Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Хуыцауы Паддзахад зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый фын нӕу

Эфрайн де-ла-Крус

Хуыцауы Паддзахад зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый фын нӕу
  • РАЙГУЫРД: 1918 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1949 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ. Кӕд авд ахӕстоны бадти ӕмӕ-иу ӕй фыднад фӕкодтой, уӕддӕр фидар уыд ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар дарддӕр дӕр хъусын кодта.

1948 азы мӕ бинойнаг Паулӕимӕ ӕмӕ мӕ чызгимӕ райдыдтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын. Ӕмбырдтӕ-иу уыдысты горӕт Бланко-Аррибӕйы, ӕмӕ нӕ дыууӕрдӕм фистӕгӕй цӕуын хъуыди 40 километры. Фӕлӕ мах иу ӕмбырд дӕр никуы фӕцух кодтам. 1949 азы 3 январы ӕз ӕмӕ Паулӕ донаргъуыд райстам.

Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ мӕн ӕмӕ ма не ’мбырдӕй кӕйдӕрты ӕрцахстой ӕмӕ нӕ ӕртӕ мӕймӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Фынӕй кодтам пъолыл, хӕрын та нын кодтой бон иу хатт – цъӕх банантӕ ӕмӕ цай. Ахӕстонӕй нӕ куы рауагътой, уӕд нӕм хицауады кусджытӕ бартхъирӕн кодтой, ӕмӕ ӕнхъӕлдтой, нал хъусын кӕндзыстӕм. Фӕлӕ нӕхимӕ куы ’рыздӕхтыстӕм, уӕд та сусӕгӕй ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтам ӕмӕ хъусын кодтам. Хицауады кусджытӕ нӕ фӕдыл зылдысты, ӕмӕ уый тыххӕй ӕмбырд кодтам хӕдзӕртты, къофи кӕм зад, ахӕм быдырты ӕмӕ фермӕты. Уыцы иу ран-иу не ’мбырд кодтам, фӕлӕ-иу алы ӕмбырды фӕстӕ дӕр фехъусын кодтам, иннӕ хатт кӕм фембӕлдзыстӕм, уый. Хъусын кодтам иугӕйттӕй ӕмӕ-иу нӕ уӕлӕ скодтам кусӕн дзаумӕттӕ, стӕй-иу немӕ литературӕ ӕмӕ Библи нӕ хастам. Фӕлӕ уӕддӕр 1949 азӕй 1959 азмӕ бадтӕн авд ахӕстоны, бадтӕн-иу ӕртӕ мӕйӕ ӕхсӕз мӕймӕ.

Мӕ хиуӕттӕй дӕр чидӕртӕ мӕ ныхмӕ цыдысты, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ тынг къӕрцхъус уыдаин. Ӕмӕ мӕ цӕмӕй пъӕлицӕйы кусджытӕ ма ӕрцахстаиккой, уый тыххӕй-иу мӕхи хӕхтӕм кӕнӕ фермӕмӕ айстон ӕмӕ-иу уым фынӕй кодтон. Фӕлӕ-иу мӕ уӕддӕр ӕрцахстой. Иухатт мӕ арвыстой, Сьюдад-Трухильойы чи уыд, уыцы ахӕстонмӕ, Ла-Викторийӕ, зӕгъгӕ. Иу камерӕйы-иу дзы бадт 50–60 адӕймаджы. Бон нын дыууӕ хатты хӕрын кодтой. Райсомӕй нын лӕвӕрдтой нартхоры ссадӕй конд хӕринаг, сихоры та – иу гыццыл пырындз ӕмӕ хъӕдур. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’ппӕт дӕр ахст адӕмӕн хъусын кодтой ӕмӕ-иу ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕ уагътой. Библийӕ-иу искӕцы стих нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам ӕмӕ-иу ыл аныхас кодтам, стӕй-иу радзырдтам, хъусын кӕнгӕйӕ ныл цы цаутӕ ӕрцыд, уыдон.

Фӕстаг хатт ахӕстоны куы бадтӕн, уӕд мын ӕфсӕддонтӕй иу топпы хъӕдӕй мӕ сӕр ӕмӕ мӕ фӕрсчытӕ фӕхоста. Ахӕм фыдмитӕ мын иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бакодтой. Ӕмӕ уыцы цӕфтӕй ныр дӕр ма фӕхъӕрзын. Фӕлӕ уыцы фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдтӕн, стӕй мӕ уырнындзинад дӕр бафидар ӕмӕ мӕ ноджы тынгдӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.

Ныр мыл цӕуы 96 азы ӕмӕ лӕггад кӕнын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй. Мӕ бон дард цӕуын нал у, фӕлӕ уӕддӕр мӕ хӕдзары раз сбадын ӕмӕ, мӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуы, уыдонӕн фӕхъусын кӕнын. Хуыцауы Паддзахад зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый фын нӕу. Уый у ӕцӕг хабар, ӕмӕ уый тыххӕй хъусын кӕнын 60 азӕй фылдӕр. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фыццаг хатт куы фехъуыстон, уӕд куыд фидарӕй баууӕндыдтӕн ног дунейыл, афтӕ фидарӕй йыл ӕууӕндын абон дӕр *.

^ 3 абз. Эфрайн де-ла-Крус амард, ацы статья мыхуырмӕ куы цӕттӕ кодтой, уӕд.