Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Гомосексуализмы тыххӕй Библи цы дзуры?

Гомосексуализмы тыххӕй Библи цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ ӕмуат ӕрцӕуыны бар ис, лӕг ӕмӕ ус чи сты, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн (Райдиан 1:27, 28; Левит 18:22; Ӕмбисӕндтӕ 5:18, 19). Лӕг ӕмӕ ус чи не сты, уыдон кӕнӕ нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ, йе та сылгоймаг сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцӕуой, Библи уый ныхмӕ у (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Хуыцауы цӕсты ма ӕвзӕр у искӕй ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕм ӕвналын, стӕй, «оральный секс» ӕмӕ «анальный секс» кӕй хонынц, уый дӕр.

 Кӕд Библи гомосексуализмы ныхмӕ у, уӕддӕр нӕ ахӕм зондыл нӕ аразы, цӕмӕй гомосексуалисттӕй не сӕфт уынӕм. Библи чырыстӕттӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй «алкӕмӕн дӕр кад кӕной» (1 Петры 2:17).

 Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ гомосексуалист уа?

Адӕймагмӕ ахӕм монцтӕ цӕмӕн ӕмӕ куыд фӕзыны, уый тыххӕй Библи комкоммӕ нӕ дзуры, фӕлӕ нын ӕмбарын кӕны, нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый аххосӕй Хуыцауы закъӕттӕ кӕй фехалӕм (Ромӕгтӕм 7:21–25). Уӕдӕ, адӕймагмӕ ахӕм монцтӕ кӕцӕй фӕзыны, уый кой кӕд Библийы нӕй, уӕддӕр ахӕм хъуыддӕгты ныхмӕ у.

 Кӕд адӕймагмӕ ахӕм монцтӕ ис, уӕддӕр йӕ бон куыд у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын?

Библи зӕгъы: «Амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ» (Колоссӕгтӕм 3:5). Ӕвзӕр фӕндтӕ ӕркӕнынц ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм, ӕмӕ адӕймагӕн уыцы ӕвзӕр фӕндтӕ амарын йӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, уый кӕнгӕ у, цӕуыл фӕхъуыды кӕны, уымӕй. Кӕд ӕдзухдӕр архайыс, цӕмӕй хорз цӕуылдӕрты хъуыды кӕнай, уӕд ӕнцондӕрӕй фӕтых уыдзынӕ дӕ тӕригъӕдджын фӕндтыл (Филиппӕгтӕм 4:8; Иаковы 1:14, 15). Фыццаг дын, чи зоны, тынг зын уа тох кӕнын, фӕлӕ дын фӕстӕдӕр ӕнцондӕр уыдзӕн. Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, «хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых». Ӕмӕ дын Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, уыцы хъуыддаджы дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Ефесӕгтӕм 4:22–24).

 Фӕлӕ, гомосексуалист чи нӕу, уыдонӕй дӕр милуангай адӕймӕгты фӕхъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрой. Зӕгъӕм, ус ракурыны кӕнӕ чындзы ацӕуыны фадат кӕмӕн нӕй йе та йӕ цардӕмбалимӕ цӕйдӕр тыххӕй ӕмуат ӕрцӕуын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдон сӕхицӕн фӕзӕгъынц, цыфӕндыйӕ дӕр сӕ монцты фӕдыл кӕй нӕ ацӕудзысты. Ахӕм адӕмӕн сӕ бон вӕййы амондджынӕй цӕрын. Ӕмӕ гомосексуалисттӕн дӕр уый сӕ бон бауыдзӕн, кӕд сӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд (Дыккаг закъон 30:19).