Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цымӕ чырыстон лӕг ӕмӕ усӕн ахӕм мадзӕлттӕй пайда кӕнӕн ис, цӕмӕй сылгоймаг ма басывӕрджын уа?

Цымӕ чырыстон лӕг ӕмӕ усӕн ахӕм мадзӕлттӕй пайда кӕнӕн ис, цӕмӕй сылгоймаг ма басывӕрджын уа?

Дзуапп Библийӕ

 Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн никуы дзырдта, зӕгъгӕ уын хъуамӕ сывӕллӕттӕ уа кӕнӕ ма уа. Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дӕр ахӕм уынаффӕ ничи радта. Библийы никуы ис фыст, зӕгъгӕ, лӕг ӕмӕ усы цот уадзын куы нӕ фӕнда, ӕмӕ уый тыххӕй сӕхи куы хъахъхъӕной, уӕд уый раст нӕу.

 Уӕдӕ лӕг ӕмӕ усӕн сӕхи бар у, цот рауадздзысты ӕви нӕ. Стӕй сӕхи бар у, цот кӕд рауадздзысты ӕмӕ сын цал сывӕллоны уыдзӕн, уый. Кӕд лӕг ӕмӕ ус сӕхи хъахъхъӕнынц ӕмӕ ахӕм мадзӕлттӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй сылгоймаджы хуылфы цард ма сӕвзӕра, уӕд уый сӕхи хъуыддаг у. Уый тыххӕй сын хъуамӕ мачи тӕрхон кӕна. Ацы хъуыддаджы фӕдыл Библийы ис ахӕм уагӕвӕрд: «Алчидӕр [нӕ] Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй» (Ромӕгтӕм 14:4, 10–13).