Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библи цӕй тыххӕй у

Библи цӕй тыххӕй у

Алы заман дӕр Библи куыд парахат уыд, афтӕ иу чиныг дӕр нӕ, ӕмӕ йын бирӕтӕ тынг аргъ кӕнынц. Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Ацы зындгонд чиныджы цӕй тыххӕй ис фыст?»

Брошюрӕйы «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?» фыст ис, Библи цӕй тыххӕй у, уый. Йӕ фӕрцы базондзынӕ Библийы сӕйраг темӕ. Цыбыртӕй дзы фыст ис, Библийы Райдианы чиныгӕй Раргомады чиныджы онг цы хабӕртты кой ис, уыдоны тыххӕй – Хуыцау алцыдӕр куыд сфӕлдыста, уымӕй райдай ӕмӕ, адӕммӕ цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй фӕу. Брошюрӕйы ис рӕстӕгамонӕн хахх, ӕмӕ йыл амынд ис, ахсджиаг хабӕрттӕ кӕд ӕрцыдысты, уый. Ис дзы рӕсугъд нывтӕ ӕмӕ, хъуыдытыл чи ’фтауы, ахӕм фарстатӕ. Уыцы фарстатӕ сты ӕрмӕгыл аныхас кӕнынӕн.

Кӕс «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?» онлайн.