Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

01 УРОК

Библи дин куд банхус кӕндзӕй?

Библи дин куд банхус кӕндзӕй?

Ӕвӕдзи, алли адӕймаг дӕр фӕссагъӕс кӕнуй цардбӕл, адӕн зиндзийнӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарунцӕ, цӕмӕн мӕлунцӕ ӕма федӕни ци уодзӕй, уобӕл. Уомӕй уӕлдай ма адӕн фӕттухсунцӕ, сӕ бийнонтӕ цӕмӕй даронцӕ, уобӕл дӕр. Беретӕ Библий иссирдтонцӕ царди ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ, удта ’й балӕдӕрдтӕнцӕ, ӕ унаффитӕ царди пайда ке ’нцӕ. Ӕцӕгӕйдӕр, Библи зонун пайда уодзӕй алкӕмӕндӕр!

1. Библи цӕхуӕн фарстатӕбӕл дӕттуй дзуапп?

Цард куд фӕззиндтӕй? Адӕймаг цӕмӕн цӕруй? Хуарз адӕн зиндзийнӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарунцӕ? Мӕрдти ести ес ӕви нӕ? Кӕд ӕгас адӕни дӕр сабур цард кӕнун фӕндуй, уӕд уойбӕрцӕ тугъдтитӕ цӕмӕн ес? Нӕ зӕнхӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Ауӕхӕн фарстатӕбӕл гъӕуй дзуӕппитӕ агорун. Ӕма милиуангай адӕн еци дзуӕппитӕ иссирдтонцӕ Библий.

2. Библи нин царди куд ӕнхус кӕнуй?

Библий берӕ хуарз унаффитӕ ес. Зӕгъӕн, финст си ес, ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй бийнонтӕ амондгун уонцӕ. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй царди ӕгӕр ма тухсӕн? Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕ куст бауарзӕн? Библи ахур кӕнгӕй дзуӕппитӕ базондзӕнӕ аци, удта ма берӕ ӕндӕр фарстатӕбӕл дӕр. Дӕхуӕдӕг ӕй фӕууиндзӕнӕ: «Финстадӕ ӕнӕгъӕнӕйдӕр [гъома Библий цидӕриддӕр финст ес, е]... пайда ӕй» (2 Тимофеймӕ 3:16).

Аци киунугӕ Библи не ’ййевуй. Ӕ нисан ӕй, цӕмӕй дин Библи базонунмӕ банхус кӕна. Уомӕ гӕсгӕ, урокти ци стихтӕ фӕууй, уони бакӕсисӕ ӕма расагъӕс кӕнисӕ, ци базудтай, уой хӕццӕ куд баст ӕнцӕ, уобӕл.

ФУЛДӔР БАЗОНӔ

Базонӕ, Библи беретӕн куд банхус кодта, уой, ӕма дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Библи кӕсун дӕ зӕрдӕмӕ цӕуа. Удта ма базонӕ, хуӕздӕр цӕмӕн ӕй, Библи ахур кӕнун, дзӕбӕх ӕй ка лӕдӕруй, уой хӕццӕ.

3. Библи нин амонуй раст над

Библи ӕнгъезуй рабарун рохсгӕнӕни хӕццӕ. Еци рохсгӕнӕни фӕрци нӕ бон ӕй уинун, нӕ къӕхти буни ӕма нӕ разӕй ци ес, уой. Гъе уотӕ Библий фӕрци дӕр нӕ бон ӕй раст унаффитӕ хӕссун ӕма нӕмӕ разӕй ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой базонун.

Бакӕсетӕ Псалом 119:105 ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстатӕбӕл:

  • Аци псалом ка ниффинста, е Библи цӕй хӕццӕ рабарста?

  • Ду ба Библий туххӕй ци гъуди кӕнис?

