Перейти к основным материалам

Йегови Ӕвдесӕнтӕ америкаг сектӕ ’нцӕ?

Йегови Ӕвдесӕнтӕ америкаг сектӕ ’нцӕ?

 Нӕ сӕйраг хайадӕ ӕй Америки Еугонд Штатти. Фал америкаг сектӕ нӕ ан, уомӕн ӕма:

  •   Сектӕбӕл фӕннимайунцӕ, цӕхуӕндӕр динӕй ка рахецӕн ӕй, уӕхӕн адӕми къуар. Йегови Ӕвдесӕнтӕ цӕхуӕндӕр динӕй нӕ рахецӕн ӕнцӕ. Фал мах архайӕн, цӕмӕй, фиццаг ӕноси ци киристон дин адтӕй, е фӕстӕмӕ исфедар уа.

  •   Йегови Ӕвдесӕнтӕ зӕрдиагӕй архайунцӕ 230-ӕй фулдӕр бӕстеми. Кӕмифӕнди ма цӕрӕн, мах фиццаг бунати ӕвӕрӕн Йеговӕ Хуцауи ӕма Йесо Киристей, Еугонд Штатти кенӕ ӕндӕр ескӕци бӕсти хецауади нӕ, фал (Иоанни 15:19; 17:15, 16).

  •   Нӕ ахурӕдтӕ еугурӕйдӕр арӕзт ӕнцӕ Библибӕл, Еугонд Штатти цӕрӕг дини разамонгути киунугӕбӕл нӕ, фал (1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:13).

  •   Мах цӕуӕн Йесо Киристей фӕдбӕл, цӕхуӕндӕр зӕнхон разамонгути фӕдбӕл нӕ, фал (Матфейи 23:8–10).