӕй куыд сты, ууыл нӕ, фӕлӕ. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ рӕстдзинад нӕй.

 Адӕм афтӕ ӕрмӕст абон нӕ хъуыды кӕнынц. Иу-2 000 азы размӕ ромаг хицау Понтий Пилат Йесойы бафарста: «Рӕстдзинад та цы у?» (Иоанны 18:38). Кӕд Пилат дзуапмӕ нӕ банхъӕлмӕ каст, уӕддӕр уый ахсджиаг фарста у. Библийы ацы фарстайӕн цы дзуапп ис, уый, чи зоны, дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый базонынӕн, кӕд уыцы фарстайӕн ацы дунейы бирӕтӕ дзуапп нӕ зонынц, уӕддӕр.

Рӕстдзинад ис?

 Ис. Библийы дзырд «рӕстдзинад» амоны, ӕцӕг цы у, стӕй уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ раст цы у, уымӕ. Уым фыст ис, ӕцӕг рӕстдзинад Йегъовӕ a Хуыцауӕй кӕй цӕуы ӕмӕ йӕ хоны «рӕстдзинады Хуыцау» (Псалом 31:5). Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау адӕмӕн кӕй ӕргом кӕны уыцы рӕстдзинад. Уыцы рӕстдзинад Библи бары, ацы змӕст дунейы нын фӕндаг чи амоны, ахӕм рухсимӕ (Псалом 43:3; Иоанны 17:17).

Дӕ бон куыд у рӕстдзинад ссарын?

 Хуыцау афтӕ нӕ зӕгъы, цӕмӕй Библийы рӕстдзинадыл ӕууӕндӕм, ма йыл хъуыды кӕнӕм, афтӕмӕй. Уый фӕнды, цӕмӕй Библи лӕмбынӕг иртасӕм ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнӕм (Ромӕгтӕм 12:1). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йӕ «ӕппӕт зондӕй» бауарзӕм (Матфейы 22:37, 38). Ӕмӕ нын дзуры, цӕмӕй-иу сбӕлвырд кӕнӕм, Библийӕ цы базонӕм, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ (Хъуыддӕгтӕ 17:11).

Мӕнгдзинад куыд фӕзынд?

 Библийы фыст ис, фыццаг мӕнг ныхас Хуыцауы знаг Хӕйрӕг кӕй загъта. Библи йӕ хоны «мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44). Хӕйрӕг фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы асайдта – Хуыцауӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта (Райдиан 3:1–6, 13, 17–19; 5:5). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕны ӕмӕ архайы, цӕмӕй адӕм Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад ма базоной (Раргомад 12:9).

Абон мӕнгдзинад афтӕ парахат цӕмӕн у?

 Мах цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый Библи хоны «фӕстаг бонтӕ». Ӕмӕ абон адӕм Хӕйрӕджы мӕнгард зондахастӕй куыд тынг хъӕстӕ сты ӕмӕ сӕ Хӕйрӕг абон куыд тынг сайы, афтӕ никуы. Бирӕтӕм иннӕты асайын ӕппындӕр ницы кӕсы, уый сын исты пайда куы уа, уӕд (2 Тимофеймӕ 3:1, 13). Ӕмӕ абон динтӕн дӕр сӕ фылдӕр адӕмы сайынц. Нӕ рӕстӕджы адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Сӕ алыварс ӕмбырд кӕндзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхӕстӕ уой, ахӕм ахуыргӕнджыты... рӕстдзинадмӕ нал хъусдзысты, фӕлӕ» (2 Тимофеймӕ 4:3, 4).

Рӕстдзинад ӕцӕгдӕр хъӕуы?

 Адӕм ӕнӕ рӕстдзинадӕй, ома, раст цы у, уый куы нӕ дзурой, уӕд, кӕрӕдзийыл не ’ууӕнддзысты. Ӕмӕ ӕнӕ ’ууӕнкӕй та нӕдӕр хорз ӕмбӕлттӕ ис, нӕдӕр – фидар ӕхсӕнад. Библийы фыст ис, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын кувӕм рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ: «[Хуыцауӕн] чи кувы, уыдон ын хъуамӕ кувой йӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (Иоанны 4:24). Фӕнды дӕ базонын, Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, динтӕ рӕстдзинад амонынц ӕви нӕ, уый бамбарай ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕй фервӕзай? Уӕд бакӕс журнал «Бирӕтӕн Хуыцауы уарзын зын цӕмӕн у?».

Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй рӕстдзинад базонай?

 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонай (1 Тимофеймӕ 2:4). Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый тыххӕй Хуыцау цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон куы базонай ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд де ’ввахс Хӕлар суыдзӕн (Псалом 15:1, 2). Хуыцау Йесойы зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй адӕм рӕстдзинад базыдтаиккой. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй Йесойы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм (Матфейы 17:5; Иоанны 18:37).

Хуыцау мӕнгдзинадӕн искуы кӕрон скӕндзӕн?

 О. Хуыцау йе сӕфт уыны, иннӕты чи фӕсайы, цӕмӕй сӕ исты расайа, ахӕм адӕмӕй. Уый зӕгъы, сайгӕ чи кӕны ӕмӕ ивын кӕй нӕ фӕнды, уыдоны зӕххы цъарӕй кӕй фесафдзӕн (Псалом 5:6). Ӕмӕ стӕй сӕххӕст кӕндзӕн ацы зӕрдӕвӕрд дӕр: «Рӕстдзинад чи дзуры, уый уыдзӕн ӕнустӕм» (Ӕмбисӕндтӕ 12:19).

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18). Кӕс статья «Чи у Йегъовӕ?».