4. Библий ес иссерӕн дзуӕппитӕ дӕ фарстатӕбӕл

Еу силгоймаг Библий иссирдта, берӕ рӕстӕг ӕй ка тухсун кодта, еци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ. Бакӕсетӕ ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕма радзубанди кӕнтӕ, дӕлдӕр ци фарстатӕ ес, уонӕбӕл.

  • Аци силгоймаги цӕхуӕн фарстатӕ тухсун кодтонцӕ?

  • Библи ке ахур кодта, е ин куд банхус кодта?

Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ фарстатӕ дӕттун хуарз ӕй. Бакӕсетӕ Матфеййи 7:7 ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстабӕл:

  • Библийӕй дӕ цӕхуӕн фарстатӕбӕл фӕндадтайдӕ дзуапп базонун?

5. Библи кӕсун бауарзӕ

Беретӕ уарзунцӕ Библи кӕсун, ӕма син е пайда хӕссуй. Бакӕсетӕ ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕма радзубанди кӕнтӕ, дӕлдӕр ци фарстатӕ ес, уонӕбӕл.

  • Цума аци ӕригӕнттӕ кӕсун уарзунцӕ?

  • Библи кӕсун ба сӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуй?

Библи нин дӕттуй уодӕнцойнӕ ӕма нифс. Бакӕсетӕ Ромӕгтӕмӕ 15:4 ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстабӕл:

  • Библи нин уодӕнцойнӕ ӕма нифс куд дӕттуй, уой дӕ фӕндуй базонун?

6. Библи балӕдӕрунмӕ нӕ гъӕуй иннети ӕнхус

Беретӕ зӕгъунцӕ, Библи кӕсунӕй уӕлдай ма син пайда ке фӕууй, еске хӕццӕ ибӕл ку фӕдздзубанди кӕнунцӕ, е дӕр. Бакӕсетӕ Гъуддӕгти 8:26–31 ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстабӕл:

  • Библи хуӕздӕр балӕдӕрунмӕ дин ци банхус кӕндзӕй? (кӕсӕ 30 ӕма 31 стихтӕ).

Ефиопаг нӕлгоймаги ӕнхус гъудӕй, цӕмӕй Финстадӕ балӕдӕрдтайдӕ. Абони дӕр беретӕ фӕззӕгъунцӕ, Библи хуӕздӕр ке фӕллӕдӕрунцӕ, еске хӕццӕ ибӕл ку фӕдздзубанди кӕнунцӕ, уӕд

КАДӔРТӔ ФӔЗЗӔГЪУНЦӔ: «Библи ка ахур кӕнуй, е ӕ рӕстӕг дзӕгъӕли исафуй».

  • Еске дин уотӕ ку зӕгъа, уӕд ин дӕ бон ци адтайдӕ зӕгъун? Цӕмӕн?

ЦИ БАЗУДТАЙ

Библи дзуапп дӕттуй царди ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕбӕл ӕма си ес берӕ хуарз унаффитӕ, удта адӕнӕн дӕттуй уодӕнцойнӕ ӕма нифс.

Дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ

  • Библий цӕхуӕн унаффитӕ ес иссерӕн?

  • Библи цӕхуӕн фарстатӕбӕл дӕттуй дзуапп?

  • Библийӕй дӕ цӕхуӕн фарстатӕбӕл фӕндадтайдӕ дзуапп базонун?

Дӕ нисан

ФУЛДӔР ӔРМӔГ

Базонӕ, Библи куд банхус кодта, ӕхемӕ нецӕййаг ка кастӕй ӕма мадзора ка адтӕй, еу уӕхӕн нӕлгоймагӕн.

«Как началась моя новая счастливая жизнь» (2:53)

Библимӕ гӕсгӕ бийнонти амонд цӕмӕй кӕнгӕ ’й?

«12 секретов счастливых семей» («Пробудитесь!», № 2, 2018)

Библийӕй базонӕ, дуйне ӕцӕгӕйдӕр ке къохи ӕй, уой.

«Библи ахур кӕнун цӕмӕн гъӕуй?» (ӕгас) (3:14)