Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Зудтай ӕй?

Зудтай ӕй?

Ефиопаг хецау цӕхуӕн бӕхуӕрдунбӕл цудӕй, Филипп ин ку игъосун кодта, уӕд?

«БӔХУӔРДУНӔЙ» ци грекъаг дзурд тӕлмацгонд ӕрцудӕй, е «Нӕуӕг дуйней» тӕлмаци амонуй аллихузи бӕхуӕрдунтӕмӕ (Гъуд. 8:28, 29, 38). Фал ефиопаг хецау ци бӕхуӕрдунбӕл цудӕй, е, ӕвӕдзи, устурдӕр адтӕй, тугъди ӕма еристи ци бӕхуӕрдунтӕй пайда кодтонцӕ, уонӕй. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, уӕхӕн хатдзӕгмӕ цӕмӕн ӕрцудан, уомӕ.

Ефиопаг хецау устур бунат ахӕста ӕма идард надбӕл цудӕй. Е адтӕй Ефиопий паддзахуоси лӕггадгӕнӕг. Ӕ хӕзнатӕ ӕгасӕйдӕр ӕ бӕрагӕ адтӕнцӕ (Гъуд. 8:27). Рагон Ефиопимӕ хаудтӕнцӕ нури Судани зӕнхитӕ ӕма Египети тӕккӕ хонсайрагдӕр хай. Ефиопаг хецау идард балций рӕстӕг, ӕвӕдзи, еци еу бӕхуӕрдуни нӕ цудӕй, фал уӕддӕр ӕ хӕццӕ цӕхуӕндӕр дзаумӕттӕ ласта. Нӕ эри фиццаг ӕноси адӕн ци бӕхуӕрдунтӕбӕл цудӕнцӕ, уонӕбӕл цуппар цалхи фӕууидӕ, ӕ сӕр ба ӕхгӕд адтӕй. «Уӕхӕн бӕхуӕрдуни адтӕй бунат бӕлццони дзаумӕттӕн, цӕмӕй идард надбӕл мацӕмӕй батухстайдӕ» (Acts​—An Exegetical Commentary).

Ефиопаг хецау кӕсгӕ кодта, Филипп ӕ хӕццӕ ку исдзурдта, уӕд. Библий финст ӕй: «Филипп балигъдӕй бӕхуӕрдунмӕ ӕма фегъуста, еци лӕг гъӕрӕй ке кастӕй пахампар Исаййи киунугӕ» (Гъуд. 8:30). Идард балцити ци бӕхуӕрдунти фӕццӕуиуонцӕ, етӕ тагъд нӕ цудӕнцӕ. Уой фӕрци ефиопаг хецауи бон адтӕй кӕсун, Филиппи бон ба ’й адтӕй баййафун.

Ефиопаг хецау «Филиппӕн ниллигъстӕ кодта, зӕгъгӕ, бӕхуӕрдунмӕ исхезӕ ӕма мӕ фарсмӕ ӕрбадӕ» (Гъуд. 8:31). Еристи ци бӕхуӕрдунтӕ фӕууиуонцӕ, уонӕми ӕрмӕстдӕр лӕуун ӕнгъизтӕй. Балцити ци бӕхуӕрдунти фӕццӕуиуонцӕ, уонӕми ба бунат фӕндон фӕууидӕ. Уомӕ гӕсгӕ си бадунмӕ бунат адтӕй ефиопаг хецауӕн дӕр ӕма Филиппӕн дӕр.

Гъуддӕгти 8 сӕри ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ ӕма историкти бӕлвурдгӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ фӕстаг рӕстӕг нӕ публикацити ефиопаг хецауи нӕбал февдесунцӕ тугъдон бӕхуӕрдуни кенӕ еристи кӕбӕл фӕццӕуиуонцӕ, уӕхӕн бӕхуӕрдуни, фал устурдӕр бӕхуӕрдунбӕл цӕугӕй.