Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Ӕхца фыдбылызы хос у?

Ӕхца фыдбылызы хос у?

Дзуапп Библийӕ

 Нӕу. Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ ӕхца ӕвзӕр у кӕнӕ ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр ӕхцайы аххосӕй цӕуынц. Ӕмӕ кӕд иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, уӕддӕр уый раст нӕу. Библийы фыст ис: «Адӕймаг ӕхцауарзаг куы уа, уӕд уымӕй цӕуы алыхуызон фыдбылызтӕ» (1 Тимофеймӕ 6:10).

 Библийы ӕхцайы тыххӕй цы фыст ис?

 Библийы фыст ис, ӕхца пайда кӕй у, адӕймаг сӕ раст хардз кӕнын куы зона, уӕд, суанг ма йӕ хъахъхъӕнгӕ дӕр кӕй кӕны (Екклесиаст 7:12). Библийӕ ма базонӕн ис, рӕдаудзинад хорз миниуӕг кӕй у (Ӕмбисӕндтӕ 11:25).

 Фӕлӕ ма нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй нын ӕхца царды ӕппӕты сӕйрагдӕр ма суа. Фыст дзы ис: «Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут, цы уын ис, уый фагыл нымайут» (Дзуттӕгтӕм 13:5). Ацы стихӕй бӕрӕг у, ӕхцайӕ раст кӕй хъуамӕ пайда кӕнӕм ӕмӕ, схъӕздыг уӕм, уымӕ ма тырнӕм. Уый бӕсты, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый нын куы уа, зӕгъӕм, хӕринаг, уӕлӕдарӕс ӕмӕ цӕрӕнбынат, уӕд уый хъуамӕ фагыл нымайӕм (1 Тимофеймӕ 6:8).

 Библи нӕ цӕмӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕхцауарзаг ма уӕм?

 Зыд чи кӕны, уыдон ӕнусон цардӕй не схайджын уыдзысты (Ефесӕгтӕм 5:5). Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ зыд кӕнын мӕнгхуыцӕуттӕн кувыныл нымад у (Колоссӕгтӕм 3:5). Уымӕй уӕлдай ма, зыдгӕнаг адӕм арӕх сӕ цӕсгом бахӕрынц ӕмӕ, цӕмӕй сӕ фӕндтӕ сӕ къухы бафтой, уый тыххӕй ницӕуыл фӕауӕрдынц. Ӕмбисӕндты 28:20 фыст ис: «Тагъддӕр схъӕздыг уа, ууыл чи архайы, уый та ӕнаххос нӕ уыдзӕн». Ахӕм адӕм, гӕнӕн ис, фыдхъуыддаг дӕр саразой: искӕй бастигъой, искӕуыл сайдӕй рацӕуой, искӕй адавой кӕнӕ амарой ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

 Кӕд ахӕмӕй ницы сараздзыстӕм, уӕддӕр, ӕхцауарзаг куы уӕм, уӕд нын уый, гӕнӕн ис, зиан ӕрхӕсса. Библийы фыст ис: «Схъӕздыг уа, уымӕ чи тырны, уыдон та бахауынц фӕлварӕны ӕмӕ къӕппӕджы, ӕмӕ сӕм фӕзыны... бирӕ... ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылыз фӕндтӕ» (1 Тимофеймӕ 6:9).

 Библийы ӕхцайы тыххӕй цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын куыд баххуыс кӕндзысты?

 Хуыцау нын ӕхцайы тыххӕй цы дзуры, уымӕ куы хъусӕм, уӕд нӕхицӕн аргъ кӕндзыстӕм. Стӕй нын Хуыцау дӕр арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн. Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдонӕн: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн» (Дзуттӕгтӕм 13:5, 6). Йӕ Ныхасы ма фыст ис: «Иузӕрдион адӕймаг хайджын уыдзӕн бирӕ хорздзинӕдтӕй» (Ӕмбисӕндтӕ 28:20).