Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Суахилийыл дзурӕг адӕм зонынц Хуыцауы ном

Суахилийыл дзурӕг адӕм зонынц Хуыцауы ном

«Суахили». Бирӕтӕ ацы ӕвзаджы кой куы фехъусынц, уӕд сӕ цӕстытыл ауайынц Африкӕйы ӕрдзы рӕсугъд нывтӕ ӕмӕ, Националон парк Серенгетийы цы хъӕддаг сырдтӕ цӕры, уыдон. Фӕлӕ ма ацы ӕвзаджы тыххӕй, стӕй йыл чи дзуры, уыцы адӕмы тыххӕй дӕр, ноджыдӕр бирӕ цыдӕртӕ ис зӕгъӕн.

СУАХИЛИЙЫЛ дзуры 100 милуан адӕймаджы бӕрц. Уыцы адӕм цӕрынц, Централон ӕмӕ Скӕсӕн Африкӕйы цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕй ӕппынкъаддӕр 12 бӕстӕйы *. Цалдӕр бӕстӕйы, зӕгъӕм, Кенийы, Танзанийы ӕмӕ Угандӕйы суахили у националон кӕнӕ паддзахадон ӕвзаг. Иннӕ бӕстӕты цӕрӕг адӕмтӕн та у, мӕнӕ Уӕрӕсейы цӕрӕг адӕмыхӕттытӕн уырыссаг ӕвзаг куыд у, афтӕ. Уыцы адӕмтӕ ацы ӕвзаг кӕй зонынц, уый фӕрцы сӕ бон у кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ базары хъуыддӕгтӕ кӕнын.

Суахили стыр ӕххуыс фӕци Скӕсӕн Африкӕйы цы адӕмтӕ цӕры, уыдоны баиу кӕнынӕн. Ахъуыды-ма кӕн, ӕрмӕст Танзанийы цы гыццыл адӕмыхӕттытӕ цӕры, уыдон дзурынц 114 ӕвзагыл. Адӕймаг йӕ хӕдзарӕй 40–80 километры дарддӕр нӕма ацӕуы, афтӕ сӕмбӕлы, бынтон ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕмыл. Стӕй дзы кӕцыдӕр ӕвзӕгтӕн сӕ хабар афтӕ у, ӕмӕ сыл цы адӕм дзурынц, уыдон цӕрынц ӕрмӕстдӕр цалдӕр гыццыл хъӕуы. Цымӕ уыцы адӕм кӕрӕдзиимӕ куыд хъуамӕ ныхас кӕной? Ӕцӕгдӕр, адӕм иу кӕцыдӕр ӕвзаг зоной, уый стыр ӕххуыс у.

Суахилийы истори

Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй суахилийыл дзурынц 10 ӕнусӕй фӕстӕмӕ. Фыссын та йыл райдыдтой 16 ӕнусы. Суахили ахуыр кӕнын чи райдайы, уыдон ӕй уайтагъд бафиппайынц, иуӕй-иу дзырдтӕ дзы араббаг дзырдтимӕ ӕмхуызон кӕй сты. Ӕмӕ уый диссаг нӕу. Кӕд, ацы ӕвзаджы цы дзырдтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр африкӕйаг ӕвзӕгтӕй равзӕрдысты, уӕд сӕ 20 проценты та сты араббаг ӕвзагӕй ӕрбайсгӕ. Цалдӕр ӕнусы дӕргъы суахилийыл араббаг дамгъӕтӕй дӕр уымӕн фыстой.

Абон суахилийыл фыссынц латинаг дамгъӕтӕй. Афтӕ куыд рауад? Уый базонӕн ис, 19 ӕнусы ӕмбисы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй. Уыцы рӕстӕг Скӕсӕн Африкӕмӕ Европӕйӕ ӕрцыдысты фыццаг миссионертӕ, цӕмӕй бынӕттон цӕрджыты Библиимӕ базонгӕ кодтаиккой.

