Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм сылгоймӕгтӕ хъусын кӕнынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм сылгоймӕгтӕ хъусын кӕнынц?

 О. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’ппӕт дӕр, уыимӕ цалдӕр милуан сылгоймаджы, сты хъусынгӕнджытӕ кӕнӕ лӕггадгӕнджытӕ. Библийы куыд загъд уыд, афтӕмӕй «хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад» (Псалом 68:11).

 Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыцы сылгоймӕгтӕ фӕзмынц, Библийы цы сылгоймӕгты кой ис, уыдоны (Ӕмбисӕндтӕ 31:10–31). Кӕд ӕмбырды разамынд нӕ дӕттынц, уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайынц. Стӕй ма сӕ сывӕллӕттӕн дӕр амонынц Библийы уагӕвӕрдтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 1:8). Ӕвдисӕн-сылгоймӕгтӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй сӕ ныхӕстӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй иннӕты ахуыр кӕной, хорз цы у, ууыл (Титмӕ 2:3–5).