Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библион атлӕс

Библион атлӕс

Библион атлӕс «Посмотрите на „прекрасную землю“» хорз ӕххуыс у Библи арфдӕр иртасынӕн. Библийы ис бирӕ бынӕтты, горӕтты ӕмӕ бӕстӕты кой. Атлӕсы-иу сӕ ссар ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, Библийы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдоныл куыд ӕндӕвта, кӕм-иу ӕрцыдысты, уый. Ацы атлӕсӕй куы пайда кӕнай, уӕд-иу дын Библи кӕсгӕйӕ ӕмӕ иртасгӕйӕ ӕнцондӕр уыдзӕн хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын.

Атлӕсы «Посмотрите на „прекрасную землю“» ис алыхуызон ахорӕнтӕй конд картӕтӕ ӕмӕ таблицӕтӕ. Фенӕн сыл ис, Библийы цы зӕххыты кой цӕуы, уыдон уыцы заман цыхуызӕн уыдысты, уый. Ис ма дзы схемӕтӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Уыдон дӕр дын стыр ӕххуыс уыдзысты Библи иртасынӕн.

Ацы атлӕсы фӕрцы цы базонӕн ис?

  • Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков кӕмыты цыдысты.

  • Израилӕгтӕ Египетӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕуылты цыдысты.

  • Израилӕгтӕ ӕмӕ се знаг адӕмтӕ кӕм цардысты.

  • Йесо кӕмыты хъусын кодта.

  • Библийы кӕй кой ис, уыцы паддзахӕдтӕ, зӕгъӕм, Вавилон, Греци ӕмӕ Ром, цӕйас зӕххытӕ ахстой.

Ацы атлӕс ис онлайн, у лӕвар.