Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Масореттӕ Фыстадӕй къопитӕ тынг лӕмбынӕг кодтой

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?

Библийы хабар аивын никӕмӕн бантыст

Библийы хабар аивын никӕмӕн бантыст

ТӔССАГ ЫН ЦӔМӔЙ УЫД. Библийыл нӕдӕр рӕстӕг фӕтых, нӕдӕр йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый. Фӕлӕ дзы къопитӕ чи кодта ӕмӕ йӕ чи тӕлмац кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ хъавыдысты, цы хабар дзы уыд фыст, уый аивынмӕ. Цӕйнӕфӕлтау сӕ ахуырӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ сраст кодтаиккой, уый бӕсты-иу архайдтой Библи сӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ фӕивыныл. Ӕркӕсӕм цалдӕр хабармӕ.

  • Кувӕн бынат. Н. э. размӕ 4 ӕнусӕй 2 ӕнусмӕ самариӕгты «Фондз чиныджы» чи фыста, уыдон Рацыды 20:17 стихмӕ бафтыдтой ахӕм ныхӕстӕ: «...Гаризимы хохмӕ. Ӕмӕ уым хъуамӕ саразай нывондхӕссӕн» *.

  • Троицӕ. Библи фыст куы фӕци, уымӕй 300 азӕй гыццыл къаддӕр куы рацыд, уӕд, Троицӕйы ахуырадыл чи ӕууӕндыд, иу ахӕм фыссӕг 1 Иоанны 5:7 стихмӕ бафтыдта ахӕм ныхӕстӕ: «Уӕларвы: Фыд, Дзырд ӕмӕ Сыгъдӕг Уд; ӕмӕ се ’ртӕ дӕр иу сты». Ацы ныхӕстӕ Библийы фыццаг тексты нӕ уыдысты. Библииртасӕг Брюс Мецгер загъта, зӕгъгӕ, дам, уыцы ныхӕстӕ 6 ӕнусӕй фӕстӕмӕ «арӕхӕй-арӕхдӕр ӕмбӕлын райдыдтой зӕронд латинаг тӕлмацы къухфыстыты ӕмӕ [латинаг] Вульгатӕйы».

  • Хуыцауы ном. Библи тӕлмацгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕ тӕлмацтӕй Хуыцауы ном айстой, дзуттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, дам, ӕй дзурӕн нӕй, зӕгъгӕ. Баивтой йӕ дзырдтӕй «Хуыцау» ӕмӕ «Хицау». Фӕлӕ Библи афтӕ ӕрмӕст Сфӕлдисӕджы нӕ хоны, фӕлӕ ма адӕмы дӕр, мӕнгхуыцӕутты дӕр ӕмӕ суанг Хӕйрӕджы дӕр (Иоанны 10:34, 35; 1 Коринфӕгтӕм 8:5, 6; 2 Коринфӕгтӕм 4:4) *.

БИБЛИ КУЫД АИРВӔЗТ. Фыццаг уый, ӕмӕ кӕд Библийӕ къопитӕ чи кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ лӕмбынӕг нӕ уыдысты кӕнӕ ма-иу дзы суанг барӕй дӕр цыдӕртӕ аивтой, уӕддӕр сӕ фылдӕр сӕ куыстыл тынг ӕнувыд уыдысты ӕмӕ йӕ бӕстон кодтой. Масореттӕ Дзуттаг Фыстытӕй къопитӕ кодтой н. э. 6 ӕнусӕй 10 ӕнусмӕ. Хонынц сӕ масоретаг текст. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй-иу масореттӕ дзырдтӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ банымадтой, цӕмӕй дзы иу рӕдыд дӕр ма аирвӕзтаид. Къопи-иу цы текстӕй кодтой, уым-иу сӕ зӕрдӕ кӕм фехсайдта, рӕдыд дзы ис, зӕгъгӕ, уыцы ран-иу фиппаинаг скодтой. Масореттӕ архайдтой, цӕмӕй Библийы тексты мацы фӕивтаиккой. Профессор Моше Гошен Готтштейн ныффыста: «Тексты барӕй исты фӕивын нымадтой ӕппӕты стырдӕр фыдракӕндыл».

