Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Чырысти кӕд райгуырд?

Чырысти кӕд райгуырд?

Дзуапп Библийӕ

 Йесо Чырысти кӕд райгуырд, уый фӕдыл Библийы бӕлвырд ницы ис фыст. Уый базонӕн ис иуӕй-иу чингуытӕй:

  •   «Чырысти ӕцӕгдӕр цы бон райгуырд, уый бӕрӕг нӕу» (New Catholic Encyclopedia).

  •   «Йесо Чырысти бӕлвырд кӕд райгуырд, уый ничи зоны» (Encyclopedia of Early Christianity).

 Чырысти кӕд райгуырд, уый тыххӕй кӕд Библийы ницы ис фыст, уӕддӕр дзы ис йӕ райгуырдимӕ баст дыууӕ хабары кой. Ӕмӕ уый фӕрцы бирӕтӕ бамбӕрстой, Чырысти 25 декабры кӕнӕ 7 январы кӕй нӕ райгуырд.

Зымӕджы нӕ райгуырд

  1.   Адӕм сӕхи ныффыстой. Чырыстийы райгуырдӕй гыццыл раздӕр Ромы паддзах Август бардзырд радта, цӕмӕй, «уыцы паддзахады цы адӕм цард, уыдон иууылдӕр сӕхи ныффыстаиккой». Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ йӕхи ныффыссынмӕ ацыдаид, «цы горӕты райгуырд, уырдӕм» ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндагыл иу къуырийӕ фылдӕр бахъуыдысты (Лукайы 2:1–3). Уыцы бардзырд, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй радтой, цӕмӕй хъалонтӕ ӕмбырд кӕнын ӕмӕ нӕлгоймӕгты ӕфсадмӕ кӕнын ӕнцондӕр уыдаид. Бардзырд кӕдфӕнды ма рацыдаид, уӕддӕр адӕмы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдаид. Уӕдӕ паддзах адӕмы зымӕджы уыцы дард фӕндагыл нӕ ацӕуын кодтаид, уымӕн ӕмӕ йӕм уӕд ноджы тынгдӕр смӕсты уыдаиккой.

  2.   Фыстӕ. Фыййӕуттӕ «быдыры цардысты... ӕмӕ ӕхсӕвыгон хъахъхъӕдтой сӕ дзугтӕ» (Лукайы 2:8). Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй-иу фыййӕуттӕ ӕд дзуг быдыры цардысты, Куадзӕнмӕ ма-иу къуыри куы хъуыд, уӕдӕй, ома мартъийы кӕронӕй, ноябры ӕмбисмӕ. Стӕй ма дзы фыст ис: «Зымӕджы-иу фос скъӕты дардтой. Ӕмӕ ӕрмӕст уымӕй дӕр бӕрӕг у, Куадзӕн зымӕджы кӕй бӕрӕг кӕнынц, уый раст кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ Евангелиты фыст ис, фыййӕуттӕ уӕд нырма быдыры кӕй уыдысты» (Daily Life in the Time of Jesus).

Фӕззӕджы райдианы

 Нӕ бон у банымайын, Йесо Чырысти кӕд райгуырд, уый. Чырысти амард нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисаны, уый уыди уалдзӕджы Куадзӕны бон (Иоанны 19:14–16). Чырысти лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыд 30 азы бӕрц ӕмӕ лӕггад кодта ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг. Уӕдӕ Йесо райгуырд нӕ эрӕйы размӕ 2-ӕм азы фӕззӕджы райдианы (Лукайы 3:23).

Чырыстийы гуырӕнбон, кӕнӕ Рождество, 25 декабры йе та 7 январы цӕмӕн бӕрӕг кӕнынц?

 Кӕд Йесо Чырысти 25 декабры кӕнӕ 7 январы нӕ райгуырд, уӕд Рождество уыцы бон цӕмӕн бӕрӕг кӕнынц? Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, аргъуантӕ уыцы бон уымӕн равзӕрстой, ӕмӕ сӕ «фӕндыд уыцы бон бирӕ хуыцӕуттӕн кувӕг ромӕгты бӕрӕгбонимӕ – „ӕнӕбасӕтгӕ Хуры гуырӕнбонимӕ“ баиу кӕнын. Бӕрӕг та йӕ кодтой зымӕгон хурхӕтӕны афонмӕ ’ввахс» (The Encyclopædia Britannica). Ӕндӕр чиныджы та фыст ис, зӕгъгӕ, ахуыргӕндтӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, афтӕ уымӕн бакодтой, цӕмӕй, «бирӕ хуыцӕуттӕн чи куывта ӕмӕ чырыстон дин чи райста, уыдоны цӕсты чырыстон динӕн стырдӕр кад уыдаид» (The Encyclopedia Americana).