Хуыцауы Ныхас Скӕсӕн Африкӕйы

1499 азы Васко да Гама йӕ зындгонд балцы куы ацыд ӕмӕ Хуссар Африкӕйыл куы ӕрзылд, уӕд йемӕ уыдысты Португалийӕ миссионертӕ дӕр. Уыдон ӕрлӕууыдысты Занзибары, ӕмӕ афтӕмӕй семӕ Скӕсӕн Африкӕмӕ католикон дин ӕрхастой. Фӕлӕ дыууӕ ӕнусы дӕргъы бынӕттон цӕрджытӕ португайлӕгты ныхмӕ тынг цыдысты ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фӕсырдтой. Уымӕ гӕсгӕ дзы уыцы рӕстӕг «чырыстон дин» не ’рфидар.

Рацыд ма ноджыдӕр 150 азы, ӕмӕ та Хуыцауы Ныхас Скӕсӕн Африкӕйы ногӕй фӕзынд. Ацы хатт ӕй ӕрхаста немыцаг миссионер Иоганн Людвиг Крапф. Уыцы миссионер Момбасӕмӕ (Кени) ӕрцыд 1844 азы. Уыцы рӕстӕг Скӕсӕн Африкӕйы былгӕрӕтты цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр хӕст уыдысты пысылмон диныл. Денджызӕй дард чи цард, уыдонӕй та бирӕтӕн уыди сӕхи дин – уырныдта сӕ, адӕймӕгӕн, цӕрӕгойтӕн, зайӕгойтӕн ӕмӕ дзауматӕн дӕр кӕй ис ӕнӕмӕлгӕ уд. Уымӕ гӕсгӕ Крапф ӕмбӕрста, Библи ратӕлмац кӕнын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, цӕмӕй йӕ уыцы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон кӕсын уыдаид.

Крапф рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сӕфта. Уайтагъд суахили ахуыр кӕнын райдыдта. Ӕмӕ 1844 азы июны, куы ’рцыди, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр, бавнӕлдта тынг зын хъуыддагмӕ – Библи тӕлмац кӕнынмӕ. Уымӕй мӕй дӕр нӕ рацыд, афтӕ амард йӕ ус – иумӕ дыууӕ азы йеддӕмӕ нӕ фӕцардысты. Цалдӕр боны фӕстӕ та йӕ ноггуырд чызг амард. Фӕлӕ, кӕд Крапфыл ахӕм стыр зиӕнттӕ ӕрцыд, уӕддӕр уыцы ахсджиаг хъуыддаг нӕ ныууагъта. Ӕмӕ 1847 азы мыхуыры рауагъта Райдианы чиныгӕй фыццаг ӕртӕ сӕры. Суахилийыл уый уыди фыццаг мыхуыргонд ӕрмӕг.

Райдиан 1:1–3 суахилийыл, Иоганн Крапфы тӕлмац, 1847 аз

Уый размӕ суахилийыл фыстой араббаг дамгъӕтӕй, фӕлӕ Крапф фыссын райдыдта латинаг дамгъӕтӕй. Цымӕ араббаг алфавитыл йӕ къух цӕмӕн систа? Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй, фӕстӕдӕр суахили чи ахуыр кодтаид, уыцы «европӕйӕгтӕн араббаг алфавит уыдаид ӕрмӕстдӕр къуылымпыйы хос», стӕй «латинаг алфавиты фӕрцы бынӕттон цӕрджытӕн дӕр ӕнцондӕр уыдаид европӕйаг ӕвзӕгтӕ ахуыр кӕнын». Уый фӕстӕ дӕр ма араббаг алфавитӕй чидӕртӕ бирӕ азты дӕргъы пайда кодтой, стӕй Библийы кӕцыдӕр хӕйттӕ дӕр уыцы алфавитӕй ӕрцыдысты мыхуыргонд. Фӕлӕ рӕстӕг куыд равдыста, афтӕмӕй латинаг алфавиты фӕрцы бирӕтӕн ӕнцондӕр у суахили ахуыр кӕнын. Ӕмӕ бирӕ миссионертӕ, стӕй ма суахили ноджыдӕр чи ахуыр кӕны, уыдон дӕр цин кӕнынц, ӕвзаджы ахӕм ивындзинад кӕй ӕрцыд, ууыл.

