Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

«Цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт». Ацы закъон цӕуыл дзурӕг у?

«Цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт». Ацы закъон цӕуыл дзурӕг у?

Дзуапп Библийӕ

 Ацы уагӕвӕрд, «цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт», уыди, Хуыцау Моисейы уылты рагон Израилӕн кӕй радта, уыцы закъоны. Ацы ныхӕстӕ загъта Йесо дӕр, адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд (Матфейы 5:38; Рацыд 21:24, 25; Дыккаг закъон 19:21). Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ-иу фыдгӕнӕджы бафхӕрдтой, йӕхӕдӕг-иу цы зиан ракодта, раст афтӕ a.

 Ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайдтой, иу адӕймаг-иу иннӕмӕн зонгӕ-зонын исты зиан куы ’рхаста, уӕд. Ахӕм адӕймаджы тыххӕй Моисейы закъоны фыст уыд: «Уӕнджы састӕн – уӕнджы саст, цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст. Иннӕ адӕймагӕн цы зиан ракодта, раст ахӕм зиан ракӕнын хъӕуы уымӕн дӕр» (Левит 24:20).

 «Цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт». Ацы закъонӕн йӕ нысан цы уыд?

 Ацы закъон, «цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт», зӕгъгӕ, адӕймагӕн уый бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ маст истаид. Уый тӕрхонгӕнджытӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу адӕймагӕн ӕгӕр карз тӕрхон дӕр ма рахастаиккой ӕмӕ ӕгӕр фӕлмӕн дӕр.

 Ацы закъон ма ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу иу адӕймаг иннӕмӕн зонгӕ-зонын фыдбылыз ма ракодтаид кӕнӕ-иу ууыл хъуыды дӕр ма кодтаид. Закъон ӕмбарын кодта: «Уӕд иннӕтӕ [Хуыцауы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ чи архайдта, уыдон] уыцы хабар фехъусдзысты ӕмӕ фӕтӕрсдзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн ахӕм фыддзинад ничиуал сараздзӕн» (Дыккаг закъон 19:20).

 «Цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт». Ацы закъон чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ ӕххӕст кӕной?

 Нӕ, чырыстӕтты ацы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы. Уый уыди Моисейы закъоны хай ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнын нал хъуыд, Чырысти йӕ цард нывондӕн куы ’рхаста, уӕд (Ромӕгтӕм 10:4).

 Кӕд афтӕ уыди, уӕддӕр ацы закъоны фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, уый. Зӕгъӕм, Хуыцау рӕстдзинадӕн стыр аргъ кӕй кӕны (Псалом 89:14). Стӕй ма ӕмбарын кӕны Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрд, ома фыдгӕнӕг хъуамӕ ӕфхӕрд баййафа, «куыд хъӕуы, афтӕ» (Йереми 30:11).

 Мӕнг ныхӕстӕ ацы закъоны фӕдыл

 Мӕнг ныхас. «Цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт» ӕгӕр карз закъон уыд.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд уыд. Закъон уый бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу адӕймагӕн ӕгӕр карз тӕрхон хаст ӕрцыдаид. Тӕрхон рахӕссыны размӕ уал-иу хъуамӕ фӕлтӕрдджын тӕрхонгӕнджытӕ лӕмбынӕг ӕркастаиккой, фыдракӕнд цы уавӕрты арӕзт ӕрцыд, уымӕ ӕмӕ-иу сбӕрӕг кодтаиккой, зонгӕ-зонын арӕзт ӕрцыд, ӕви нӕ (Рацыд 21:28–30; Нымӕцтӕ 35:22–25). Ацы закъон адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй раст тӕрхон хастаикккой.

 Мӕнг ныхас. Закъон, «цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт», адӕмӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй кӕрӕдзийӕ сӕ маст истаиккой.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Моисейы закъоны фыст уыд: «Дӕ маст ма ис ӕмӕ дӕ адӕмы фырттӕм дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс» (Левит 19:18). Закъон адӕмы сӕ маст исынмӕ нӕ разӕнгард кодта, фӕлӕ цӕмӕй сӕ ныфс дардтаиккой Хуыцауыл ӕмӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзарын ӕмӕ фыдгӕнджыты ӕфхӕрын кӕмӕн бахӕс кодта, уыдоныл (Дыккаг закъон 32:35).

a Уый уыд юридикон уагӕвӕрд, хуыдтой йӕ талионы закъон (латинагау лекс талионис). Раджы заманты кӕцыдӕр адӕмтӕн сӕ тӕрхонгӕнджытӕ ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайдтой.