Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Лефевр д’Этапль. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй хуымӕтӕг адӕм Хуыцауы Ныхас зыдтаиккой

Лефевр д’Этапль. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй хуымӕтӕг адӕм Хуыцауы Ныхас зыдтаиккой

1520 азы райдианы иу хуыцаубон райсомӕй Парижмӕ ’ввахс гыццыл горӕт Мойы цӕрджытӕ аргъуаны цы хъуыстой, уый сӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта. Евангелитӕ сын латинаг ӕвзагыл нӕ кастысты, фӕлӕ сӕхи мадӕлон ӕвзагыл – французаг ӕвзагыл!

Чи сӕ ратӕлмац кодта, уыцы нӕлгоймаг, Жак Лефевр д’Этапль (латинагау Якоб Фабер Стапуленсис), фӕстӕдӕр йе ’мбалмӕ ныффыста: «Иуӕй-иу рӕтты хуымӕтӕг [адӕмы] зонд Хуыцау йӕ Ныхасмӕ куыд аздӕхта ӕмӕ йӕ сӕ зӕрдӕмӕ куыд тынг айстой, уый дӕхӕдӕг куы нӕ фенай, уӕд дӕ уырнгӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн».

Уыцы рӕстӕг Парижы католикон аргъуан ӕмӕ диниртасджыты нӕ фӕндыд, цӕмӕй, адӕм кӕуыл дзырдтой, уыцы ӕвзӕгтӕм тӕлмац Библитӕй пайда кодтаиккой. Уӕдӕ Лефевры цӕмӕн бафӕндыд Библи французаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнын? Ӕмӕ цы сарӕзта, цӕмӕй хуымӕтӕг адӕмӕн Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн баххуыс кодтаид?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХЪУЫДЫ БАМБАРЫНЫЛ АРХАЙДТА

Цалынмӕ Лефевр Библи тӕлмац кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ йӕ тыхтӕ сарӕзта рагон философийы ӕмӕ теологийы чингуытӕй кӕцыдӕртӕн сӕ хъуыдытӕ ногӕй сбӕлвырд кӕнынмӕ. Лефевр бафиппайдта, райдианы дзы цы хъуыдытӕ уыди, уыдон ӕнусты дӕргъы тынг кӕй аивтой, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ кӕм раст нӕ ратӕлмац кодтой, кӕм та-иу дзы рӕдыдтытӕ скодтой. Уыцы куыстмӕ куы бавнӕлдта, уӕд лӕмбынӕг иртасын райдыдта, католикон аргъуан кӕмӕй пайда кодта, уыцы Библи – латинаг Вульгатӕ.

Хуыцауы Ныхас зӕрдиагӕй кӕй ахуыр кодта, уый тыххӕй Лефевр ӕрцыд ахӕм хъуыдымӕ: «Адӕймаг ӕцӕг амондджын вӕййы ӕрмӕстдӕр Хуыцауы рӕстдзинад ахуыр кӕнгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ философийы чингуытӕ иртасыны бӕсты йӕ хъарутӕ сарӕзта Библи тӕлмац кӕнынмӕ.

Псаломтӕн * латинаг ӕвзагыл цы фондз тӕлмацы уыд, уыдон Лефевр кӕрӕдзиимӕ абарста ӕмӕ, цы хатдзӕгтӕ скодта, уыдон 1509 азы мыхуыры рауагъта, йӕхӕдӕг Вульгатӕйы цы ивындзинӕдтӕ скодта, уыдонимӕ. Уыцы заманты диниртасджытӕй уӕлдай Лефевр зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй йӕ тӕлмац хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн уыдаид. Хуыцауы Ныхас куыд тӕлмац кодта, уый тынг фӕзынд иннӕ библииртасджытыл ӕмӕ реформатортыл дӕр. (Кӕс рамкӕ « Лефевр Мартин Лютерыл куыд бандӕвта».)

Хуыцауы кады нӕмттӕ кӕм фыст сты, уыцы таблицӕ «Фондз Псаломты чиныджы», мыхуыры рацыд 1513 азы

Лефевр уыд католик. Уый афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Хуыцауы Ныхас хуымӕтӕг адӕмӕн раст куы нӕ амоной, уӕд сӕ аргъуаны никуы ницы фӕивдзӕн. Фӕлӕ хуымӕтӕг адӕмӕн Хуыцауы Ныхас цы пайда хъуамӕ ӕрхастаид, кӕд ӕмӕ арӕхдӕр латинаг ӕвзагыл уыди?

