Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Скай Тауэрӕй нӕ рагӕпп кодта

Скай Тауэрӕй нӕ рагӕпп кодта

Грэм Браун у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, цӕуы йыл 80 азы. Уый баххуыс кодта, йӕ цардӕй чи сфӕлмӕцыд, иу ахӕм нӕлгоймагӕн, цӕмӕй стыр мӕсыгӕй ма рагӕпп кодтаид. Уыцы мӕсыгӕн – Скай Тауэрӕн – йӕ бӕрзӕнд у 328 метры (Окленд, Ног Зеланди). Грэм зӕгъы: «Уыцы нӕлгоймаджы бафӕндыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ аныхас кӕнын ӕмӕ мӕм пъӕлицӕйӕ фӕдзырдтой, зӕгъгӕ, дам, нӕ де ’ххуыс хъӕуы.

Уыцы мӕсыджы кусджытӕ мыл рон бакодтой, цӕмӕй ма ахаудаин. Стӕй мӕм радтой Библи, даргъ бӕндӕныл ӕй бабастой, афтӕмӕй. Уый фӕстӕ мӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ скодтой, горӕтмӕ кӕцӕй кастысты, уыцы фӕзгондмӕ. Уырдыгӕй зӕхмӕ уыд 192 метры, дымдта дзы тынг уазал дымгӕ. Мӕнӕй гыццыл дарддӕр, нарӕг ран, фӕзгондӕн йӕ тӕккӕ кӕрон бадти нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ фӕндыд бынмӕ агӕпп кӕнын.

Ӕз ӕм бахъӕр кодтон, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕн, ӕмӕ мӕ фӕнды баххуыс кӕнын. Стӕй мӕхинымӕр акуывтон, Библи бакодтон ӕмӕ райдыдтон йемӕ ныхас кӕнын.

Загътон ын, нӕ цард куыд зынаргъ у, уый тыххӕй. Ӕрӕджы мын нӕ Паддзахады Залы уыцы темӕйы фӕдыл уыд раныхас.

Ӕмбарын ын кодтон: „Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ диссаджы лӕварӕй схайджын кодта – цард дын балӕвар кодта. Дӕ бон у равдисын, уыцы лӕварӕн кӕй аргъ кӕныс. Дӕ хорзӕхӕй, мидӕгдӕр-ма бахиз“.

Стӕй ма йын Библийӕ цалдӕр стихы бакастӕн, зӕгъӕм, Иоанны 3:16 дӕр. Уым фыст ис: „Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа“.

Загътон ма йын: „Хуыцау дӕ бирӕ уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй цӕрай“.

Фыццаг мӕм афтӕ каст, цыма мӕ хъусгӕ дӕр нӕ кӕны. Ӕз мӕхинымӕр Йегъовӕмӕ скуывтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид йӕ хъуыды аивынӕн. Кӕддӕр-кӕддӕр лӕг сабыргай сыстад ӕмӕ мӕм хӕстӕгдӕр ӕрбацыд. Тынг тыхст уыд.

– Ӕрӕджы мӕм хӕдзармӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрбацыдысты, фӕлӕ сӕ ӕз атардтон. Ныр мӕм худинаг кӕсы. Дӕ хорзӕхӕй, ныххатыр-ма мын кӕн.

– Ницы кӕны, махӕй дӕр чидӕртӕ раздӕр афтӕ кодтой, цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ не систы, уӕдмӕ. Тыхсгӕ ма кӕн, Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг ныххатыр кӕндзӕн.

– Бузныг дын, ныр мын фенцондӕр ис.

– Байхъус-ма мӕм, тӕрсгӕ дын кӕнын. Ӕз баст дӕн, фӕлӕ ды куы ахауай, уӕд дӕ цард фесафдзынӕ, цард та тынг зынаргъ у. Йегъовӕйӕн уый тынг хъыг уыдзӕн. Дӕ хорзӕхӕй, мидӕгдӕр-ма бахиз.

Йӕ цӕсгом афтӕ тыхст нал уыд. Ӕмӕ загъта: „Хорз, бахиздзынӕн“.

Уӕд, горӕтмӕ кӕцӕй кастысты, уыцы фӕзгондмӕ бахызт, ӕмӕ йӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ уайтагъд ӕдас бынатмӕ акодтой. Сахатӕй фылдӕр фӕныхӕстӕ кодтам».

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмыл зӕрдиагӕй тыхсынц, уӕлдайдӕр та ныфссаст чи у ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ чи ӕвзары, уыдоныл. Уыдон ӕгас дунейы дӕр адӕмӕн Библийӕ ныфсы хабар дзурынц, удӕнцой сын хӕссынц ӕмӕ сын ӕмбарын кӕнынц, Хуыцау сӕ кӕй уарзы.