Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Барвӕндон кусджытӕ Таксидомӕ цӕмӕн ӕрцыдысты?

Барвӕндон кусджытӕ Таксидомӕ цӕмӕн ӕрцыдысты?

Таксидо, штат Нью-Йорк. Райсом, фынддӕс минут цух авд, арв фӕцъӕх ис. Цыппаруӕладзыгон агъуысты цур цы цад ис, ууыл их тӕнӕг цъар сӕвӕрдта. Агъуыстмӕ бацыдысты нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ кусӕн дзаумӕтты ӕмӕ дзабырты. Уырдӕм ӕрбацыдысты уазӕгдзӕрӕнтӕй ӕмӕ, кӕй баххуырстой, уыцы хӕдзӕрттӕй, стӕй штаты ӕндӕр районтӕй дӕр – Паттерсонӕй ӕмӕ Уолкиллӕй. Чидӕртӕ та ӕрцыдысты Бруклинӕй, фӕцыдысты 80 километры.

Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ барвӕндон кусджытӕн сӕ фылдӕр ӕрцыдысты Иугонд Штатты алы штаттӕй ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй. Фӕндагыл бирӕ рӕстӕг бахъуыдысты. Иутӕ ӕрцыдысты къуыримӕ, иннӕтӕ мӕй ӕмӕ ӕрдӕгмӕ, чидӕртӕ та фылдӕр рӕстӕг баззайдзысты. Фӕндаггаг бафыстой сӕхӕдӕг, ӕмӕ сын сӕ куысты тыххӕй фидгӕ ничи кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр кӕй ӕрцыдысты, ууыл ӕппындӕр нӕ фӕсмон кӕнынц.

Ныр дзы ис 120 барвӕндон кусӕджы бӕрц, фӕлӕ цалдӕр мӕйы дӕргъы хъуамӕ фӕфылдӕр уой. Се ’ппӕт дӕр хӕрӕндонмӕ бацыдысты ӕмӕ алы стъолы фарсмӕ дӕр дӕсгӕйттӕй сбадтысты. Бирӕтӕ сӕхицӕн къофи ӕркодтой. Къухнийӕ кӕлы тебӕйы фых беконы адджын тӕф. 7 сахаты куыддӕр сӕххӕст, афтӕ се ’ппӕт дӕр монитортӕм скастысты – райдыдта трансляци: ӕвзӕрст цӕуы Библийы стих. 15 минуты фӕстӕ лӕггадгӕнджытӕ рахастой хӕринӕгтӕ. Беконы йеддӕмӕ ма рахастой дзул, ӕйчытӕ ӕмӕ кас. Хӕринаг алкӕмӕн дӕр фаг у.

Хӕрды фӕстӕ скуывтой ӕмӕ иууылдӕр кусынмӕ ацыдысты. Хъуысы аразджыты хъӕлдзӕг ныхас, сӕ уӕлӕ скодтой каскӕтӕ, сӕрмагонд кӕсӕн цӕстытӕ, ирдхуыз жилеттӕ, сӕ астӕутыл та ӕрбабастой, кусӕнгӕрзтӕ ӕвӕрд кӕм сты, ахӕм уӕззау рӕттӕ.

Раздӕр уыцы бынаты уыди Ӕхсӕнадӕмон гӕххӕттуадзӕн компани. Аразджыты нысан у, цӕмӕй зӕронд агъуыстытӕ рацаразой. Ног комплекс стыр ӕххуыс уыдзӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадӕн. Сӕйраг хайады ног агъуыстытӕ та уыдзысты горӕт Уорвиккӕй гыццыл фалдӕр, Таксидойӕ цалдӕр километры дарддӕр. 2013 азы 12 мартъийы, дыццӕджы, Таксидойы горӕтаразыны бынӕттон совет арӕзтадӕн бар радта.

Цымӕ рӕстӕгмӕ чи ’рцӕуы, уыцы ног барвӕндон кусджытыл куыд сӕмбӕлынц? Мӕнӕ цы зӕгъы Уильям, штат Нью-Джерсийӕ: «Уазджытыл кӕм сӕмбӕлынц, уыцы бынаты дын ӕфсымӕртӕ бамбарын кӕндзысты, дӕ къомнӕт кӕм ис, ӕмӕ дзы ӕнӕуи дӕр кӕм цы ис, уый. Ратдзысты дын дӕгъӕлтӕ. Иууылдӕр дын зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц. Таксидойы аходӕны фӕстӕ бригадиримӕ базонгӕ уыдзынӕ ӕмӕ дын зӕгъдзӕн, цы дӕ хъӕуы аразын, уый».

Куыд лӕггад кӕнынц барвӕндон кусджытӕ? Яхайра ӕмӕ йӕ сӕрыхицау ӕрцыдысты Пуэрто-Рикойӕ. Уыдон ӕххуыс кӕнынц каркастӕ аразынӕн ӕмӕ къултӕ амайынӕн. Яхайра дзуры: «Райсомӕй сыстӕм фондзы ӕрдӕгыл, нӕ къомнӕт афснайӕм, тагъд-тагъд къофи ануазӕм ӕмӕ ратагъд кӕнӕм, арӕзтадмӕ нӕ чи аласы, уыцы автобусмӕ. Изӕрмӕ бафӕллайӕм, фӕлӕ нӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ вӕййы. Алырдыгӕй фӕхъуысы адӕмы худын».

Уорвичы цы зӕхх балхӕдтам, уый алыварс ис хъӕд. Уым ӕххуыс кӕнынц Зак ӕмӕ йӕ бинойнаг Бет, ӕрцыдысты Миннесотӕйӕ. Куы сӕ бафарстой, ардӕм цӕмӕн ӕрцыдыстут, зӕгъгӕ, уӕд Бет загъта: «Царды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис. Мах фӕнды, цы зонӕм, уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ пайда кӕнын».