Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

BalanceFormcreative/iStock via Getty Images Plus

Иннӕтӕн куы ’ххуыс кӕнай, уӕд дӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзынӕ. Библийы цы фыст ис?

Иннӕтӕн куы ’ххуыс кӕнай, уӕд дӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзынӕ. Библийы цы фыст ис?

 Ӕгас дунейы дӕр бирӕтӕ сӕхимӕ иунӕг кӕсынц ӕмӕ хъуыды кӕнынц, сӕхицӕн ӕмбӕлттӕ кӕй никуы ссардзысты. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг иннӕтӕн куы ’ххуыс кӕна, уӕд йӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзӕн.

  •   «Ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд ӕй ӕмбардзыстӕм, дзӕгъӕлы кӕй нӕ цӕрӕм ӕмӕ нӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзыстӕм» (Америкӕйы Иугонд Штатты Ӕнӕниздзинады национ институт).

 Иннӕтӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, уый фӕдыл Библийы ис хорз уынаффӕтӕ. Уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзыстӕм.

Дӕ бон цы у аразын?

 Рӕдау у. Архай, цӕмӕй дӕ рӕстӕг иннӕтимӕ ӕрвитай. Хуыздӕр уаид, цӕмӕй-иу семӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕлай. Цы дӕм ис, уымӕй-иу сын фӕхай кӕн. Уӕд дӕ бузныг уыдзысты, ӕмӕ дӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ссардзынӕ.

  •   Библийы уагӕвӕрд: «Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты» (Лукайы 6:38).

 Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн. Зын уавӕры чи ис, уыдонӕн ӕххуыс кӕн. Лӕмбынӕг-иу сӕм куы байхъусай кӕнӕ-иу сӕ бӕсты исты куы саразай, уӕд уый дӕр ӕххуыс у.

  •   Библийы уагӕвӕрд: «Ӕцӕг ӕмбал... у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

 Иннӕтимӕ дын хӕларӕй цӕрынӕн цы баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базондзынӕ статьяйӕ «Семейные узы и дружба».