Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ӔХХУЫС БИНОНТӔН

Дӕ сывӕллонимӕ карз нозты тыххӕй дзур

Дӕ сывӕллонимӕ карз нозты тыххӕй дзур

 «Фыццаг хатт нӕ чызгимӕ карз нозты тыххӕй аныхас кодтам, 6 азы йыл куы цыд, уӕд. Тынг бадис кодтам, нозты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕй зыдта, ууыл» (Александр).

 Цы хъуамӕ зонай

 Дӕ сывӕллонимӕ карз нозты тыххӕй дзур. Ма ӕнхъӕлмӕ кӕс, цалынмӕ дӕ сывӕллон йӕ рӕзгӕ кары бацӕуа, уӕдмӕ. Уӕрӕсейӕ иу нӕлгоймаг, Хамит, зӕгъгӕ, загъта: «Хорз уыдаид, нӕ лӕппу ма гыццыл куы уыд, уӕд куы аныхас кодтаиккам йемӕ карз нозты тыххӕй. Уый куыд ахсджиаг у, уый мӕхицӕй зонын. Ӕз базыдтон, мӕ лӕппу 13-аздзыдӕй кӕй райдыдта нуазын».

 Ууыл цӕмӕн хъуамӕ тыхсай?

  •   Дӕ сывӕллон нозтмӕ цы цӕстӕй кӕсдзӕн, ууыл ӕндавынц йе ’мкъласӕгтӕ, рекламӕ ӕмӕ телевизор.

  •   Америкӕйы иу центры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕнахъом сывӕллӕттӕн сӕ 11 проценты карз нозт нуазынц (Centers for Disease Control and Prevention).

 Уӕдӕ диссаг нӕу, медицинӕйы кусджытӕ ныййарджытӕн кӕй дзурынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн хӕрз гыццылӕй амоной, карз нозт цы зиан хӕссы, уый. Дӕуӕн та дӕ бон цы у аразын?

 Дӕ бон цы у аразын

 Рагацау ахъуыды кӕн, дӕ сывӕллонмӕ, гӕнӕн ис, цавӕр фарстатӕ фӕзына, ууыл. Гыццыл сывӕллӕттӕ цымыдис вӕййынц, стырдӕр сывӕллӕттӕ та ноджы цымыдисдӕр. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хорз цӕттӕ уай, куы дӕ бафӕрса, уӕд ын цы зӕгъдзынӕ, уымӕ. Зӕгъӕм:

  •   Дӕ сывӕллоны фӕнды базонын, карз нозт цӕй ад кӕны, уый. Уӕд ын дӕ бон у зӕгъын, сӕн иугыццыл туаг сокы ад кӕй кӕны, бӕгӕны та тынг маст кӕй у.

  •   Дӕ сывӕллоны фӕнды карз нозт бануазын. Уӕд ын дӕ бон у зӕгъын, нозт сывӕллонӕн ӕгӕр карз кӕй у. Зӕгъ ын, адӕймаг карз нозт куы бануазы, уӕд ӕм фыццаг хорз кӕй фӕкӕсы, фӕлӕ стӕй йӕ сӕр фӕзилы, ӕнӕзонд митӕ фӕкӕны ӕмӕ фӕдзуры, фӕстӕдӕр кӕуыл фӕфӕсмон кӕны, ахӕм ныхӕстӕ (Ӕмбисӕндтӕ 23:29–35).

 Фылдӕр базонут. Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг архайы зондӕй» (Ӕмбисӕндтӕ 13:16). Базон, карз нозт цӕмӕ ӕркӕны ӕмӕ уӕ бӕстӕйы нозты фӕдыл цы закъӕттӕ ис, уый. Уӕд хорз цӕттӕ уыдзынӕ, цӕмӕй дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнай.

 Ныхас-иу дӕхӕдӕг райдай. Великобританийӕ иу нӕлгоймаг, Марк, зӕгъгӕ, загъта: «Ӕрыгӕттӕ карз нозтӕй куы бануазынц, уӕд сӕ сӕр сӕ фат нал фембарынц. Мӕ астаздзыд лӕппуйы бафарстон, карз нозт нуазын хорз у ӕви ӕвзӕр. Йемӕ афтӕ ныхас кодтон, цӕмӕй йӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурын ма ’фсӕрмы кодтаид».

 Карз нозты тыххӕй сывӕллонимӕ цалдӕр хатты куы аныхас кӕнай, уӕд хуыздӕр бамбардзӕн, уый фӕдыл ын цы дзырдтай, уый. Дӕ сывӕллоны кармӕ гӕсгӕ-иу карз нозты кой скӕн, йемӕ ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтыл куы дзурай, уӕд дӕр, зӕгъӕм, фӕндагыл йӕхи куыд хъуамӕ хъахъхъӕна, ууыл куы ныхас кӕнай кӕнӕ сексимӕ баст хъуыддӕгтыл куы дзурай.

 Фӕзминаг у. Сывӕллон губкӕйӕ уӕлдай нӕу – цы фӕуыны, уый фӕаразы. Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй сывӕллӕттӕ ӕппӕты тынгдӕр сӕ ныййарджыты фӕфӕзмынц. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ фӕллад суадзыны тыххӕй кӕнӕ дӕ маст ӕрсабыр кӕныны тыххӕй куы нуазай, уӕд дӕ сывӕллон афтӕ хъуыды кӕндзӕн, ӕмӕ царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕла, уыдон нозты фӕрцы скъуыддзаг кӕнӕн уыдзӕн. Уӕдӕ йын фӕзминаг у. Лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, карз нозт дӕхӕдӕг кӕд, цас ӕмӕ цӕмӕн фӕнуазыс, ууыл.

Карз нозтмӕ сымах цы цӕстӕй кӕсут, ахӕм цӕстӕй йӕм кӕсдзысты уӕ сывӕллӕттӕ дӕр