Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Печенитӕ терьертӕн

Печенитӕ терьертӕн

НИК цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты, штат Орегоны. Уый ныффыста: «2014 азы уалдзӕджы мыл иу хабар ӕрцыд. Мӕ дыууӕ гыццыл куыдзы-иу ӕддӕмӕ ракодтон ӕмӕ-иу ацыдтӕн горӕты центрмӕ. Уым-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ арӕх стендтимӕ лӕууыдысты. Уыдысты-иу аив конд ӕмӕ-иу алкӕмӕ дӕр сӕ мидбылты худтысты.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрмӕст адӕммӕ нӕ уыдысты хӕларзӕрдӕ, фӕлӕ ма-иу мын мӕ терьертыл дӕр бацин кодтой. Иухатт сын Элейн, стенды раз чи лӕууыд, уыцы Ӕвдисӕн, печенитӕ радта. Ӕмӕ уый фӕстӕ, куыддӕр-иу сӕ ракодтон, афтӕ-иу стенды ’рдӕм ныййарц сты.

Афтӕ уыд цалдӕр мӕйы дӕргъы. Мӕ терьертӕ-иу печенитӕ хордтой, ӕз та-иу Ӕвдисӕнтимӕ иу гыццыл аныхӕстӕ кодтон. Фӕлӕ мӕ семӕ ӕгӕр лымӕн кӕнын дӕр нӕ фӕндыд. Уӕд мыл цыди 70 азӕй фылдӕр, ӕмӕ, Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй дӕр ницы зыдтон. Бирӕ чырыстон динтӕй фӕфыдӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ хъуыды кодтон, хуыздӕр кӕй уыдзӕн, Библи мӕхӕдӕг куы кӕсон.

Ӕвдисӕнты ма-иу федтон горӕты иннӕ районты дӕр, уымыты дӕр-иу стендтимӕ лӕууыдысты. Ӕмӕ уыдон дӕр уыдысты тынг хӕларзӕрдӕ. Мӕ алы фарстайӕн дӕр мын дзуапп лӕвӕрдтой Библийӕ. Ӕмӕ сыл тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтон.

Иухатт мын Элейн загъта: „Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, цӕрӕгойтӕ Хуыцауы лӕвар кӕй сты“. Ӕз ын загътон: „О, уый афтӕ у“. Уӕд мын Элейн бакаст Исай 11:6–9 стихтӕ. Ӕмӕ мӕ уӕд бафӕндыд, Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй фылдӕр базонын. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд публикацитӕ нӕ фӕндыди кӕсын.

Уый фӕстӕ ма Элейнимӕ ӕмӕ йӕ сӕрыхицау Брентимӕ цалдӕр хатты аныхас кодтон. Бирӕ-иу нӕ ныхас кодтам, фӕлӕ-иу бирӕ цыдӕртӕ базыдтон. Уыдон мын загътой, цӕмӕй бакастаин Евангелитӕ ӕмӕ Хъуыддӕгты чиныг. Афтӕмӕй, дам, базондзынӕ, ӕцӕг чырыстӕттӕ цыхуызӕн хъуамӕ уой. Ӕмӕ ӕз дӕр афтӕ бакодтон. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Брент ӕмӕ Элейн мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Уый уыди 2016 азы, сӕрды.

Алы къуыри дӕр-иу тынг ӕнхъӕлмӕ кастӕн Библийы ахуырмӕ, стӕй ӕмбырдтӕм цӕуын дӕр тынг уарзтон. Алыхуызон фарстаты фӕдыл Библи ӕцӕгӕй цы дзуры, уый-иу кӕй базыдтон, уый мын стыр циндзинад хаста. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уымӕй рацыд афӕдзӕй гыццыл фылдӕр, афтӕ донаргъуыд райстон. Ныр мыл цӕуы 79 азы, ӕмӕ йӕ зонын, раст фӕндагыл кӕй лӕууын. Йегъовӕ мӕ стыр кады аккаг скодта – йӕхимӕ мӕ ӕрбакодта, ӕмӕ ныр ӕз дӕр дӕн йӕ бинонтӕй!»