Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Ромӕгтӕ-иу бар радтаиккой, хъӕдыл-иу кӕй байтыгътой, ахӕм адӕймаджы ӕгъдауыл бавӕрынӕн?

БИРӔТӔ йӕ зонынц, Йесойы хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд ма йемӕ дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр кӕй байтыгътой – иуы йӕ рахиз фарс, иннӕйы йӕ галиу фарс (Матф. 27:35–38). Фӕлӕ чидӕртӕ дзырддаг кӕнынц, уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы мард ӕгъдауыл бавӕрынмӕ кӕй бацӕттӕ кодтой ӕмӕ йӕ зӕппадзы кӕй бавӕрдтой, уый (Мар. 15:42–46).

Евангелиты цы фыст ис, уымӕ фаутӕ чи хӕссы, уыцы ахуыргӕндтӕй иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы хабар дызӕрдыггаг у. Уымӕн, дам, гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй ромӕгтӕ бар радтаиккой, хъӕдыл кӕй байтыгътой, уый ӕгъдауыл бавӕрынӕн. Ахӕм фыдгӕнджытӕн, дам, сӕ хабар ӕндӕрхуызон уыд. Журналист Ариэль Сабар журналы «Смитсониан» бамбарын кодта, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, уый. Уый ныффыста: «Байтындзыны тӕрхон-иу рахастой, адӕмыл дӕр кӕй нӕ нымадтой, уыцы фыдгӕнджытӕн. Ӕмӕ иуӕй-иу иртасджытӕм худӕг кӕсы, ромӕгтӕ ахӕм адӕймаджы ӕгъдауыл бавӕрынӕн бар кӕй радтой, уыцы хъуыды». Ромӕгты-иу фӕндыд ахӕм фыдгӕнджыты ноджы тынгдӕр фегад кӕнын. Ӕмӕ-иу сын сӕ мӕрдтӕ хъӕдтыл ныууагътой хӕдмӕлхор мӕргътӕн. Мардӕй-иу цы баззад, уый та-иу уый фӕстӕ ныппӕрстой иумӕйаг ингӕнмӕ.

Фӕлӕ, археологтӕ цы ссардтой, уымӕй бӕрӕг у, хъӕдыл-иу кӕй байтыгътой, уыдонӕй-иу кӕйдӕрты кӕй бавӕрдтой, куыд ӕмбӕлы, афтӕ. 1968 азы Иерусалиммӕ хӕстӕг иу дзуттаг бинонты зӕппадзы ссардтой, 1 ӕнусы чи цард, иу ахӕм лӕджы стджытӕ. Стджытӕ уыдысты оссуарийы – марды стджытӕ-иу кӕм сӕвӕрдтой, ахӕм асыччы. Уыди дзы зӕвӕты стӕг дӕр. Хуыд уыди фӕйнӕгмӕ, йӕ дӕргъ 11,5 сантиметры кӕмӕн уыд, ахӕм ӕфсӕйнаг зӕгӕлӕй. Ариэль Сабар ма ныффыста: «Кӕй стджытӕ ссардтой, уыцы лӕг хуынди Иехоханан. Йӕ зӕвӕты стӕг кӕрон скодта рагон быцӕуӕн, ӕмӕ, Йесойы мард зӕппадзы кӕй бавӕрдтой, уый дзырддаг нал у. Иехохананы зӕвӕты стӕг у бӕлвырдгӕнӕн, уымӕн гӕнӕн кӕй уыд, цӕмӕй-иу Йесойы рӕстӕджы ромӕгтӕ бар радтаиккой, хъӕдыл кӕй байтыгътой, ахӕм адӕймаджы дзуттаг ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ бавӕрынӕн».

Йесойы хъӕдмӕ куыд ныххуыдтой, уый тыххӕй уыцы зӕвӕты стӕгмӕ гӕсгӕ цы ис базонӕн, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕ уӕддӕр иу хъуыдыйыл хӕст не сты. Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырд у: хъӕдыл-иу кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнджытӕй-иу кӕйдӕрты уый фӕстӕ бавӕрдтой ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, кӕмдӕр-иу сӕ дзыхъхъы нӕ ныппӕрстой, фӕлӕ. Ӕмӕ Библийы афтӕ фыст кӕй ис, Йесойы зӕппадзы бавӕрдтой, зӕгъгӕ, уый дӕр дызӕрдыггаг нӕу. Уымӕн ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ.

Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕ бирӕ раздӕр загъта, Йесойы хъӕздыг лӕджы зӕппадзы кӕй бавӕрдзысты. Йегъовӕ та йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Никӕй бон ӕй у бахъыгдарын (Ис. 53:9; 55:11).