Перейти к основным материалам

Йегови Ӕвдесӕнтӕмӕ силгоймӕгтӕ игъосун кӕнунцӕ?

Йегови Ӕвдесӕнтӕмӕ силгоймӕгтӕ игъосун кӕнунцӕ?

 Гъо. Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕгасӕй дӕр, уой хӕццӕ ба ма цалдӕр милиуан силгоймаги, ӕнцӕ игъосунгӕнгутӕ, кенӕ лӕггадгӕнгутӕ. Библий куд загъд адтӕй, уомӕ гӕсгӕ, «хуарз хабар ка хӕссуй, еци силгоймӕгтӕ ӕнцӕ ӕнӕгъӕнӕ ӕфсад» (Псалом 68:11).

 Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, еци силгоймӕгтӕ фӕнзунцӕ, Библий ке кой цӕуй, еци силгоймӕгти (Ӕмбесӕндтӕ 31:10–31). Кӕд ӕмбурди разамунд нӕ дӕттунцӕ, уӕддӕр игъосун кӕнуни гъуддаги зӕрдиагӕй архайунцӕ. Удта ма сӕ сувӕллӕнттӕн дӕр амонунцӕ Библий уагӕвӕрдтӕ (Ӕмбесӕндтӕ 1:8). Киристон силгоймӕгтӕ архайунцӕ, цӕмӕй сӕ дзурдӕй ӕма сӕ гъуддӕгтӕй иннети ахур кӕнонцӕ, хуарз ци ӕй, уобӕл (Титмӕ 2:3–5).