Дыккаг та уый, ӕмӕ абон тынг бирӕ рагон къухфыстытӕ кӕй ис, уый фӕрцы библииртасджытӕн сӕ бон у, тексты цы рӕдыдтытӕ ис, уыдон ссарын. Зӕгъӕм, ӕнусты дӕргъы дины разамонджытӕ дзырдтой, сӕ латинаг тӕлмац раст кӕй у. Фӕлӕ 1 Иоанны 5:7 стихы рӕдыд скодтой – ацы статьяйы уӕлдӕр цы ныхӕсты кой кодтам, уыдон ӕм бафтыдтой. Уыцы рӕдыд «бахъуызыд», англисаг ӕвзагыл тынг парахат чи уыди, суанг уыцы тӕлмацмӕ дӕр, «Паддзах Яковы Библи»-мӕ! Фӕлӕ ӕндӕр къухфыстытӕ куы ссардтой, уӕд цы рабӕрӕг? Брюс Мецгер ныффыста: «[1 Иоанны 5:7 стихы] цы скъуыддзаг ис, уый нӕй Библийы ӕппӕты рагондӕр тӕлмацты (сириаг, коптаг, сомихаг, эфиопаг, араббаг ӕмӕ славянаг къухфыстыты), ис ӕрмӕстдӕр латинаг Библийы». Ӕмӕ «Паддзах Яковы Библи»-йыл ногӕй куы бакуыстой, уӕд уыцы рӕдыд уым дӕр ӕмӕ иннӕ Библиты дӕр сраст кодтой.

Честер Биттийы папирус (P46), Библийы къухфыст, фыст ӕрцыд н. э. 200 азмӕ ’ввахс.

Библийы хабар кӕй нӕ фӕивта, уый цымӕ рагон къухфыстытӕ бӕлвырд кӕнынц? 1947 азы Мард денджызы тыхтӕттӕ куы ссардтой, уӕд ахуыргӕндтӕн сӕ бон сси дзуттаг масоретаг текст уыцы тыхтӕтты текстимӕ абарын. Уыдон фыст ӕрцыдысты масоретаг текстӕй мин азӕй фылдӕры размӕ. Мард денджызы тыхтӕттыл чи бакуыста, уыцы ахуыргӕндтӕй иу загъта, зӕгъгӕ, дам, ӕрмӕст иу тыхтон дӕр фаг бӕлвырдгӕнӕн у, «дзуттаг писыртӕ мин азӕй фылдӕр Библийӕ къопитӕ тынг лӕмбынӕг кӕй кодтой ӕмӕ тексты ӕппындӕр кӕй ницы фӕивта, уымӕн».

Честер Биттийы Библиотекӕйы Дублины (Ирланди) ис ахӕм папирусты коллекци, ӕмӕ дзы Чырыстон Грекъаг Фыстыты чингуытӕ, зӕгъӕн ис, иууылдӕр сты. Къухфыстытӕй кӕцыдӕртӕ фыст ӕрцыдысты н. э. 2 ӕнусы – Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр фыст куы фӕци, уымӕй 100 азы бӕрц йеддӕмӕ куы нӕма рацыди, уӕд. Иу дзырдуат куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыцы папирустӕй бирӕ ног цыдӕртӕ базонӕн ис ӕвзаджы лыстӕг хабӕртты тыххӕй; фӕлӕ ма уыдонӕй базонӕн ис, Библийы текст, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕппындӕр кӕй нӕ аивта, кӕд дзы ӕнусты дӕргъы къопитӕ фӕкодтой, уӕддӕр (The Anchor Bible Dictionary).

«Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, раджы заманты цы ныффыстой, уыдонӕй нӕм ӕнӕ ивындзинӕдтӕй ӕрмӕст Библи кӕй ӕрхӕццӕ»

УЫЙ ХОРЗӔЙ ЦЫ ’РХАСТА. Библийӕн бирӕ рагон къухфыстытӕ кӕй ссардтой, уый фӕрцы йӕ текст бӕлвырддӕр цы фӕци, уый йеддӕмӕ дзы ивгӕ ницы фӕкодта. Чырыстон Грекъаг Фыстыты тыххӕй Фредерик Кеньон ныффыста: «Ӕндӕр никӕцы рагон чиныгӕй ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ йӕ текст раст кӕй у, уымӕн уыйбӕрц бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Стӕй, хабӕрттӕ, ӕцӕг куыд сты, афтӕ чи фӕдзуры, уыцы ахуыргӕндтӕ дӕр сразы уыдзысты, Библийы текст нӕ рӕстӕгмӕ кӕй ӕрхӕццӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзы ӕппындӕр ницы фӕивта, афтӕмӕй». Дзуттаг Фыстыты тыххӕй та Уильям Хенри Грин загъта: «Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, раджы заманты цы ныффыстой, уыдонӕй нӕм ӕнӕ ивындзинӕдтӕй ӕрмӕст Библи кӕй ӕрхӕццӕ».

^ 4 абз. Самариӕгты «Фондз чиныджы» уыдысты Библийы фыццаг фондз чиныджы, сӕхӕдӕг дзы кӕй скодтой, уыцы ивындзинӕдтимӕ.

^ 6 абз. Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс брошюрӕ «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 1–13 фӕрстӕ.