Крапф Хуыцауы Ныхас суахилимӕ тӕлмац кӕнын фыццаг кӕй бавнӕлдта, уымӕй уӕлдай ма рауагъта уыцы ӕвзаджы грамматикӕйы фыццаг чиныг, стӕй дзырдуат дӕр. Ӕмӕ уый стыр ӕххуыс фӕци, йӕ фӕстӕ чи уыд, уыцы тӕлмацгӕнджытӕн.

Хуыцауы ном суахилийыл

Скъуыддзаг Матфейы чиныджы 1-аг сӕрӕй, фыст у суахилийыл араббаг дамгъӕтӕй, 1891 аз

Райдианы чиныгӕй фыццаг ӕртӕ сӕры мыхуыры куы рацыдысты, уӕд дзы Хуыцауы номы бӕсты фыст уыди, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау», зӕгъгӕ. 19 ӕнусы кӕрон Скӕсӕн Африкӕмӕ ӕрцыди ӕндӕр миссионертӕ дӕр ӕмӕ бавнӕлдтой Библи ӕнӕхъӕнӕй суахилимӕ тӕлмац кӕнынмӕ. Се ’хсӕн уыдысты Иоганес Ребманн, Уильям Тейлор, Харри Биннс, Эдвард Стир, Фрэнсис Ходгсан ӕмӕ Артур Мадан.

Уыцы фыццаг тӕлмацтӕй кӕцыдӕрты Хуыцауы ном фыст ӕрцыди цалдӕр ран нӕ, фӕлӕ Дзуттаг Фыстыты кӕрӕй-кӕронмӕ. Занзибары чи тӕлмац кодта, уыдон Хуыцауы ном ныффыстой «Яхувӕ» (Yahuwa), зӕгъгӕ, Момбасӕйы чи ӕрбынат кодта, уыдон та – «Йеховӕ» (Jehova).

Суахилийыл Библи ӕнӕхъӕнӕй рацыд 1895 азы. Уый фӕстӕ ма фӕзынд ноджыдӕр цалдӕр тӕлмацы, фӕлӕ дзы кӕцыдӕртӕ тынг нӕ апарахат сты. 20 ӕнусы райдианы бирӕ цыдӕртӕ арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй Скӕсӕн Африкӕйы суахилийӕн иу ӕгъдау ныффидар уыдаид. Ӕмӕ уыйадыл 1952 азы фӕзынд Библийы ног тӕлмац – «Суахили Юнион Вершн» (Swahili Union Version). Ацы тӕлмац иннӕтӕй тынгдӕр апарахат. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы ном уым куыд фыст уыди, «Еховӕ» (Yehova), зӕгъгӕ, иннӕтӕ дӕр ӕй афтӕ райдыдтой фыссын.

Хуыцауы ном, Йегъовӕ, «Суахили Юнион Вершн»-ы разныхасӕй скъуыддзаг

Хъыгагӕн, уыцы фыццаг тӕлмацтӕ куы нал мыхуыр кодтой, уӕд сӕ адӕм нал кастысты, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы ном дӕр рох кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр цы тӕлмацтӕ фӕзынд, уыдонӕй йӕ кӕцыдӕрты бынтондӕр айстой, кӕцыдӕрты та йӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр раны ныууагътой. Зӕгъӕм, «Юнион Вершн»-ы (Union Version) Хуыцауы ном 15 хатты йеддӕмӕ не ’мбӕлы. 2006 азы уыцы тӕлмац ногӕй куы рауагътой, уӕд ын уым та йӕ ном ныффыстой ӕрмӕстдӕр 11 раны *.

