Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Рагон Фӕдзӕхстыл ӕууӕндынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Рагон Фӕдзӕхстыл ӕууӕндынц?

 О. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй у «Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда [кӕй] у» (2 Тимофеймӕ 3:16). Библимӕ хауынц Рагон Фӕдзӕхст дӕр ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст дӕр, бирӕтӕ сӕ афтӕ хонынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библийы ацы дыууӕ хайы хонынц Дзуттаг Фыстытӕ ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ. Афтӕмӕй мах архайӕм, цӕмӕй афтӕ мачи ахъуыды кӕна, ӕмӕ Библийы иуӕй-иу хӕйттӕ сты зӕронд кӕнӕ ахсджиаг не сты.

Чырыстӕтты Рагон Фӕдзӕхст дӕр ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст дӕр цӕмӕн хъӕуынц?

 Чырыстон апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн» (Ромӕгтӕм 15:4). Уӕдӕ Дзуттаг Фыстыты дӕр ахсджиаг хабӕртты кой цӕуы. Цӕй кой дзы цӕуы, уыдонмӕ ма хауынц ахсджиаг историон хабӕрттӕ ӕмӕ, царды чи ӕххуыс кӕны, ахӕм уынаффӕтӕ дӕр.

  •   Ахсджиаг историон хабӕрттӕ. Дзуттаг Фыстыты бӕстон фыст сты, Хуыцау Дун-дуне куыд сфӕлдыста ӕмӕ адӕм тӕригъӕд куыд сарӕзтой, уыдӕттӕ. Ӕнӕ уымӕй царды сӕйраг фарстатӕн дзуапп нӕ зониккам: адӕймаг куыд фӕзынд? Адӕм цӕмӕн мӕлынц? (Райдиан 2:7; 17). Уымӕй уӕлдай ма, Дзуттаг Фыстытӕй базонӕн ис, Йегъовӕ Хуыцау адӕмӕн куыд уыд, уый тыххӕй. Уыцы адӕм дӕр махау хайджын уыдысты циндзинадӕй дӕр ӕмӕ зындзинӕдтӕ дӕр ӕвзӕрстой (Иаковы 5:17).

  •   Царды чи ӕххуыс кӕны, ахӕм уынаффӕтӕ. Библийы чингуытӕ Ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ Екклесиаст сты Дзуттаг Фыстыты хай. Фыст дзы сты, зӕронд чи нӕ кӕны ӕмӕ царды чи ӕххуыс кӕны, ахӕм зондджын уынаффӕтӕ. Сӕ уынаффӕтӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой (Ӕмбисӕндтӕ 15:17), цӕмӕй куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм (Ӕмбисӕндтӕ 10:4; Екклесиаст 4:6), цӕмӕй ӕрыгӕттӕ сӕ цардӕй райгонд уой (Екклесиаст 11:9–12:1).

 Уымӕй уӕлдай ма нын пайда уыдзӕн Моисейы Закъон ахуыр кӕнын дӕр, фыст ис Торӕйы (Библийы фыццаг фондз чиныджы). Кӕд чырыстӕтты уыцы Закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр дзы цы ахсджиаг уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын уӕм (Левит 19:18; Дыккаг закъон 6:5–7).