Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хульдӕн ӕ нисан ӕ къохи бафтудӕй

Хульдӕн ӕ нисан ӕ къохи бафтудӕй

ЦАЛДӔР анзей размӕ Индонезий минкъий сакъадах Сангихей ку адтайайтӕ, уӕд, ӕвӕдзи, билӕбӕл не ’ртӕ хуӕрей фӕууидтайайтӕ. Бунӕттон адӕн сӕ хуарз зонунцӕ, уомӕн ӕма син Библи базонунмӕ ӕнхус кӕнунцӕ. Фал нур хуӕртӕ ӕндӕр куст кодтонцӕ.

Индонезий цӕгаттаг хаййи сакъадах Сангихе

Фиццаг бал денгизмӕ бахезиуонцӕ, цӕмӕй устур дортӕ билӕмӕ раласонцӕ. Кӕцидӕртӕ си адтӕнцӕ къозой асӕ. Уой фӕсте минкъий гъӕдин къелатӕбӕл ӕрбадиуонцӕ ӕма дзӕбокитӕй еци устур дортӕ листӕг пурхӕ кӕнун райдайиуонцӕ. Уой фӕсте ба еци дортӕ къибилати нивгӕниуонцӕ ӕма сӕ уӕлӕмӕ сӕ хӕдзарӕмӕ фӕххӕсиуонцӕ. Уоми сӕ устур голлӕгути нивгӕниуонцӕ, голлӕгутӕ ба уӕзласӕн машини багӕлдзиуонцӕ ӕма сӕ фӕлласиуонцӕ, нӕдтӕ кӕми кодтонцӕ, уордӕмӕ.

Хульдӕ дони билӕбӕл дортӕ ӕмбурд кӕнуй

Хуӕртӕй сӕ еу адтӕй Хульдӕ. Еци куст кодта ӕ бийнонтӕ фӕддаруни туххӕй. Фал ма ин нур еу ма нисан дӕр фӕззиндтӕй – фӕндадтӕй ӕй планшет балхӕнун, цӕмӕй ӕ бон адтайдӕ пайда кӕнун приложенийӕй JW Library®. Зудта ӕй, уой фӕрци ӕ бон ке уодзӕй арӕхстгундӕрӕй игъосун кӕнун ӕма Библи никки хуӕздӕр лӕдӕрун.

Иннӕ мӕйӕ ӕма ’рдӕг Хульдӕ алли сӕумӕ дӕр дууӕ сахатти фулдӕр бакосидӕ. Гъе уойбӕрцӕ дортӕ басаста, ӕма си минкъий уӕзласӕн машинӕ байдзаг адтайдӕ. Гъе уотемӕй ин бантӕстӕй планшети фагӕ ӕхца ӕрӕмбурд кӕнун.

Хульдӕ ӕ планшети хӕццӕ

«Дортӕ сӕттун ӕнцон куст нӕй, ӕма хъӕбӕр бафӕллайинӕ. Ме ’гас бауӕр дӕр ристӕй,– зӕгъуй Хульдӕ.– Фал мӕ нӕуӕг планшет мӕ къохтӕмӕ куддӕр райстон, гъе уотӕ ми ме ’гас риститӕ дӕр феронх ӕнцӕ! Уой фӕрци мин дзӕвгарӕ ӕнцондӕр ӕй игъосун кӕнун ӕма ӕмбурдтӕмӕ цӕттӕ кӕнун». Хульдӕ ма зӕгъуй, пандемийи рӕстӕг ин ӕ планшет устур пайда ке фӕцӕй, уомӕн ӕма ӕмбурдти ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги архайунмӕ интернет гъудӕй. Хульдӕн ӕ нисан ӕ къохи ке бафтудӕй, уобӕл мах дӕр хъӕбӕр цийнӕ кӕнӕн!