Рагон тӕлмацты Хуыцауы ном фыст у «Яхувӕ» (Yahuwa) ӕмӕ «Йеховӕ» (Jehova)

Кӕд уыцы тӕлмацы Хуыцауы ном цалдӕр раны йеддӕмӕ нал ныууагътой, уӕддӕр хорз уымӕй у, ӕмӕ дзы разныхасы Хуыцауы ном, Йегъовӕ, фыст ис стыр дамгъӕтӕй. Ӕмӕ уый фӕрцы, рӕстдзинад чи агуры, уыдонӕн сӕ бон у сӕ Библийы фенын, нӕ уӕларвон Фыдӕн йӕ ном куыд у, уый.

Фӕлӕ ма зӕгъын хъӕуы ноджыдӕр иу ахсджиаг хабары тыххӕй. 1996 азы суахилийыл рацыд «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац». Хуыцауы ном дзы фыст ӕрцыди, кӕмдӕриддӕр хъуамӕ уыдаид, уым – Матфейы чиныгӕй Раргомады чиныджы онг 237 раны. Ацы ӕвзагыл ахӕм тӕлмац фыццаг хатт фӕзынди. 2003 азы та суахилийыл рацыд «Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕнӕхъӕнӕй. Абоны онг дзы ӕдӕппӕтӕй мыхуыргонд ӕрцыд 900 000 экземпляры.

Ныр суахилийыл Хуыцауӕн йӕ ном ӕнӕуи дзырдтӕй ивд нал у кӕнӕ ӕрмӕст разныхасы не ’мбӕлы. «Ног дунейы тӕлмац»-ы йӕ ном ӕмбӕлы 7 000 хаттӕй фылдӕр. Ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ацы тӕлмац кӕсгӕйӕ Хуыцауы ном цал хатты фенынц, уал хатты Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс вӕййынц.

Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ «Ног дунейы тӕлмац» у ӕнцонӕмбарӕн, нырыккон ӕвзагӕй фыст, ӕмӕ, Скӕсӕн Африкӕйы суахилийыл чи дзуры, уыдонӕн ӕй се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у кӕсын. Стӕй бирӕ ӕндӕр тӕлмацты цы рӕдыд хъуыдытӕ ӕрцыд фыст, уыдон ацы тӕлмацы нал сты. Ӕмӕ йӕ чи кӕсы, уыдон фидарӕй зонынц, не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйы адӕмӕн цы хъуыдытӕ зӕгъын фӕнды, уыдон дзы «раст» фыст кӕй ӕрцыдысты (Екклесиаст 12:10).

Бирӕты зӕрдӕмӕ тынг цӕуы «Ног дунейы тӕлмац» суахилийыл

Суахилийыл «Ног дунейы тӕлмац» кӕй рацыд, уый тыххӕй бирӕтӕ тынг бузныг сты. Висент у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, цӕуы йыл 21 азы. Уый бирӕ рӕстӕг рахицӕн кӕны, цӕмӕй адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кӕна. Висент дзуры: «„Ног дунейы тӕлмац“ суахилийыл куы райстам, уӕд мӕ цинӕн кӕрон нал уыди. Тынг хуымӕтӕг ӕвзагӕй фыст у, стӕй дзы Йегъовӕйы ном фӕстӕмӕ ныффыстой, иннӕтӕ йӕ кӕцӕй айстой, уыцы рӕтты». Фридӕ та у ӕртӕ сывӕллоны мад. Уый загъта, ацы тӕлмацы фӕрцы йын ӕнцондӕр кӕй у, Библи цы дзуры, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕнын.

Хуыцауы Ныхас суахилимӕ тӕлмац кӕнын куы райдыдтой, уӕдӕй рацыди 150 азӕй фылдӕр. Йесо Чырысти загъта, «ӕз дӕ ном раргом кодтон», зӕгъгӕ (Иоанны 17:6). Абон Централон ӕмӕ Скӕсӕн Африкӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй 76 000 адӕймагӕй фылдӕр дзуры суахилийыл. Ӕмӕ уыцы Ӕвдисӕнтӕ тынг цин кӕнынц, «Ног дунейы тӕлмац»-ы фӕрцы уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у Йегъовӕйы ном иннӕтӕн ӕргом кӕнын.

^ 3 абз. Ацы бӕстӕты дзурынц суахилийы алыхуызон диалекттыл.