Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ilbusca/E+ via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Адӕмӕн сӕ бон сабыр цард скӕнын цӕуылнӕ у? Библийы цы фыст ис?

Адӕмӕн сӕ бон сабыр цард скӕнын цӕуылнӕ у? Библийы цы фыст ис?

 Зӕххон хицӕуттӕн ӕмӕ ӕппӕтдунеон организацитӕн сӕ бон нӕу сабыр цард скӕнын. Абон цас карз быцӕутӕ ӕмӕ хӕстытӕ цӕуы, уыйбӕрц Дыккаг дунеон хӕстӕй нырмӕ никуыма цыд. Дыууӕ миллиард адӕймаджы бӕрц – зӕххы цӕрджытӕн сӕ цыппӕрӕм хай – цӕрынц, ахӕм быцӕутӕ ӕмӕ хӕстытӕ кӕм цӕуы, уыцы рӕтты.

 Адӕмӕн сӕ бон цӕуылнӕ у сабыр цард скӕнын? Библийы цы фыст ис?

Адӕмӕн сӕ бон цӕуылнӕ у сабыр цард скӕнын?

  1.  1. Абон адӕм ахӕм зондыл хӕст сты, ӕмӕ сӕ ӕппындӕр ницы фӕнды аразын, цӕмӕй сабыр цард скӕной. Библийы фыст ис, нӕ рӕстӕджы адӕм кӕй уыдзысты «хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд... мӕнгард... зындзырд... хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр... хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты» (2 Тимофеймӕ 3:2–4).

  2.  2. Адӕмӕн хицӕнтӕй дӕр ӕмӕ иумӕ дӕр сӕ бон нӕу сӕ зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын, се Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕ a сын куы нӕ баххуыс кӕна, уӕд. Библийы фыст ис: «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23).

  3.  3. Дуне ис тыхджын ӕмӕ фыдзӕрдӕ хицауы къухы – Сайтан Хӕйрӕджы къухы. Уый «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы» (Раргомад 12:9). Цалынмӕ «ӕгас дуне... Фыдбылызы къухы» уа, уӕдмӕ уыдзӕн хӕстытӕ ӕмӕ быцӕутӕ (1 Иоанны 5:19).

Зӕххыл сабыр цард чи скӕндзӕн?

 Библийӕ базонӕн ис, сабыр цард адӕм кӕй не скӕндзысты, фӕлӕ Хуыцау.

  •   «Ӕз ӕй хорз зонын, сымах тыххӕй мӕ зӕрды цы ис, уый,– зӕгъы Йегъовӕ.– Мӕнӕн мӕ зӕрды ис сымах бӕллӕхы хай бакӕнын нӕ, фӕлӕ фарнӕй схайджын кӕнын, цӕмӕй уын уа фидӕн ӕмӕ ныфс» (Йереми 29:11).

 Хуыцау йӕ ныхас куыд сӕххӕст кӕндзӕн? «Фарндӕттӕг Хуыцау... Сайтаны... ныссӕнддзӕн» (Ромӕгтӕм 16:20). Хуыцау уӕларвон хицауады фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр сабыр цард скӕндзӕн. Уыцы хицауад Библи хоны «Хуыцауы паддзахад» (Лукайы 4:43). Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо Чырысти зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд адӕмы ахуыр кӕндзӕн кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрын (Исай 9:6, 7).

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).