Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

CreativeDesignArt/DigitalVision Vectors via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Искуы расизмӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн? Библийы цы фыст ис?

Искуы расизмӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн? Библийы цы фыст ис?

 Бирӕты фӕнды, цӕмӕй адӕмтӕ иууылдӕр кӕрӕдзимӕ хорз цӕстӕй кӕсой. Фӕлӕ уый искуы уыдзӕн, уый сӕ нӕ уырны.

  •   «Расизм стыр зиан хӕссы организацитӕн, социалон къордтӕн ӕмӕ ӕнӕуи адӕмы цардӕн. Расизмы аххосӕй адӕм кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кӕсынц» (Иугонд Нациты Организацийы генералон секретарь Антониу Гутерриш).

 Цымӕ искуы расизмӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн? Библийы цы фыст ис?

Хуыцау алыхуызон адӕмыхӕттытӕм цы цӕстӕй кӕсы?

 Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау алыхуызон адӕмыхӕттытӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый.

  •   «[Хуыцау] иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмты ӕгас зӕххыл цӕрынӕн» (Хъуыддӕгтӕ 17:26).

  •   «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).

 Библийӕ базонӕн ис, адӕм иууылдӕр иу бинонтӕ кӕй сты ӕмӕ Хуыцау алкӕйдӕр кӕй уарзы, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр.

Расизмӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн?

 Расизмӕн кӕрон скӕндзӕн Хуыцауы Паддзахад, уӕларвон хицауад. Уыцы хицауад адӕмы ахуыр кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсой. Уӕд адӕм кӕрӕдзи нал хъулон кӕндзысты, алыхуызон кӕй сты, уый тыххӕй.

  •   «Уӕд зӕххы цӕрджытӕ сахуыр уыдзысты рӕстдзинадыл» (Исай 26:9).

  •   «Ӕцӕг рӕстдзинадӕн йӕ фыдӕбон уыдзӕн фарн, ӕцӕг рӕстдзинад ӕрхӕсдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдас цард ӕнустӕм дӕр» (Исай 32:17).

 Абон Библийы фӕрцы милуантӕ ахуыр кӕнынц иннӕты нымайын ӕмӕ сын аргъ кӕнын.