Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИЙЫ СТИХТӔН СӔ ХЪУЫДЫ

Псалом 37:4. «Йегъовӕ уӕд де стыр цин»

Псалом 37:4. «Йегъовӕ уӕд де стыр цин»

 «Йегъовӕ уӕд де стыр цин, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕндзӕн» (Псалом 37:4, «Ног Дунейы тӕлмац»).

 «Агур удӕнцой Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ дын сӕххӕст кӕндзӕни дӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ» (Псалом 36:4, «Псаломтӕ ирон ӕвзагыл», 2012 аз).

Псалом 37:4 стихӕн йӕ хъуыды

 Ацы псалом чи ныффыста, уый Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн дзуры, цӕмӕй цин кӕной, Хуыцау се ’ввахс Хӕлар кӕй у, ууыл. Йегъовӕйы a хӕлӕрттӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕной, сӕ фӕндтӕ сын кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, кӕд йӕ фӕндоны ныхмӕ не сты, уӕд.

 «Йегъовӕ уӕд де стыр цин». Ацы ныхӕстӕ ма ис ратӕлмац кӕнӕн «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дын циндзинад хӕссӕд» кӕнӕ «Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ дын цины хос уӕнт». Ӕндӕр ныхасӕй, ӕцӕг амондджын уыдзыстӕм, Сфӕлдисӕг Хуыцауӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?

 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ алцӕмӕдӕр уый цӕстӕй кӕсынц, ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕны Библи. Уыдон Хуыцауы ӕрмӕст зонгӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ ма ӕмбарынц, йӕ коммӕ кӕсын зондыл дзурӕг кӕй у. Йӕ коммӕ кӕй кӕсынц, уый фӕрцы Хуыцауы раз сӕ цӕсгом сыгъдӕг у, стӕй сӕхи рӕдыд къахдзӕфтӕй хизынц ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссынц (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Зӕгъӕм, кӕмӕдӕрты афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мӕнгард ӕмӕ зыдгӕнаг адӕм амондджын сты. Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ахӕм адӕммӕ нӕ мӕсты кӕнынц ӕмӕ сӕм нӕ хӕлӕг кӕнынц, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ зӕрдӕйы ис фарн (Псалом 37:1, 7–9). Уыдон амондджын сты, уымӕн ӕмӕ зонынц, тагъд Хуыцау хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, сӕхи та сын сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй йӕ хорзӕхтӕй кӕй схайджын кӕндзӕн (Псалом 37:34). Стӕй ма тынг цин кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, сӕ уӕларвон Фыд сӕ райгонд кӕй у (Псалом 5:12; Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

 Хуыцау дын «дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕндзӕн». Ацы ныхӕстӕ ма ис ратӕлмац кӕнӕн «дӕ куывдтытӕ дын фехъусдзӕн» кӕнӕ «ӕппӕты тынгдӕр дӕ цы хъӕуы, уый дын ратдзӕн». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр курӕм, уыдӕттӕ нын иууылдӕр ратдзӕн. Йегъовӕ хорз фыдау зоны, йӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр цы у, уый. Уымӕй уӕлдай ма нӕ куывдтытӕ ӕмӕ нӕ царды уаг хъуамӕ уой йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 28:9; Иаковы 4:3; 1 Иоанны 5:14). Кӕд афтӕ у, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтдзӕн (Псалом 65:2; Матфейы 21:22).

Псалом 37:4 стихӕн йӕ контекст

 37-ӕм псалом ныффыста рагон Израилы паддзах Давид. Ныффыста йӕ акростихы b хуызы.

 Давид бирӕ хӕрам хъуыддӕгтыл сӕмбӕлд. Паддзах Саул ӕмӕ ма йӕ ноджыдӕр чидӕртӕ марынмӕ хъавыдысты. Уый тыххӕй Давиды бахъуыд алидзын ӕмӕ ӕмбӕхсын (2 Самуилы 22:1). Фӕлӕ уый алкӕддӕр йӕ ныфс Хуыцауыл дардта. Давид зыдта, рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Йегъовӕ фыдгӕнджытӕй дзуапп ӕрдомдзӕн (Псалом 37:10, 11). Кӕд кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрынц, уӕддӕр ӕппынфӕстаг фесӕфдзысты (Псалом 37:2, 20, 35, 36).

 37-ӕм псаломы фыст ис, Хуыцауы закъӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны, уыдонмӕ дӕр цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй (Псалом 37:16, 17, 21, 22, 27, 28). Ацы псалом нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зонд амал кӕнӕм ӕмӕ, Хуыцау райгонд кӕмӕй у, ахӕм адӕймӕгтӕ уӕм.

 Бакӕс ацы цыбыр видеороликмӕ ӕмӕ базон, Псаломты чиныджы дзырд цӕуыл цӕуы, уый.

a «Йегъовӕ» – афтӕ ратӕлмац кодтой Хуыцауы ном дзуттаг ӕвзагӕй ирон ӕвзагмӕ. Библийы бирӕ тӕлмацты Хуыцауы ном баивтой титулӕй «Хицау». Цӕмӕн, уый базонӕн ис статьяйӕ «Чи у Йегъовӕ?».

b Ацы акростихы фыццаг стих (кӕнӕ, фыццаг строфайы цы стихтӕ ис, уыдон) райдайы дзуттаг алфавиты фыццаг дамгъӕйӕ. Иннӕ стих та (кӕнӕ, иннӕ строфайы цы стихтӕ ис, уыдон) райдайы алфавиты дыккаг дамгъӕйӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уый фӕрцы, ӕвӕццӕгӕн, псалом бахъуыды кӕнын ӕнцондӕр уыд.