АЛКӔЙ БОН ДӔР КӔСЫН КӔЙ УЫД, УЫЦЫ ТӔЛМАЦ

Евангелитӕм разныхасӕй бӕрӕг у, Лефевры тынг кӕй фӕндыд, цӕмӕй алчидӕр Библи йӕ мадӕлон ӕвзагыл кастаид

Лефевр Хуыцауы Ныхас тынг кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ фылдӕр адӕмӕн сӕ бон кӕсын уыдаид. Уый тыххӕй 1523 азы июны Евангелитӕ французаг ӕвзагыл мыхуыры рауагъта дзыппыхӕсгӕ форматы дыууӕ томӕй. Гыццыл кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ стыр Библийӕ дыууӕ хатты асламдӕр уыдысты, ӕмӕ сӕ уый фӕрцы мӕгуыр адӕмӕн дӕр сӕ бон уыд балхӕнын.

Уыцы тӕлмац хуымӕтӕг адӕмы зӕрдӕмӕ тынг кӕй фӕцыд, уый бамбарынӕн бирӕ рӕстӕг нӕ бахъуыд. Нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр Йесойы ныхӕстӕ сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ фыццаг цы 1 200 экземпляры ныммыхуыр кодтой, уыдон цалдӕр мӕймӕ ауӕй сты.

БИБЛИЙЫ СӔРЫЛ ФИДАРӔЙ ДЗЫРДТА

Евангелитӕм разныхасы Лефевр ныффыста, французаг ӕвзагмӕ сӕ уый тыххӕй кӕй ратӕлмац кодта, цӕмӕй, аргъуанмӕ цы «хуымӕтӕг адӕм» цӕуы, уыдон дӕр сӕ ӕмбарой, латинагау сӕ чи кӕсы, уыдон сӕ куыд ӕмбарынц, афтӕ. Фӕлӕ цымӕ Лефевры афтӕ тынг цӕмӕн фӕндыд хуымӕтӕг адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй, Библийы цы фыст ис, уый базыдтаиккой?

Лефевр хорз зыдта, адӕмы ӕрымысгӕ ахуырӕдтӕ ӕмӕ философи католикон аргъуаныл ӕвзӕрырдӕм кӕй фӕзындысты (Марчы 7:7; Колоссӕгтӕм 2:8). Ӕмӕ йӕ уырныдта, рӕстӕг кӕй ӕрцыд, цӕмӕй Евангелитӕ «сыгъдӕгӕй хъуыстгонд цӕуой ӕгас дунейы дӕр, ӕмӕ кӕйдӕр ӕрымысгӕ ахуырӕдтӕ адӕмы зонд мауал зыгъуыммӕ кӕной».

Лефевр ма архайдта, Библи французаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕныны ныхмӕ чи уыд, уыдон раст кӕй нӕ уыдысты, уый ӕргом кӕныныл дӕр. Сӕ ныхӕстӕ сӕ хъуыддӕгтӕй кӕй хицӕн кодтой, уый афтӕ бамбарын кодта: «[Адӕмы] Йесо Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын куыд сахуыр кӕндзысты, кӕд ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй хуымӕтӕг адӕм Хуыцауы хорз хабар сӕхи мадӕлон ӕвзагыл уыной ӕмӕ йӕ кӕсой?» (Ромӕгтӕм 10:14).

Уӕдӕ диссаг нӕу, Парижы университеты, Сорбоннӕйы, диниртасджытӕ Лефевры ныхъхъус кӕныныл кӕй архайдтой. 1523 азы августы уыдон фидарӕй загътой, зӕгъгӕ, дам, Библийӕн французаг ӕвзагыл цы тӕлмацтӕ ӕмӕ йӕм цы комментаритӕ ис, уыдон «аргъуанӕн зиан хӕссынц». Ӕмӕ Францийы паддзах Франциск Фыццаг йӕ сӕрыл куы нӕ сдзырдтаид, уӕд ӕй аргъуаны знагыл банымадтаиккой.

