Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Татуировкӕты тыххӕй Библи цы дзуры?

Татуировкӕты тыххӕй Библи цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

 Библийы татуировкӕты кой ис ӕрмӕстдӕр иу ран, Левиты чиныджы 19 сӕры 28 стихы: «Уӕхиуыл нывтӕ [кӕнӕ «татуировкӕтӕ», фиппаинаг] ма кӕнут». Хуыцау ацы фӕдзӕхст израилӕгтӕн радта, цӕмӕй сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕй хицӕн кодтаиккой. Уыцы адӕмтӕ-иу сӕхицӕн татуировкӕтӕ скодтой – сӕ буарыл-иу сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ ныффыстой кӕнӕ-иу сын сӕ нысӕнттӕ сныв кодтой (Дыккаг закъон 14:2). Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уый кӕд абон чырыстӕтты ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр, цы уагӕвӕрдтыл арӕзт уыд, уыдоныл хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын.

Чырыстӕттӕн татуировкӕтӕ кӕнӕ «боди-арт» кӕнӕн ис?

 Ацы фарстайыл ахъуыды кӕнынӕн дын баххуыс кӕндзысты, дӕлдӕр Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдон:

  •   Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй сылгоймӕгтӕ сӕхи хъуамӕ афтӕ рӕсугъд кӕной, цӕмӕй «бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм... кӕй сты» (1 Тимофеймӕ 2:9). Ацы ныхӕстӕ хауынц сылгоймӕгтӕм дӕр ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕм дӕр. Хъуамӕ иннӕтыл дӕр хъуыды кӕнӕм ӕмӕ адӕмы ӕргом нӕхимӕ ӕнӕхъуаджы ма здахӕм.

  •   Чидӕртӕ татуировкӕтӕ уый тыххӕй скӕнынц, цӕмӕй иннӕтӕй хицӕн кӕной йе та цӕмӕй равдисой, сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицау кӕй сты. Чидӕртӕ та афтӕмӕй равдисынмӕ фӕхъавынц, сӕ буарыл сӕ бар кӕй цӕуы. Фӕлӕ Библи чырыстӕттӕн дзуры: «Уӕ буӕрттӕ раттут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн – лӕггад ын кӕнут, арф хъуыды кӕнут, афтӕмӕй» (Ромӕгтӕм 12:1). Татуировкӕ скӕнын дӕ цӕмӕн фӕнды, ууыл «арф ахъуыды кӕн». Кӕд дӕ уый тыххӕй фӕнды, ӕмӕ уый ныртӕккӕ модӕйы ис кӕнӕ цавӕрдӕр къордмӕ кӕй хауыс, уый дӕ фӕнды равдисын, уӕд дӕ рох ма уӕд: чи зоны дӕм фӕстӕдӕр уыдӕттӕ нымады дӕр мауал уой, фӕлӕ дӕ татуировкӕ та баззайа. Уӕдӕ дӕ татуировкӕ скӕнын цӕмӕн фӕнды, ууыл дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн раст уынаффӕ рахӕссын (Ӕмбисӕндтӕ 4:7).

  •   «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда, тагъд чи кӕны, уымӕн та йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 21:5). Татуировкӕтӕ арӕх скӕнынц, дзӕбӕх нӕ ахъуыды кӕнынц, афтӕмӕй, фӕлӕ адӕймагӕн уый зиан йеддӕмӕ ницы ӕрхӕссы. Стӕй татуировкӕ сыхалын тынг зынаргъ у ӕмӕ рисгӕ дӕр фӕкӕны. Иртасджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, стӕй, татуировкӕты сыхалыны куыст чи кӕны, уыдоны ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕтӕ фӕстӕдӕр фӕфӕсмон кӕнынц, сӕхицӕн татуировкӕтӕ кӕй скодтой, ууыл.