ЧИ «НЫХЪХЪУС», УЫЦЫ ТӔЛМАЦГӔНӔГ ЙӔ КУЫСТ ФӔЦИ

Кӕд Лефевры ныхмӕ бирӕ дзырдтой ӕмӕ йӕ бакъуылымпы кӕнынмӕ хъавыдысты, уӕддӕр ӕй уый нӕ баурӕдта. 1524 азы Грекъаг Фыстытӕ (хонынц сӕ «Ног Фӕдзӕхст») куы ратӕлмац кодта, уӕд Псаломты чиныг французаг ӕвзагыл мыхуыры рауагъта, цӕмӕй уырнӕг адӕм Хуыцаумӕ куывтаиккой «ноджы иузӕрдиондӕрӕй ӕмӕ зӕрдиагдӕрӕй».

Сорбоннӕйы диниртасджытӕ уайтагъд Лефевры куыст лӕмбынӕг иртасын райдыдтой. Ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр бардзырд радтой, цӕмӕй, кӕй ратӕлмац кодта, уыцы Грекъаг Фыстытӕ адӕмы раз басыгътаиккой, стӕй ма йын йӕ иннӕ куыстытӕй дӕр кӕцыдӕртӕй загътой, зӕгъгӕ, уыдон «аргъуаны знаг Лютерӕн зӕрдӕлхӕнӕнтӕ» сты. Диниртасджытӕ йӕм куы фӕдзырдтой, раст кӕй дӕ, уый нын бамбарын кӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕр Лефевр «ныхъхъус» ӕмӕ Страсбургмӕ алыгъд. Уым дарддӕр Библи сусӕгӕй тӕлмац кодта. Ӕмӕ йӕ кӕд иуӕй-иутӕ тӕппуд рахуыдтой, уӕддӕр Лефевр ӕмбӕрста, ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй кӕй ратдзӕн дзуапп, Библийы «налхъуытӕн», ома рӕстдзинадӕн, чи нӕ аргъ кӕны, уыдонӕн (Матфейы 7:6).

Лефевр куы алыгъд, уымӕй афӕдзы бӕрц куы рацыд, уӕд ӕй паддзах Франциск Фыццаг йӕ цыппараздзыд лӕппу Карлӕн ахуыргӕнӕгӕй сӕвӕрдта. Уым ын бирӕ рӕстӕг уыд йӕ куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн. Библи ӕнӕхъӕнӕй куы ратӕлмац кодта, уӕд ын Карл Фӕндзӕм бар радта, цӕмӕй йӕ ныммыхуыр кодтаид. Ӕмӕ 1530 азы Лефевры тӕлмац мыхуыры рацыд, ӕрмӕст Францийы нӕ, фӕлӕ Антверпены (Бельги) *.

СТЫР НЫФС, ФӔСТАГ МӔТ

Цӕрӕнбонты Лефевры ныфс уыди, аргъуан адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ кӕй ныууадздзӕн ӕмӕ кӕй раздӕхдзӕн Хуыцауы Ныхасы сыгъдӕг зонындзинӕдтӕм. Фидарӕй йӕ уырныдта, «алы чырыстонӕн дӕр бар кӕй ис, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, йӕ хӕс кӕй у, цӕмӕй Библи кӕса ӕмӕ йӕ ахуыр кӕна». Зӕрдиагӕй дӕр уый тыххӕй архайдта, цӕмӕй алкӕй бон дӕр уыдаид Библи йӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын. Кӕд Лефевры тынг фӕндыд, цӕмӕй аргъуаны ивындзинӕдтӕ йӕхи цӕстӕй федтаид, уӕддӕр йӕ бӕллиц нӕ сӕххӕст. Фӕлӕ стыр хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый дызӕрдыггаг нӕу: хуымӕтӕг адӕмӕн баххуыс кодта Хуыцауы Ныхас базонынӕн.

^ 8 абз. «Фондз Псаломты чиныджы» уыди фондз алыхуызон тӕлмацы ӕмӕ сӕ алкӕцы дӕр фыст уыди хицӕн калонкӕйы. Уыцы чиныджы ма уыди, Хуыцауы кады нӕмттӕ кӕм фыст уыдысты, ахӕм таблицӕ. Уыдонӕй иу уыд тетраграмматон – Хуыцауы ном цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ фыстӕй.

^ 21 абз. Фондз азы фӕстӕ, 1535 азы, французаг тӕлмацгӕнӕг Оливетан мыхуыры рауагъта, йӕхӕдӕг кӕй ратӕлмац кодта, уыцы Библи. Тӕлмац ӕй кодта, фыццаг цы ӕвзӕгтыл фыст ӕрцыд, уыдонӕй. Грекъаг Фыстытӕ куы тӕлмац кодта, уӕд арӕх пайда кодта Лефевры тӕлмацӕй.